Тыхджын дымгæ æмæ къæвда…

0
281

Къуырисæры изæрæй Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы иуæй-иу районты тыхджын дымгæ æмæ къæвдайы аххосæй хъыгдард баййæфтой электрон тыхдæттæн хæтæлтæ. Уыцы æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл знон боны дæргъы куыстой акционерон æхсæнад «Цæгкавказэнерго»-йы цалцæггæнæг бригæдтæ.

Æрдзы тæссаг фæзындтыты тыххæй хъусынгæнинаг Цæгат Ирыстоны метеорологтæ рагагъоммæ фехъусын кодтой. Уыцы æууæл хынцгæйæ, адæмæй бирæтæ сæ хæдзæрттæ афойнадыл ссардтой. Изæрæй æцæгæйдæр боныхъæд æваст фæивта. Цæгат-хурныгуылæнæй цы сау мигътæ æрбацыдысты, уыдон семæ æрбахастой тыхджын дымгæ æмæ тæрккъæвда…

Æрдзы уыцы тæссаг фæзынды аххосæй иуцасдæр хъыгдард баййæфтой цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр бæстыхæйтты сæртæ, бирæ бынæтты афæлдæхтысты бæлæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм рæстæг фыццаджы-фыццагдæр хъыгдард баййафынц электрон тыхдæттæн хæтæлтæ. Афтæ рауад ацы хатт дæр. Дзæуджыхъæуы иуæй-иу микрорайонтæ æмæ хъæууон цæрæнбынæттæ æнæрухсæй аззадысты.

«Цæгкавказэнерго»-йы диспетчерон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, электрон тыхдæттæн хæтæлтæ хъыгдард баййæфтой Дзæуджыхъæуы, стæй Горæтгæрон, Рахизфарсы, Кировы æмæ Мæздæджы районты. Кæд æхсæв уыд, уæддæр радхæссæг бригæдтæ æвæстиатæй бавнæлдтой хæтæлтæ цалцæггæнæн куыстытæм. Знон та радхæссæг цалцæггæнæг бригадтæм бафтыд ноджы фылдæр кусджытæ. Афтæ, компанийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, райсомæй сæ куыст райдыдтой 16 цалцæггæнæг бригады. Уыдонæн æххуысæн радих кодтой сæрмагонд техникæйы 16 иуæджы.

Цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты суанг изæрмæ…

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here