Хӕсты размӕ Джызӕлы колхозонтӕ уыдысты хъӕздыг: дардтой хъуццытӕ, фыстӕ. Колхозтӕ сын лӕвӕрдтой сӕ куысты бонтӕн мӕнӕу, картоф, нартхор, суанг ма-иу сын мыд дӕр байуӕрстой. Джызӕлы уыдис ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕ сӕ хор кӕм ныккодтаиккой, уый-иу сын нал уыд, ӕмӕ йӕ колхозы къӕбицӕн лӕвар кодтой. Махмӕ дӕр уыдис цыппар хъуджы, ссӕдз фысы, хӕрзхаст ӕртӕаздзыд хуы, мыдыбындзыты фондз чыргъӕды, кӕрчытӕ — бирӕ, цыппар голладжы мӕнӕуы ссад, фондз тоннӕйы бӕрц нартхор.
Адӕм сӕ цардӕй уыдысты сӕрыстыр, разы. Джызӕлы алы уынгӕй дӕр хъуысти зард, фӕндыры цагъд, хъӕлдзӕгдзинад. Фӕлӕ хӕст райдыдта ӕмӕ адӕмы бафтыдта сагъӕсыл. Адӕм ӕнкъардӕй кӕрӕдзийӕн сӕ сагъӕстӕ дзырдтой. Уӕддӕр ма сӕ зӕрдӕтӕ дардтой, кӕд Ирыстонмӕ хӕст не схӕццӕ уаид, зӕгъгӕ. Ахӕм ныхас дӕр уыди, мыййаг, хӕст Ирыстонмӕ куы схӕццӕ уа, уӕд бомбӕтӕ калдзысты фыццаг Дзӕуджыхъӕуыл. Уымӕ гӕсгӕ, горӕтӕгтӕ райдыдтой лидзын хъӕутӕм сӕ хӕстӕджытӕм, сӕ зонгӕтӕм. Джызӕлмӕ дӕр бирӕ бинонтӕ ӕрбалыгьд. Мах иу хӕдзары цардыстӕм Галазты Гӕдзаццӕйы бинонтимӕ. Нӕ иумӕйаг хӕдзармӕ ӕрбалыгъд Гӕдзаццӕйы хо Тамарӕ йӕ цотимӕ, йӕ лӕг Фидараты Ваноимӕ.
Иу хурбон мӕ мады фыд Гуылӕрты Митъройы бӕсты хызтон нӕ фысты дзуг, Калинины уынджы райдайӕны цы уӕгъд быдыр уыд, уым. Уӕд мӕныл цыдис ӕстӕм аз. Мӕ фыййауы лӕдзӕгӕй хъазыдтӕн, дуртӕ ӕхстон донмӕ. Иуафон Алагиры ‘рдыгӕй ӕрбайхъуыст хӕдтӕхӕжы сабыр гуыв-гуыв. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ йӕ хъӕр тынгӕй-тынгдӕр хъуыст. Уалынмӕ ӕрбахӕццӕ Джызӕлы хъӕуы сӕрмӕ ӕмӕ ӕрзылд цӕгаты ‘рдӕм. Тӕхын райдыдта Калинины уынджы сӕрты. Йӕ фӕтӕн даргъ базыртӕ фӕйнӕрдӕм айтыгъта ӕмӕ сӕ уӕлӕ цы дыууӕ моторы уыд, уыдонӕй хъустӕ къуырма кодтой, зӕхх змӕлӕгау кодта. Зениткӕтӕй йӕ ӕхстой горӕтӕй, Къардонӕй, хъӕдӕй ӕмӕ нӕхи хъӕуӕй. Мӕ сӕрмӕ куы ӕрбахӕццӕ, уӕд йӕ иу мотор ссыгъди, пиллон калгӕ йӕхи сарӕзта, хъӕугӕрон цы вальцовкӕ куырой уыд, уымӕ. Нал ӕм ныххӕццӕ, афтӕ бынтондӕр ссыгъди ӕмӕ ӕрхаудта. Йӕ тӕхӕг парашютыл рауагьта йӕхи, фӕлӕ йын йӕ парашют нӕмгуытӕй фӕхуынчъытӕ кодтой, ӕмӕ йӕ тъӕпп куыройы хӕрис бӕласыл ӕрцыди, буар бӕрӕг дзы нал уыд.
