Хӕсты быдырӕй Ирон салам

0
331

Цӕгӕраты Максим ӕмӕ Гиго. Дыууӕ хӕрз ӕфсымӕры, дыууӕ фыссӕджы, дыууӕ хӕстоны. Максим уыд Цӕгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдар, журнал «Мах дуджы» редактор, йӕ прозаикон уацмыстӕ ирон чиныгкӕсӕджы зӕрдӕ агайынц сӕ ирон рӕсугъд ӕвзаг ӕмӕ мидисӕй. Рӕдау ӕмӕ зӕрдиагӕй аудыдта райдайгӕ фысджытыл. Гиго фыста зарджытӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ. Куыста Ирон радио ӕмӕ газет «Рӕстдзинад»-ы хайады сӕргълӕууӕгӕй. Йӕ фыст зарджытыл ын музыкӕ ныффыстой Ирыстоны курдиатджындӕр композитортӕ. Зарыдысты ӕмӕ сӕ зарынц фӕлтӕрдджын ӕмӕ райдайгӕ зарӕггӕнджытӕ.

Цӕгӕраты Максим ӕмӕ Гигойы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ акодтой сӕ райгуырӕн горӕт Алагирӕй. Сӕ хӕстон фӕндӕгтӕ алыхуызон уыдысты, фӕлӕ дзы уӕддӕр иуахӕмы фембӕлдысты. Максим-иу уыцы цау афтӕ радзырдта: «Сырх ӕфсад хӕсты райдайӕны цъысымы бахауд, ӕмӕ фӕстӕмӕ-фӕстӕмӕ цыдыстӕм. Иуахӕмы нӕ танкӕй кӕсын ӕмӕ нӕ фӕрсты цы фистӕг хӕстонтӕ цыд, уыдонӕй иу Гигойы хуызӕнӕй бафиппайдтон. Йӕ цыдӕй! Танк скъӕрӕгӕн загътон, фӕуром ма, зӕгъын. Мӕхӕдӕг танчы сӕрӕй ахъӕр ластон: «Гиго! Гиго нӕ дӕ!?» Гиго мӕм уайтагъд йе ‘ргом фездӕхта. Ӕз ӕм танчы сӕрӕй агӕпп ластон, ӕмӕ ма нӕ цинӕн кӕрон уыд? Дӕхи хъахъхъӕн, зӕгъгӕ, йын ныффӕдзӕхстон».

Гиго уый фӕстӕ горӕт Ростовыл тохы фӕцӕф, госпитӕлы фӕстӕ йӕ, кӕй фӕкъуылых, уый тыххӕй хӕстӕй суӕгъд кодтой, ӕмӕ сыздӕхт йӕ райгуырӕн Алагирмӕ.

Максим хӕцыд Сталинградыл тохты. Стӕй хӕцгӕ бахӕццӕ Прибалтикӕмӕ. Уырдыгӕй Ирон радиомӕ ӕрӕрвыста, дӕлдӕр цы ӕрмӕг мыхуыр кӕнӕм, уый.

Нӕ цытджын Ирыстон! Дӕ урссӕр цъитиджын хӕхтӕ, дӕ дидинӕгджын фӕзтӕ, цӕстысыгау рӕсугъд хӕххон суадӕттӕ, сӕрибаруарзаг дзыллӕ, дӕ номдзыд хӕдӕфсарм ирон чызджытӕ — ӕппынӕдзух лӕууыдысты нӕ зӕрдыл.

Мӕлӕты къӕсӕрыл дӕр дӕуӕн фӕдзӕхстам нӕ рӕзгӕ удтӕ. Нӕ мӕлӕты сахат дӕр дӕуыл вӕййы нӕ катай.

Мах нӕ удты бӕрц уарзӕм дӕу ӕмӕ дӕ зӕрдӕхудты бацӕуыны бӕсты мӕлӕт адджынӕн райсдзыстӕм. Цотӕй амондджын фӕдӕ, цотӕй амондджын уӕвӕг та ӕппӕтӕй дӕр фӕрнджын, намысджын ӕмӕ амондджын у.

