Сабырдзинадтауæджы боны кадæн

0
374

Знон Хуссар Ирыстоны сбæрæг кодтой, гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг быцæуы тæлммæ æмхæццæ сабырдзинадтауæг тыхтæ куы бакодтой, уый 28 азы бон.

Кадджын æмæ номарæн мадзæлттæ райдыдтой «Сабырдзинадтауджыты стелæ»-йæ. Уыцы бынаты æмбырды архайджытæ дидинджытæ æмæ дидинæгбæстытæ сæвæрдтой, Хуссар Ирыстоны сабыр цард хъахъхъæнджытæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ ссардтой. Фæстæдæр акцийы архайджытæ ацыдысты, 2008 азы гуырдзиаг сармадзанты фыццаг цæф кæуыл сæмбæлд, сабырдзинадтауджыты уыцы къазармамæ. Уыцы бынаты дæр сæвæрдтой дидинджытæ.

Мадзæлтты архайдтой республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Парламент æмæ Хицауады уæнгтæ, Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æхсæнады минæвæрттæ, æфсæддон службæгæнджытæ, стæй, йæ рæстæджы сабырдзинадтауæг тыхты чи службæ кодта, уыдон.

Сабырдзинадтауæджы боны кадæн Цхинвалы байгом Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты равдыст, стæй арæзт æрцыд æндæр кадджын æмæ номарæн мадзæлттæ дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 1992 азы 14 июлы гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг быцæуы тæлмы службæйы æрлæууыдысты сабырдзинадтауæг æмхæццæ тыхтæ. Уыдон фæстаг 16 азы дæргъы, 2008 азы 8 августы Гуырдзыстоны радон гæрзифтонг æрбалæбурды боны онг, уыдысты республикæйы адæмы сабыр царды зæрдæдарæн ныфс.

 

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here