Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæныл цы уавæр сæвзæрд, уый фæдыл сæрмагонд хъусынгæнинаг ралæвæрдта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад. Документы куыд загъд ис, афтæмæй министрад сиды дунеон æмæхсæнадмæ, цæмæй сæвзæргæ æндыгъд уавæрмæ се ‘ргом раздахой.
Министрады хъусынгæнинаджы куыд загъд ис, афтæмæй «республикæйы паддзахадон арæнмæ ‘ввахс бынæтты Гуырдзыстон йæ загъдкъахæн архайд дарддæр кæны, уыцы бæстæйы тыхы ведомствæтæ æнæзакъон посттæ æвæрынц паддзахадон арæны тæлмы».
Паддзахадон арæнмæ ‘ввахс бынæтты пъæлицæйы æмæ æндæр тыхы ведомствæты минæвæртты нымæц Гуырдзыстон фылдæрæй-фылдæр, Хуссар Ирыстоны ныхмæ йæ информацион æнæуынондзинад карзæй-карздæр кæй кæнынц, уыцы æууæлтæ æвдисæн сты, Тбилис йæ раздæры фыдвæндтыл йæ къух кæй нæ исы, уымæн. Ахæм архайдæн ма иу æвдисæн у, фæстаг цалдæр азы дæргъы паддзахадон арæнмæ ‘ввахс бынæтты Гуырдзыстон алыхуызон æфсæддон ахуыртæ арæхæй-арæхдæр кæй кæны, уыцы æууæл дæр (уыимæ, уыцы хъуыддаджы бæстæйы разамынд æнцой кæны «НАТО»-йы стандарттыл).
Сагъæсы æфтауы, загъд ис Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ныхасы, сæвзæргæ æууæлты, иуæй-иу европæйаг бæстæтæ Гуырдзыстонæн ныхкъуырд раттыны бæсты, ахæм «куырыхон» политикæйы фарс кæй сты, уый дæр.
«Æппæт уыцы æууæлтæй ирдæй бæрæг у, Хуссар Ирыстоны ныхмæ гæрзифтонг тыхæй макуыуал спайда кæныны тыххæй уагæвæрд бафыссыныл Гуырдзыстон разы цæуылнæ у, уый. Афтæмæй та, Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Женевæйы, раздæры быцæуы тæлмы уавæр банывыл кæныны фарстыты фæдыл кусæг къорды æмбырды ахæм документ сфидар кæныны тыххæй фарст иу æмæ дыууæ хатты нæ сæвæрдтой», — загъд ис Хуссар Ирыстоны æддагполитикон ведомствæйы хъусынгæнинаджы.
(Информацион агентад «Рес»)