Адӕм ныххӕрӕтт кодтой, хӕдтӕхӕг йӕ пиллон кӕм калдта, уырдӕм. Мӕ мад уыд нӕ хӕстӕджытӕм хъӕубын ӕмӕ уырдыгӕй адӕмимӕ згъордта хӕдтӕхӕг уынынмӕ. Нӕ сӕ бауагътой хӕстӕг салдӕттӕ. Уалынмӕ зӕхх нынкъуыст — фехӕлдысты йӕ бомбӕтӕ. Адӕм лидзынмӕ фесты. Мӕ мад дӕр тыхулӕфт кӕнгӕйӕ, схӕццӕ нӕхимӕ.
Адӕм бамбӕрстой, Джызӕл хӕсты цӕхӕры кӕй уыдзӕн, уый, ӕмӕ лидзын райдыдтой алы тар хъӕдтӕм. Мах дӕр: Галазтӕ ӕмӕ Фидаратимӕ лидзын райдыдтам хъӕды ‘рдӕм. Мӕ мады фыд Митъро баззадис хӕдзаргӕс.
Бахӕццӕ стӕм Дӕллаг Санибайы сӕрмӕ. Уым нӕ баурӕдтой дыууӕ хӕстоны ӕмӕ Галазты Марусяимӕ ныхас кодтой. Куы фесты, уӕд мӕ нана, Елиса Марусяйы афарста, цы дзурынц, зӕгъгӕ. Маруся афтӕ зӕгъы: «Цы дзурынц, цы! Ма, дам, тӕрсут, фӕстӕмӕ аздӕхут. Мах сӕ не ‘рбауадздзыстӕм. Адонмӕ чи ‘рхаудта! Цы мӕгуыр стӕм! Сӕ къӕхтыл ӕмбӕлгӕ къахыдарӕс дӕр нӕй. Цыдӕр хӕцъилтӕ сӕ къӕхтыл тыхт».
Елиса ныууынӕргъыдта ӕмӕ загъта: «Уӕ мӕ фӕрстӕ уын фехӕлой! Кӕд, мыййаг, мӕхи иунӕг хъӕбул Никъала дӕр кӕмдӕр ахӕм уавӕры ис! Дӕ хорзӕхӕй, Маруся, афӕрс ма сӕ, чи сӕ кӕцӕй у?»
Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй дзы иу уыд Ростовӕй, иннӕ та — Гуырдзыстонӕй. Гуырдзиаг уыд бӕрзонд, хӕрзконд ӕрыгон лӕг.
— Маруся, ама, ацы сухариты дзӕкъул сӕм адӕтт. Мӕ фӕрстӕ йын фехӕлой, кӕд, мыййаг, мӕ Никъала дӕр ахӕм уавӕры ис?! — загъта та Елиса.
Мӕ нана Хуыбиаты Елиса-иу арӕх ӕрымысыд ацы хабар. Ӕнхъӕлмӕ фӕкаст йӕ 99 азмӕ Никъаламӕ. Фӕлӕ, дзӕгъӕлы, байсӕфт йӕ иунӕг хъӕбул хӕсты цӕхӕры. Никъалайӕн баззад иунӕг лӕппу Гуылӕрты Ушанг, кӕцы цӕры Душеты. Даргъ уӕрӕхыл ацыди йӕ цард, нӕ ахуыссыд мӕ дада Митъройы артдзӕст.
