Хистæр фæлтæрыл аудынц

0
351

50 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы адæм Цæгат Ирыстоны астæуккаг профессион ахуыргæнæндæтты бындурыл райсынц ног дæсныйæдтæ. Лæвар ахуырад цæуы национ проект «Демографи»-мæ хауæг федералон проект «Хистæр фæлтæр»-мæ гæсгæ.

Æрæджы стандарттæм гæсгæ æвдисæн фæлварæнтæ ацыдысты Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы, Дзæуджыхъæуы бирæкъабазджын техникум æмæ Елхоты бирæкъабазджын колледжы.

— Нæ хæс у хистæр фæлтæры минæвæрттæн канд ахуырад радтын нæ, фæлæ ма сæ профессион рæзтæн удæнцой уавæртæ саразын дæр. Ахуырад нæм чи ацæуы, уыцы адæмæн ахуырады фæуды фæстæ æртæ мæйы дæргъы сæ дæсныйадмæ гæсгæ вæййы махмæ цыфæнды уынаффæ райсыны бар дæр. Цæмæй сын сæ кæцыфæнды фарстæн дæр дзуапп радтæм, ууыл архайæм. Ахуырады ахадындзинад нымайæм тынг ахсджиаг хъуыддагыл, — зæгъы цæгаткавказаг колледжы директор Моурауты Алан.

Дæсны æндадзджытæ æмæ слесыртæ фæллойы базармæ бафтыдысты (ацы дæсныйæдтæ ахуырдзаутæм сты уæлдай кадджындæр).

Кокойты Фатимæ елхотаг колледжы райста «Рог хæдтулгæты цалцæгкæнынад»-ы дæсныйад.

— Ис мæм ахуыргæнæджы дæсныйад. Ме ‘взонджы бонтæй фæстæмæ ме ‘ргом техникæмæ кæй здæхтон, уымæ гæсгæ мын куыддæр фадат фæци, афтæ хæдтулгæ балхæдтон. Скъæрæджы æвдисæндар та райстон ам, Елхоты колледжы. Хæдтулгæ сцалцæг кæнынæн-иу мæ бахъуыд техникон лæггадкæнынады станцæмæ бахатын (афтæмæй сын сæ куыстæй алы хатт райгонд нæ уыдтæн). Ныр мын проекты фæрцы ис рог хæдтулгæйы арæзтады лыстæг æууæлтæ рахатыны æмæ хъæугæ дæсныйад райсыны фадат. Паддзахад хистæр фæлтæры адæймæгтæн лæвар ног дæсныйæдтæ кæй исын кæны, уый мын æхсызгон у, — зæгъы Фатимæ.

Фæлварæны дунеон домæнтæм гæсгæ зонындзинæдтæ чи равдисы, уыцы ахуырдзау райсы кусæджы кæнæ службæгæнæджы æвдисæндар.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here