Ӕмӕ-иу хорз ӕмгары ингӕны уӕлхъус зӕрдӕйы хъыгӕй загътам:

— Мӕ фыдгулы хӕдзарӕй ма ӕвзӕры мард рахӕссой…

Дӕ фӕрнджын хӕдзары, дӕ арфӕйаджы ӕхсыры цъырттӕй, дӕ комы-комдзагӕй схъомыл кодтай сагсур фӕсивӕд. Нӕ райсомы амонд, нӕ советон цард аныхъуырынмӕ чи хъавыд, уыцы фашистон лӕгсырдты ныхмӕ ӕнӕфенгӕ тохты йӕ уырыссаг ӕфсымӕрты фарсмӕ ныфсджынӕй чи балӕууыд, гъе, ахӕм фӕсивӕд.

Ныххатыр нын кӕн: нӕ иуӕй-иуты фадат не сси дӕ тыхсты сахат дӕ уӕлхъус балӕууын.

Ӕнцад нӕ бадтыстӕм. Мах хъахъхъӕдтам дӕ сӕрибардзинад зӕронд Идылы был, ӕнустӕм хъӕбатырдзинадӕн хуыздӕр ӕвдисӕнӕн чи баззайдзӕн, уыцы номдзыд Сталинграды, нӕ зӕрдӕ демӕ уыд Мӕскуыйы бынмӕ, Орел, Белгород, Курскы хъӕбатыр тохты, Смоленщинӕйы, Брянскы ӕнӕкӕрон тар хъӕдты, Белорусси ӕмӕ Украинӕйы.

Махӕй рох нӕ кодта, удӕгасӕй нын цы ӕлгъаг фашист аирвӕза, уый дӕ уд исынмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн, ӕмӕ нӕ хъаруйыл никуы бацауӕрстам.

Нӕ кады ном нӕ риуты ӕмбӕрц хастам размӕ. Ирон лӕджы кад уыдис кӕддӕриддӕр немӕ хӕстон фӕндагыл.

Сӕ карды цӕф арвы ӕрцӕфау, сӕ нӕртон бӕхтӕ — уад ӕмдых уаритӕ, сӕ алы фезмӕлд, сӕ алы фездӕхт — карды фелвӕстау, хӕсты быдыры карз тохы сахат — фыранкау мӕстыгӕр, мӕлӕты цӕхӕры йӕ цӕст дӕр чи нӕ фӕныкъулдзӕн, улӕфты рӕстӕг йӕ аив ирон тымбыл кафтӕй, йӕ хӕстон ӕмбӕлтты чи рог кӕны, тохы быдырӕй ӕрмӕст кадимӕ чи здӕхы — гъе, ахӕм фӕсивӕд арвыстай, Ир, хӕстон фӕндӕгтыл.

Мах иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтам ӕнахъом сывӕллӕтты ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг зӕрӕдты дзыназын. Мах федтам нӕ рӕсугъд горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты ӕртхутӕг. Мах федтам чындздзон чызджыты сӕ дзыккутӕй ауыгъдӕй.

Уыдон уыдысты фашистон лӕгсырдты ӕбуалгъ митӕ.

Ӕмӕ уӕлдай тынгдӕр рыстысты нӕ зӕрдӕтӕ дӕуыл, нӕ Райгуырӕн бӕстӕ! Нӕ зӕрдыл лӕууыдысты нӕ урсрихи, нӕ урссӕр ныййарджытӕ, нӕ зӕрдӕйы цин, нӕ цӕсты рухс чи у, уыцы хъӕбултӕ, нӕ хӕдӕфсарм ирон чызджытӕ, нӕ уарзон хӕхтӕ, нӕ райдзаст быдыртӕ.

…Немыцаг куыйты ӕрдонгӕн сӕ зӕрды уыди сӕ Бэртӕтӕ ӕмӕ Эльзӕты Кавказы сыгъдӕг хӕхтӕм ӕрбаласын. Сӕ зӕрды уыд Кавказы адӕмты сӕ уӕззау цырыхъхъыты бын ныцъцъист кӕнын.

Фӕлӕ сын — мукъу.

Тугуарӕн бонтӕ дардӕй дӕр уадысты нӕ цӕстытыл.