Дарддӕр цӕуын байдыдтам. Цӕугӕ-цӕуын ӕмбӕлдыстӕм бирӕ джызӕйлӕгтыл, кӕцытӕ лыгъдысты мах хуызӕн тар хъӕдмӕ. Тыхамӕлттӕй схӕццӕ стӕм, Дӕллаг Тӕгуызбарзы цӕгаты фарсмӕ цы адаг уыд, уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрбынат кодтам. Куыддӕр ӕрталынг, афтӕ Тӕгуызбарзы цъуппӕй сармадзан йӕ ӕхсынӕй нал ӕнцад. Куы сбон, уӕд немыцы хӕдтӕхӕг бомбӕтӕ калын райдыдта Дӕллаг Тӕгуызбарзыл. Йӕ алы фӕрстӕ йын рӕвдзӕхсӕг пулеметӕй скарста ӕмӕ атахт. Тынг фӕтарстыстӕм ӕмӕ нӕ хистӕртӕ Галазты Бӕтӕхъо, Гӕдзаццӕ, Вано ӕмӕ мӕ фыд Серго сфӕнд кодтой ӕндӕр бынатмӕ алидзын. Уӕдмӕ ӕризӕр, ӕмӕ та сармадзан гӕрах систа. Нӕмгуытӕ ӕмбӕлдысты, Джызӕлы алыварс алы рӕтты цы мысӕнттӕ уыд, уыдоныл, ӕмӕ бирӕ зиан хастой фашистон лӕгмартӕн.
Ралӕууыд нӕ дыккаг бон ӕмӕ та фӕзындысты немыцаг хӕдтӕхджытӕ. Зилахар систой Тӕгуызбарзы алыварс. Сармадзан кӕцӕй ӕхста, уыцы зӕххӕй метр нал баззад, нӕмыг кӕм нӕ сӕмбӕлд, бомбӕ кӕм не схӕцыд. Куы ӕризӕр, уӕд та скуыстой ныфсхаст хъайтартӕ ӕмӕ сӕ гӕрӕхтӕй махӕн дӕр нӕ хуыссӕг фӕлыгъд. Кӕд нын тынг зын уыди, уӕддӕр нын ӕхсызгон уыди сӕ тох. Бӕтӕхъо ма афтӕ дӕр загъта: «Мӕнӕ диссаг! Мах афтӕ ӕнхъӕлдтам, уыцы сармадзан ӕд салдӕттӕ бомбӕты дзыхъхъыты сыджыты бын фесты мардӕй, зӕгъгӕ. Ай, диссаджы сахъгуырдтӕ куы басгуыхтысты. Фӕлӕ райсом та куыд уыдзӕн?!»
Ардыгӕй лидзгӕ у махӕн. Куыддӕр бон дзир-дзур байдыдта, афтӕ цӕуын райдыдтам Уӕллаг Тӕгуызбарзы ‘рдӕм йе скӕсӕны фӕрсты. Схӕццӕ стӕм Хъӕргӕнаджы хъӕдмӕ. Дарддӕр нӕ фӕндаг уыд Къуымау ӕрдузмӕ, кӕцы ис Цӕхгӕрмӕйы рагъӕн, йӕ хуссары фарсӕй бынмӕ Къуымау ӕрдузы комы. Джызӕлы фылдӕр адӕм уырдӕм фӕлыгъдысты, йӕ къӕхтӕй цӕуынхъом чи уыд, уыдон. Кӕд тынг бафӕлладыстӕм, уӕддӕр нӕ цыды кой кодтам, фӕлӕ нӕ хъуыдытӕй рох нӕ уыд Дӕллаг Тӕгуызбарзы хъысмӕт. Куыддӕр ӕрбабон, афтӕ та фӕзындысты немыцаг ӕртӕ бомбӕӕппарӕг хӕдтӕхӕджы, ӕмӕ та бомбӕтӕ калдтой Дӕллаг Тӕгуызбарзыл. Нӕ быны-иу зӕхх нызмӕлыд, фӕлӕ уӕддӕр фыртӕссӕй нӕ фӕллад нӕ лыгъди.
Тых амӕлттӕй схӕццӕ стӕм цӕхгӕрмӕйы рагъӕн йӕ бӕрзонддӕр ранмӕ. Разындысты нӕм Ирыстоны хъӕутӕ. Уӕлдайдӕр та Джызӕл ӕмӕ Дӕллаг Саниба. Се ‘хсӕны, Джызӕлдоны алыварс дӕрӕнӕй лӕууыди бирӕ немыцаг хӕцӕнгарз. Уыдонимӕ цалдӕр танчы, йӕ фӕздӕг ма кӕмӕн калд, ахӕм машинӕтӕ иуцалдӕр. Ацы фӕстиуджыты уыди Дӕллаг Тӕгуызбарзы сахъгуырдты фӕллой дӕр. Фӕлӕ цымӕ чи уыдысты?
