Хуыздæр студенттæн — сæрмагонд стипендитæ

0
271

Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникумы уæрæх пайда кæнынц фæсивæды ахуырмæ æмхицдæр кæныны уæлæмхасæн мадзæлттæй. Афтæ, ацы бонты сбæрæг сты, ног ахуыры азы дæргъы сæрмагонд стипендитæ чи исдзæн, уыцы студентты нæмттæ.

Уыцы фæсивæды номхыгъд сæ иумæйаг уынаффæйæ сфидар кодтой техникумы разамынд æмæ студентты совет. Уыдон се ‘мбырды бахыгътой ахуырдзауты сæрмагонд ерыс «Азы хуыздæр студент»-ы бæрæггæнæнтæ æмæ фехъусын кодтой хуыздæрты нæмттæ.

Зæгъæм, хæстон-интернационалист, «Сырх Тырыса»-йы ордены кавалер Калоты Георгийы (зындгонд куыд у, афтæмæй техникум дæр хæссы Калойы-фырты ном) номыл стипенди ног ахуыры азы дæргъы исдзæн Бедойты Аслан (уый ахуыр кæны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады инженерон системæты цалцæггæнæджы дæсныйадыл).

 

 

 

 

 

 

«Лæгдзинад»-ы ордены кавалер Лолаты Æхсары номыл стипенди саккаг кодтой Хуыгаты Хетæгæн (уымæн йæ фидæны дæсныйад уыдзæн хæдтулгæтæ цалцæггæнæг).

«Сырх Стъалы»-йы ордены кавалер Темырты Хъазыбеджы номыл стипенди та исдзæн Аннæ Серкова (уый та ахуыр кæны хилдасæджы дæсныйадыл).

Стипендитæ снысан кæныны фæдыл уынаффæйы куыд загъд ис, афтæмæй ацы фæсивæд хорз ахуырæй уæлдай, зæрдиагæй архайынц техникумы æхсæнадон царды, сæ къухы æфты бирæ æндæр æнтыстдзинæдтæ дæр.

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here