Промышленнон куыстад

0
520

Ацы азы фыццаг кварталы къахгæ æрдзон хæзнаты амалкæнынады æппæт кусæндæтты уагъд, æвгæд товарты, стæй æххæстгонд куыстыты æмæ лæггæдты бæрц рауад 116,0 милуан сомы (архайæг æргътæй нымайгæйæ), фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ — 84,7%, хомагкусæг куыстады — 3194,1 милуан сомы (95,9%), электрон тыхæй, газ æмæ донытæфæй ифтонггæнæг, стæй уæлдæф кондиционерæй уадзыны куыстады — 2945,0 милуан сомы (144,1%), донæй ифтонгады, донуадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæнынæн æмæ сæ æфснайынæн фадæтты арæзтады, стæй чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайды куыстады та — 333,4 милуан сомы (103,5%).

Ацы азы фыццаг кварталы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, æппæт кусæндæттæ нымайгæйæ, промышленнон куыстады индекс рауад 105,3%.

Доломит æмæ чъырдуры куыстады бæрц кæй фæкъаддæр, уый нымайгæйæ, ацы азы фыццаг кварталы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, къахгæ æрдзон хæзнаты куыстады индекс рауад 72,2%.

Ацы азы æртæ мæймæ, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, маргъы дзидза 2,8%, къалбасы 77,4 %, фыдызгъæлæй  конд хойраг 47,2%, æхсыр 3,7%, цыхт 2,7 хатты, туаг æхсырæй конд хойраг 22,9%, спъирт 14%, водкæ 19,9%, сырсыргæнаг æмæ шампайнаг сæнтæ 62,1%, уæнгроггæнæг нозт 4,3%, суæрттæ 2,2 хатты, бæгæны 30,3%, пластмассæй арæзт дуæртты блоктæ 8,6%, пластмассæй арæзт рудзгуыты блоктæ 12%, авгæй бæрцуæттæ 8,8%, агуыридур 75%, товарон бетон 1,1%, æфсæнсыфтæ 3%, бандæттæ та 9,8% фылдæр кæй рауагътой, уый нымайгæйæ, хомагкусæг куыстады индекс рауад 111,4%.

Нæлхæ рауагъдæуыд 30,1%, сæлдæг 2,1 хатты, адджинæгтæ 15,5%, рудзынгæмбæрзæнтæ 30,4%, полимерон пленкæтæ 15,1%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ 34,7%, асфальт-бетон 0,2%, æрдæгуадзæн прибортæ 16%, стъолтæ та 15,9% къаддæр.

Электрон тыхæй, газ æмæ донытæфæй ифтонгад; уæлдæф кондиционерæй рауагъд. Ацы азы фыццаг кварталы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад 113,8%. Электрон тых рауагъдæуыд 41,9% фылдæр, тæвды тых та — 4,2% къаддæр.

Донæй ифтонгад; донуагъд, æппарæццæгтæ æмбырд кæнынæн æмæ сæ æфснайынæн фадæтты арæзтад, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайд. Ацы азы фыццаг кварталы, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад 91,6%.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here