Ӕрцардыстӕм Къуымау ӕрдузы фӕрсӕй-фӕрстӕм. Уыцы рӕстӕджы адӕммӕ хӕринаг уыд ӕрмӕстдӕр сухаритӕ, цыхт ӕмӕ чысыл нартхоры ссад. Бирӕтӕ ӕййӕфтой ӕххормаг, уымӕн ӕмӕ лыгъдысты фистӕгӕй ӕмӕ семӕ ницы рахастой. Хъӕды цы хӕстонтӕ хӕцыди не ‘фсӕдтӕй, уыдон дӕр ӕййӕфтой ӕххормаг ӕмӕ мӕгуыргурау цыдысты адӕммӕ хӕринаг курӕг. Адӕмӕн сӕ бон нӕ уыд баххуыс кӕнын хӕстонтӕн, сӕхӕдӕг дӕр ӕххормаг уыдысты.
Уалынмӕ, Хуыцау хорз ракодта, ӕмӕ Къуымау ӕрдузмӕ батардтой колхозы фос. Салдӕттӕ ныххӕлоф кодтой. Уыдонмӕ гӕсгӕ адӕм дӕр уайтагъд цалдӕр мин фысы цыдӕр фесты, ӕмӕ Къуымау ӕрдузы бӕлӕстӕ сырх адардтой.
Джызӕлы ӕрбынӕттон сты немыц. Уыдис сын штаб Дойаты Тебойы хӕдзары, уыцы штаб ӕрцыд пырхгонд. Не ‘фсӕдтӕ сӕ ӕхстой хохрӕбынӕй, горӕтӕй, Беслӕнӕй. Джызӕл сси ӕнӕхъӕн хӕсты мысан ӕмӕ бахаудта хӕсты цӕхӕры. Мӕ дада уыцы цӕхӕры федта ӕххӕстӕй: куыд ӕрбабырстой немыц, куыд сцин кодтой, 3 азы цӕкуыйӕ цы бырынкъджын фӕхаста, ууыл. «Швайн гут, швайн гут», ӕмӕ йӕ ӕрбамардтой. Митъро, хӕдзары цы уыд бамбӕхсинагӕй, уыдон цӕхӕрадоны баныгӕдта: 16 литры уат дурыны царв, сылгоймӕгты дзаумӕттӕ, стӕй нӕ иу артӕй ацӕугӕ ӕфсымӕр Уӕлыгӕсты Сикъойы ӕфсымӕр Уанкъайы зӕлдаг кӕлмӕрзӕн. Уый хӕстмӕ куы цыд, уӕд ӕй радта мӕ мадмӕ ӕмӕ йын загьта: «Нысан мын у, ус курын мӕ хъӕудзӕн, кӕд ӕгасӕй ссӕуон, уӕд. Кӕд нал сыздӕхон, уӕд та-иу ӕй мӕ номыл фӕдар». Уанкъа хӕстӕй нал сыздӕхт, фӕлӕ мӕ мад нӕ фӕдардта уыцы кӕлмӕрзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ дада кӕм баныгӕдта, уырдыгӕй сӕ чидӕр адавта.
