«Алани Дзæуджыхъæу» хъаздзæн йæхи фæзыл

0
246

Футболон клуб «Алани Дзæуджыхъæу» йæ радон ног сезоны хъæзтытæ кæндзæн республикон стадион «Спартачы».

Уый тыххæй фехъусын кодта телерадиокомпани «Алани».

«Зындгонд куыд у, афтæмæй, ныридæгæн райдыдта стадион «Спартачы» рацарæзт. Ныртæккæ аразджытæ бавнæлдтой «цæгатаг» æмæ «хуссайраг» трибунæтæ халынмæ. Уыцы куыстыты рæстæг футболон фæзмæ æвнæлд не ‘рцæудзæн. Уый фадат ратдзæн, цæмæй ног сезоны фыццаг хъæзтытæ «Алани Дзæуджыхъæу» акæна йæ фæзыл», — журналисттæн радзырдта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин.

Министрады бæрнон кусæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы бонты Дзæуджыхъæумæ ссыдысты, Сочийы стадион «Фишт»-ы рухсгæнæн системæтæ чи арæзта, уыцы фирмæйы специалисттæ.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here