Фыццаг фæлварæнты бæрæггæнæнтæ

0
279

Куыд иннæ уæрæсейаг регионты, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр цæуы Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны кампани.

Нæ республикæйы уыцы ахсджиаг æхсæнадон мадзал райдыдта 3 июлы. Уыцы бон республикæйы скъолаты рауагъдонтæ фæлварæн лæвæрдтой литературæйæ, географи æмæ информатикæйæ. Æмæ ныр ивгъуыд къуырийы кæрон РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрад сфидар кодта уыцы фæлварæнты бæрæггæнæнтæ.

Министрады минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй литературæйæ фæлварæн лæвæрдтой 230 адæймаджы. Уыдонæй 201 фæлварæны хæслæвæрдтæ сæххæст кодтой. Географийы фæлварæны архайдтой 75 адæймаджы (уыдонæй фæлварæны хæслæвæрдтæ сæххæст кодтой 41 рауагъдоны). Информатикæйæ фæлварæны та архайдтой 315 адæймаджы (уыдонæй фæлварæны хæслæвæрдтæ сæххæст кодтой 245 рауагъдоны).

Уыимæ, фæлварæны хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæй уæлдай хъуыд æппынкъаддæр баллтæ райсын дæр. Фæлæ уыцы хъуыддаг бынтон зæрдæзæгъгæ нæ рауад. Зæгъæм, географийæ фæлварæн чи лæвæрдта, уыдонæй 27 адæймаджы æппынкъаддæр баллтæ нæ райстой.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, фæлварæнты бæрæггæнæнтæ мыхуыргонд æрцыдысты ахуырадон кусæндæтты сайттæ æмæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæны сæрмагонд порталы.

Скъолаты рауагъдонтæ фæстæдæр цы паддзахадон фæлварæнтæ радтой, уыдоны бæрæггæнæнтæ дæр хæстæгдæр рæстæг фехъусын кæндзысты.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here