Бон цӕуы ӕмӕ фарн хӕссы. Ӕрцыд ахӕм бон Джызӕлы лигъдӕттӕн дӕр. Сырх ӕфсад суӕгъд кодта Джызӕл Гитлеры лӕгмартӕй. Лидзын райдыдтой адӕм сӕ хӕлд гаффутт хӕдзӕртӕм. Бирӕтӕн дзы, кӕм ӕрлӕууыдаиккой, уый дӕр нал уыд, бирӕтӕ зӕрдӕрыст баисты йӕ бинонтӕй, хӕстӕджытӕй, нӕмгуыты бын кӕмӕн фӕмард, уыдон. Адӕмы зӕрдӕтӕ фӕрыстысты Отараты бинонтыл, бомбӕ акъоппыл сӕмбӕлд ӕмӕ байсӕфтысты иууылдӕр. Баззадис ма дзы сӕ фыд Ладе, уый та уыдис хӕсты. Иннӕ Галазты бинонтӕ (сӕ хистӕр Мамсыр). Удонӕй ма иу аирвӕзт — Толик, йӕ амондӕн кӕйдӕр акъопмӕ балыгъд немыцаг бомбӕӕппарӕг хӕдтӕхӕг фенгӕйӕ.
Джызӕйлаг Танхъылаты Абысал уыд домбай лӕгыл нымад. Йӕ иунӕг лӕппу хӕцыд хӕсты, фӕлӕ дзы рагӕй ницы хабар иста. Абысалӕн йӕ фырты маст ӕгъгъӕд нӕ уыд, фӕлӕ ма йын немыц йӕ гогызты куы ныццагътой, уӕд йӕ маст нал баурӕдта ӕмӕ сын сӕ бастдзинады кабель ахауын кодта. Йӕ маст сӕ систа, фӕлӕ йӕ кӕцӕйдӕр немыцаг хъахъхъӕнӕг федта, ракодтой йӕ йӕ цӕхӕрадонмӕ, дзыхъхъ ын скъахын кодтой ӕмӕ йӕ, мӕгуыр, фехстой.
Адард Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты цӕхӕр, советон адӕм миллуангай кӕм бабын сты. Уыдонимӕ Джызӕлы 900 цардбӕллон нӕртон адӕймаджы. Семӕ Советон Цӕдисы хъӕбатыр, рӕстдзӕвин снайпер Дойаты Давид дӕр. Сӕ цард радтой Райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд, нӕ абоны адӕмы, нӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдауы хуыздӕр фидӕнӕн.
Ирыстон суӕгъд ис хӕсты фронтӕй. Райдыдта сӕрибары дуг. Уӕддӕр хӕсты цӕхӕр Джызӕлы нӕма ахуыссыд. Бирӕтӕ фӕмард сты дзӕгъӕл гӕрӕхтӕй. Ӕдӕппӕтӕй Джызӕлы фӕмарди 82 сабырцӕрӕджы. Немыц куыд лыгъдысты сӕ цъаммар туг калгӕ, афтӕ уагътой сӕ фӕстӕ алыхуызон фыдбылызхӕссӕг предметтӕ: ӕрттиваг хъазӕнтӕ, капсултӕ, хӕринӕггӕ, спичкӕтӕ, ныгӕдтой зӕххы бын минӕтӕ. Уыдоны аххосӕй Джызӕлы дзӕвгар адӕм бабын ис, уӕлдайдӕр сывӕллӕттӕ: Торчынты Ахметкайы лӕппу Эльбрус, Дауыраты Барысбийы лӕппу Сӕуге (фехӕлдис ыл гранат гыццыл скъолайы кӕрты), Дауиаты Гусайы дыууӕ лӕппуйы, Хъодзаты Гадаццейы дыууӕ лӕппуйы — Дзыццыла ӕмӕ Умар (ӕд галуӕрдон сыл минӕ схӕцыд ӕмӕ сӕ уӕнггай бакодта)…
Цард цӕрынӕн у, фӕзӕгъынц. Бавнӕлдтой адӕм ногӕй цард аразынмӕ. Хӕст нырма йӕ тӕмӕны уыд нӕ Цӕдисы алы рӕтты. Джызӕлы адӕм се ‘ххуысы хай хастой фронтмӕ, кӕд ӕххормаг ӕййӕфтой, уӕддӕр. Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ хъазуат куысты фӕстӕ фӕлладӕй, ӕхсӕвыгӕтты ӕрӕмбырд сты иумӕ ӕмӕ кодтой къуымбилы куыст — быдтой цъындатӕ, ӕрмкъухтӕ, хъуырбӕттӕнтӕ, хуыдтой дзабыртӕ ӕмӕ сӕ ӕрвыстой фронтмӕ хӕстонтӕн. Ацы куысты тыххӕй бирӕ сылгоймӕгтӕ систы хорзӕхджын. Уыдонӕй уыд Джелыты-Джыккайты Сопо дӕр. Уымӕн фронтӕй сӕрвыстой майдан.
