Бæстæйы санитарон-эпидемиологон уавæр æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагæвæрды цæттæдзинад зымæгмæ

0
284

29 июлы Уæрæсейы Президент Владимир ПУТИН цы уæрæх видеоконференци сарæзта, уым бæстон ныхас рауад бæстæйы санитарон-эпидемиологон уавæрыл, стæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæ фæззæджы-зымæджы рæстæг æнæкъуыхцы куыстмæ цæттæ кæныныл. Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайдта республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав.

Æмбырды райдайæны Владимир Путин куыд фæнысан кодта, афтæмæй бæстæйы эпидемиологон уавæр хуыздæргæнгæ ивы, фæстаг дыууæ мæйы дæргъы зынгæ фæкъаддæр, коронавирусæй чи фæрынчын, уыцы адæмы нымæц, фæлæ, Президенты ныхасмæ гæсгæ, бæрзонд цæттæдзинады фæтк æмæ сæрмагонд санитарон цæстдарды мадзæлттæ аивынæн рæстæг нæма ралæууыд. Карантины мадзæлттæ лæмæгъдæр кæнгæйæ, кæнæ та бынтондæр аивгæйæ, æнцой кæнын хъæуы специалистты амынддзинæдтыл.

— Бафиппайæн ис, иуæй-иу регионты æгæр батагъд кодтой карантины æппæт мадзæлттыл дæр сæ къух сисын. Фæлæ тæссаг у, цæмæй ахæм уавæр рынчынты нымæцыл ногæй æвзæрæрдæм куы фæзына, уымæй. Уыцы æууæл хынцгæйæ, æппæт уынаффæтæ дæр хъуамæ хаст цæуой æрмæстдæр санитарон цæстдарды службæтæ æмæ медицинон кусджыты хатдзæгты бындурыл. Уыимæ, сæвзæргæ уавæрты, æппæт мадзæлттæй дæр архайын хъæуы, цæмæй бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагæвæрд хъомысджындæр кæна, — загъта Владимир Путин.

Президент куыд бафиппайдта, афтæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады службæтæ æмæ хицаудзинады æппæт оргæнтæ дæр æппæт фадæттæй хъуамæ спайда кæной, цæмæй фæззæджы-зымæджы рæстæг вирусон инфекциты тых зынгæ ма сырæза. Уыцы нысанæн та спайда кæнын хъæуы паддзахады æппæт фæрæзтæй дæр.

— Фæззæджы ‘рдæм алыхуызон вирустæ фылдæрæй-фылдæр кæнын райдайынц, сæ ахæсты бахауынмæ адæймаг дæр æмхицдæр вæййы. Æмæ ахæм уавæрты уæлдай ахсджиаг у, цæмæй æппæт æнæнхъæлæджы уавæртæм дæр цæттæ уæм: рынчындæттæ æмæ иннæ медицинон кусæндæттæ хъуамæ ифтонг уой хъæугæ гæрзтæ æмæ хостæй, специалистты профессион цæттæдзинад хъуамæ уа бæрзонд æмвæзадыл æмæ афтæ дарддæр. Æрмæстдæр уæд адæмæн лæвæрд цæудзæн хæрзхъæд медицинон æххуыс, æмæ тыхст адæм уæд разы уыдзысты дохтыртæ æмæ иннæ медицинон кусджыты лæггæдтæй, — фæбæрæг кодта Президент.

 

Æмæ ма иу хатт бахахх кодта, сæвзæргæ уавæрты Уæрæсейы адæмы цард æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаг сæйрагдæр кæй у, уый. «Æмæ хицаудзинады æппæт æмвæзады оргæнтæ дæр сæ куыст хъуамæ аразой, ацы æууæл зæрдылдаргæйæ», — кæронбæттæны загъта Владимир Путин.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here