«Музыкалон сезонтӕ» хонынц аивадуарзджыты

0
425

Фӕззӕг у аивадон изӕртӕ ӕмӕ музыкалон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг.

Октябры ӕмӕ ноябры ныр ӕртыккаг хатт арӕзт ӕрцӕудзӕн фестивал «Цӕгат Кавказы музыкалон сезонтӕ».

Арӕзт цӕуы нӕ бӕстӕйы Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ Культурӕйы ӕппӕтуӕрӕсеон фонды гранты фӕрцы.

Йӕ аивадон разамонӕг — УФ-йы аивӕдты сгуыхт архайӕг, РЦИ-Аланийы Композиторты цӕдисы сӕрдар Магкоты Ацӕмӕз куыд радзырдта, афтӕмӕй ацы мадзал арӕзт ӕрцӕудзӕн Налцыччы. Архайдзӕн дзы УФ-йы Композиторты цӕдисы сӕрдар Рашид Калимулин. Йемӕ ма ссӕудзысты ацы сфӕлдыстадон организацийы минӕвӕрттӕ ӕмӕ ратдзысты стыр симфонион оркестры концерт.

Уымӕй уӕлдай ма концерттӕ дӕтдзысты Цӕцӕны, Стъараполы, Дагестаны, Назраны, Пятигорскы. Зӕлдзысты дзы Цӕгат Кавказы композиторты уацмыстӕ.

Дзӕуджыхъӕуы Национ наукон библиотекӕйы ӕмӕ Гергиты Валерийы номыл аивӕдты колледжы уыдзӕн РЦИ-Аланийы паддзахадон филармонийы адӕмон инструментты оркестр  ӕмӕ Аивӕдты колледжы хъисынфӕндырты ансамблы концерт. Фестивалмӕ чи ӕрбацӕуа, уыдон байхъусдзысты ирон композитортӕ Кокайты Барисы, Хъаныхъуаты Ларисӕйы, Хосроты Тотырбеджы, Магкоты Ацӕмӕзы, Дзлиаты Дзерассӕйы ӕмӕ иннӕ ирон композиторты уацмыстӕ. Дӕсныйадӕвдисӕг ахуыртӕ дзы сараздзысты паддзахадон филармонийы адӕмон инструментты оркестры аивадон разамонӕг ӕмӕ дирижер, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Ходы Олег ӕмӕ зындгонд музыкант, РЦИ-Аланийы адӕмон артист Диамбегты Олег.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here