Джызӕлы сылгоймӕгтӕ хъазуатон куыст кодтой нӕлгоймагхъуаг колхозты. Уӕлдай зӕрдӕрисгӕ уыдысты, идӕдзӕй чи баззад, уыцы сылгоймӕгтӕ. Бирӕтӕ дзы сбадтысты трактортыл. Уыдонӕй иу уыд Дауыраты Тона. Сӕ лӕгтӕ хӕсты кӕмӕн уыдысты, уыдон, иуӕй, сӕ сывӕллӕтты хъомыл кодтой, иннӕмӕй, сӕ цардӕмбӕлттӕ ӕгъатыр хӕсты кӕмӕн бабын сты, ӕмӕ уыдоны сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, сӕ цард сӕ хъӕбултӕн кӕмӕн снывонд кодтой, ахӕмтӕ сты: Отараты Верычкӕ — йӕ фырт Израил, Моргуаты Детгӕ — йӕ фырт Бухар ӕмӕ чызг Заремӕ, Болиаты Машо — йӕ фырт ӕндруша ӕмӕ йӕ хо, Моргуаты Женя — йӕ фырт Руслан ӕмӕ йӕ хо, Чсиаты Разамет— йӕ дыууӕ чызджы ӕмӕ йӕ лӕппу Юри (Киш), Гуылӕрты Оля — йӕ фырт Ушанги. Ӕмӕ цас уыдис ахӕмтӕ нӕ Ирыстоны.
Се ‘ххуысы хай хӕсты размӕ кодтой джызӕйлаг сылгоймаг фӕсивӕд Мӕсчъагойы къанау фӕфӕтӕндӕр, фӕарфдӕр, фӕдаргъдӕр кӕныны куысты. Уым активонӕй сӕхи равдыстой Бекаты Катя ӕмӕ Замирӕт, Дзиуаты Райсӕ, Торчынты ӕмӕ Моргуаты чызджытӕ. Уыцы куыст тынгдӕр цыдис Къубалты хиды раз. Уӕд хид дӕр барӕй ӕрцыди хӕлд, цӕмӕй немыцӕн дарддӕр цӕуӕн ма уа.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фӕстӕ Джызӕлы цӕрджытӕй бирӕтӕ дзӕвгар рӕстӕг дӕр ма ӕнхъӕлмӕ кастысты сӕ хӕстонтӕм, фӕлӕ сӕ фылдӕр бабын сты хӕсты цӕхӕры. Чи ма дзы раирвӕзти, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ уыдысты уӕнгцух. Зӕгъӕм, Танхъылаты Сослӕнбег (йӕ дыууӕ къахы баззадысты хӕсты цӕхӕры), Чсиаты Баграт (йӕ иу къах ахауд хӕсты быдыры), Хъыргъаты Никъала (ахаудта йӕ цонг), Хъалтураты Пурти (ахаудта йӕ иу къах), Ногъаты Савели (ахаудта йӕ иу къах), Коцойты Гона (ахаудта йӕ иу къах). Ацы мӕгуыр хӕстонты ӕрымысгӕйӕ, ныртӕккӕ дӕр ма адӕймаджы зӕрдӕ нырризы ӕмӕ цӕссыг ӕртахгай ӕрызгъӕлы адӕймаджы рустыл. Иу дӕр сӕ ӕгас нал у абон, фӕлӕ сӕ ном ӕнустӕм рох ма уӕд. Рухс дзӕнӕты бадӕнт!
Ацы уацхъуыды цы дӕнцӕгтӕ ӕрхастон, уыдон нымайгӕйӕ, Джызӕл у «Хӕстон намысы хъӕу»-ы номы аккаг.
Уӕлыгӕсты Саркис,
педагогон куысты ветеран














