Зруджы кувӕндон рацараздзысты

0
260

Аланийыл Саргъуыды 1100 азы юбилеймӕ цӕттӕ кӕныны фӕдыл ӕмбырды архайджытӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй рӕхджы аразджытӕ Алагиры районы Зруджы кувӕндоны рацарӕзтмӕ бавналдзысты.

Цалцӕггӕнӕн куыстытӕн радих кодтой 75 милуан сомы. Арӕзтадон кусӕндоны хӕс у доны былтӕ фидаргӕнӕн куыстыты проект скӕнын.

Федералон нысаниуӕджы культурон бынты объекты уагӕвӕрд кӕмӕн ис, уыцы кувӕндон у Уӕрӕсейы рагондӕртӕй иу. Хонынц ма йӕ Хозиты Мады-Майрӕмы кувӕндон дӕр.

Цӕугӕдон Зругдоны былтӕ кӕй хӕлынц, уый аххосӕй кувӕндонӕн дӕр фехӕлынӕй тӕссаг у.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here