Ацы аз æхсæз мæймæ Цæгат Ирыстоны арæзт фыдракæндты æргомкæнынады къæпхæн рауад 79,9 проценты (уыцы бæрæггæнæн Цæгат Кавказы федералон зылды у 66,4 проценты, Уæрæсейы та — 57,2 проценты).
Ивгъуыд азы фыццаг æмбисы куыд уыд, афтæ ацы азы фыццаг æмбисы дæр адæймаджы амарыны, фæсахъат æй кæныны, адæймагмæ балæбурыны, бастигъыны æмæ дзы домыны фыдракæндты æргомкæнынады къæпхæн рауад 100 проценты.
Ацы аз æхсæз мæймæ, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, адæймагмæ балæбурыны цауты æмæ хæцæнгарзæй (уыимæ — æхсæнгарзæй) пайдакæнынадимæ арæзт фыдракæндты нымæц фæкъаддæр. Исбон адавыны æмæ транспортон фæрæзтæ атæрыны цауты нымæц бæлвырд фæкъаддæр. Фарон æхсæз мæймæ куыд уыд, афтæ ацы аз дæр æхсæз мæймæ загъды бындурыл иунæг уæззау фыдракæнд дæр регистрацигонд не ‘рцыд.
Уæззау æмæ уæлдай уæззаудæр фыдракæндтæй раргомчындæуыд 65,7 проценты (Цæгат Кавказы федералон зылды — 51,8 проценты, Уæрæсейы та — 49,0 проценты). Уымæй уæлдай ма ацы аз æхсæз мæймæ æргомгонд фыдракæндты нымæцыл бафтыд 32,4 проценты. Кæрæдзиимæ баст фыдгæнджыты къордтæ кæй сарæзтой, ацы аз æхсæз мæймæ раргом 31 ахæм фыдракæнды. Уыцы къордты 29 уæнгæй бадомдтой уголовон бæрнондзинад.
Фиппаинаг: ацы аз æхсæз мæймæ, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, Цæгат Ирыстоны регистрацигонд фыдракæндты нымæц 29,5 проценты фæкъаддæр (уæззау æмæ уæлдай уæззаудæр фыдракæндты нымæц та 49 проценты фæкъаддæр).
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты
министрады пресс-службæ














