УФ-йы Президенты Кады грамотæ — Фадзайты Æхсарбегæн

0
353

Владимир ПУТИН цы уынаффæ бафыста,  уымæй РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг ФАДЗАЙТЫ Æхсарбегæн лæвæрд æрцыд УФ-йы Президенты Кады грамотæ.

Уыцы бæрзонд хæрзиуæг цæгатирыстойнаг Хицауады Сæрдары хæдивæгæн лæвæрд æрцыд, телеуынынад æмæ радиойы комплекс нымæцон технологитæм раивыны хъуыддагмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2019 азы июны Цæгат Ирыстоны æнтыстджынæй кæронмæ ахæццæ республикæйы телеуынынады æмæ радиойы системæ нымæцон технологийы фæткмæ раивыны куыст. Уыцы ахадгæ куысты фæрцы республикæйы цæрджытæм хæрзхъæд телеуынынад æмæ радиойы сигнал хæццæ кæны нырыккон 200 станцæйы фæрцы. Уыцы æууæл зынгæ фæхуыздæр кодта телеуынынад æмæ радиойы хызæджы куыст. Афтæ, ныртæккæ нымæцон телеуынынады сигнал аххæссыд республикæйы территорийы 99,7 процентыл.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here