Нӕ хъустыл цыд ирон сылгоймаджы зӕрдӕхалӕн хъарӕг.

Дардӕй дӕр уыдтам нӕ хӕхты, нӕ чысыл ӕфсымӕрты судзгӕ цӕссыгтӕ. Ӕмӕ маст исынмӕ цыдыстӕм ӕлхынцъ ӕрфгуытӕй. Нӕ фыдӕлтӕй нын баззад хорз ӕгъдау: уазӕджы цӕхх ӕмӕ кӕрдзынӕй сбуц кӕнын. Фӕлӕ тыхгӕнӕгӕн уазӕгуат никуы уыдис Ирыстоны!

«Ӕгӕр кӕнӕг ӕгӕр кӕны, фыдлӕг ӕмӕ фыдрӕстӕг та бирӕ нӕ хӕссынц»— баззад нӕ фыдӕлтӕй.

Ӕмӕ ныррызти дуне. Стыр Уырысы хъӕбатыр фырттимӕ сыстадысты Кавказы адӕмтӕ.

Хъару ӕмӕ ныфс равдыстой хӕсты быдыры ирон фӕсивӕд ӕмӕ уымӕй махӕй алкӕмӕн дӕр стыр кад скодтой.

Фӕлӕ нырма тох нӕма фӕци. Дӕ фырттӕ дарддӕр дӕр сурынц не знаджы. Бонӕй-бонмӕ ног кады ном хӕссынц Ирыстонмӕ хӕсты быдырӕй.

Цин кӕн, Бӕтӕхъойыхъӕу, Иссӕйыл!

Цин кӕн, Елхот, Хъазыбег ӕмӕ Хадзымырзӕйыл!

Цин кӕн, Олгинскӕ, Геннадийыл!

Цин кӕнут, ирон хъӕутӕ, уӕ хъӕбатыр фырттыл!

Цин кӕн, нӕ номдзыд Ирыстон, йӕ туджы фӕстаг ӕртахӕй дӕуӕн кады ном чи скодта, уыцы сагсур фӕсивӕдыл!

Нӕ уарзон Ир! Макуы дӕ ферох уӕнт, дӕ райдзаст быдыртыл, дӕ рӕсугъд хӕхтыл чи нӕуал ауайдзӕн, йӕ ныййарджытӕ судзгӕ цӕссыгтӕ кӕуыл фӕкалдтой, йӕ уарзоны сурӕт тугӕрхӕмттӕй йемӕ мӕрдтӕм чи бахаста, йӕ ус, йӕ сывӕллӕтты чи нӕуал фендзӕн, йӕ уды бӕрц дӕ чи уарзта, уыцы рухсаггаг хъӕбултӕ! Нӕ Иры номдзыд чызджытӕ, уӕ зараг фӕндыртӕй ӕрцӕгъдут хъазуаты зарджытӕ! Уӕ хъарм цӕсты сыгӕй ма фӕриссын кӕнут уӕ сырхфарс рустӕ! Йӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл гадзрахатӕй чи рацыдис, йӕ адӕмы чи ауӕй кодта, уый та авд дӕлдзӕхы ныххауӕд!

Хурау ӕрттив, нӕ уарзон Ирыстон! Дӕ кады ном сӕууон уддзӕфау тӕхӕд ӕмӕ хӕсты быдыры дӕ ахъаззаг фыртты зӕрдӕтӕ рог кӕнӕд! Дӕ зӕрдӕ фидар уӕд дӕ фырттыл! Семӕ — сгуыхт Уырысы фырттӕ, нысанӕй, зӕрдӕйӕ иу чи у, уыцы советон адӕмты цӕхӕрцӕст фӕсивӕд. Хъусыс, уӕлахизы зарӕг хӕхтыл, быдыртыл куыд азӕлы, уымӕ? Фидар лӕуу, фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц.

Хур арвы астӕумӕ стулы. Хъӕбулы зӕрдӕбын салӕмттӕ дын.

Прибалтикӕйы 1-аг фронт, ноябр, 1943 аз.

Цӕгӕраты Максим

1944 азы ацы писмо кастысты Дзӕуджыхъӕуы радиойӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here