Райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ

0
278

Ацы бонты хыгъд æрцыдысты истори æмæ физикæйæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæны бæрæггæнæнтæ (рауагъдонтæ уыцы фæлварæнтæ лæвæрдтой 13 июлы).

Афтæ, историйæ фæлварæн лæвæрдтой 1085 адæймаджы. Уыдонæй 200 рауагъдоны фæлварæны хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ нæ сарæхстысты. Уыимæ, 51 адæймаджы равдыстой хорз зонындзинæдтæ — райстой 81 баллæй фылдæр. Æртæ адæймаджы та равдыстой æппæты бæрзонддæр бæрæггæнæнтæ — райстой фæйнæ 100 баллы. Уыдон сты: Мæздæджы 8-æм скъолайы рауагъдон Гериты Иринæ, Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы рауагъдон Елизаветæ Алексеева æмæ раздæры азты рауагъдон Гугкаты Светланæ.

Фæлварæны фæстæ Гериты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй фæнд кæны йæ ахуыр адарддæр кæнын Мидхъуыддæгты министрады краснодайраг университеты. «Æппæт фæлварæнтæм дæр мæхи бæстон цæттæ кодтон. Фæлæ мын истори уарзондæр предметтæй иу кæй у, уымæ гæсгæ ацы фæлварæнмæ уæлдай зæрдиагдæрæй æнхъæлмæ кастæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ зæрдæ дардтон хорз бæрæггæнæныл æмæ мæ къухы иттæг хорз æнтыстдзинад кæй бафтыд, уымæй разы дæн”, — загъта Иринæ.

Физикæйæ фæлварæны та архайдтой 607 адæймаджы. Уыдонæй 73 рауагъдоны фæлварæны хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ нæ сарæхстысты. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыцы 19 рауагъдонæн сæ баллтæ сты 81 уæлæмæ.

«Кæд æппæт паддзахадон фæлварæнты бæрæггæнæнтæ хыгъд нæма æрцыдысты, уæддæр, иннæ азтимæ абаргæйæ, ныридæгæн фылдæр у, 100 баллы чи райста, уыцы рауагъдонты нымæц. Афтæ, 2019 азы æппæт фæлварæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ 100 баллы райсæг фæсивæды нымæц уыд 16. Ацы аз та ныридæгæн сты 16 адæймаджы. Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды, иттæг хорз бæрæггæнæнтæ чи райста, уыцы фæсивæды ‘хсæн раздæры азты рауагъдонтæ дзæвгар кæй ис, уый дæр. Уыцы æууæлæй фæсивæд æвдисынц, хуыздæрæй-хуыздæрмæ кæй тырнынц, уый», — фæнысан кодта Ахуырад æмæ наукæйы министрады хайады хицау Бæтаты Фатимæ.

 

ГÆЛÆУТЫ Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here