Мæскуыйы М.В. Ломоносовы номыл паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ, аспиранттæ æмæ университеты филологон факультеты студенттæ нæ республикæмæ ирон æвзаджы уагæвæрдтæ æмæ грамматикæ ахуыр кæнынмæ фыццаг хатт не ’рцыдысты. Ахуыргæндтæ сæ куыст фæкæнынц Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон æмæ гуманитарон иртасæнты паддзахадон институты.
Ирон æвзаджы алыхуызон лыстæг фæзилæнтæ бæлвырддæр базонынæн сын æххуыс кæнынц бынæттон ахуыргæндтæ æмæ Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты филологон факультеты кусджытæ æмæ студенттæ дæр.
Ирон æвзаг Уæрæсейы ирайнаг къордмæ хауæг иунæг удæгас æвзаг кæй у, уый сæ æфтауы уæлдай цымыдисы.
Уазджытæ сæ экспедицийы кæрон æхсызгонæй сразы сты республикæйы литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуг»-ы зæрдиаг хуындыл æмæ фембæлдысты журналы кусджытимæ. Журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ уазджыты базонгæ кодта журналы историимæ. Алы азты йын разамынд чи лæвæрдта, уыцы сæйраг редакторты цард æмæ сфæлдыстадимæ, радзырдта сын, абон журнал йæ размæ цы хæстæ æвæры, æрвылазон дунеон конкурстæ аразгæйæ, ногдæр, æрыгон автортæ агурыныл æмæ ирон æвзаг парахатдæр æмæ йæ дзыллæтæм хуыздæр фæхæццæ кæныныл куыд архайы, уыцы мадзæлтты тыххæй.
Журналы бирæ азты раздæры бæрнон кусæг æмæ абоны иудадзыг автор, фыссæг Гусалты Барис уазджыты базонгæ кодта, уырыссаг æвзагæй иронмæ тæлмацгæнгæйæ, æвзаджы цы бирæ хицæндзинæдтыл фембæлæн ис, уыдонимæ. Балæвар сын кодта, фæстаг азты мыхуыры цы чингуытæ рауагъта, уыдон. Уазджытæн арфæ кæнынмæ ‘рбацыд республикæйы Мыхуыры æмæ дзыллон информацион фæрæзты комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Эльдар Афашаков.
Фысымтæ уазджытæн æрмæст ирон литературæ æмæ æвзаджы бирæ хицæндзинæдты тыххæй нæ дзырдтой, фæлæ ма сæ суазæг кодтой ирон бæгæны, дзыкка, нартхоры ссады гуылтæ æмæ бирæ æндæр рагон ирон хæринæгтæй.
Ацы лингвистон-наукон экспедицийæн ныр цалдæр азы разамынд дæтты филологон наукæты кандидат, Уæрæсейы наукæйы академийы æвзагзонынады институты ирайнаг æвзæгты хайады сæргълæууæг, Мæскуыйы М.В. Ломоносовы номыл теоретикон лингвистикæйы кафедрæйы доцент Олег Игоры фырт Беляев.
Олег Беляев у ирон æвзаджы бирæ æнæлыггонд фарстаты автор. Уæлдай диссаг та у, Абайты Васойы «Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат» цифрон хуызмæ раивгæйæ, англисаг æвзагмæ ратæлмац кæныныл цы стыр куыст бакодта, уый. Олег куыд радзырдта, афтæмæй экспедицийы уæнгтæ бæстон ахуыр кæнынц ирон æвзаджы грамматикæ. Зæгъæм, мивдисæг æмæ мивдисæг дзырдты формæтæ, дæттынон хауæны хицæн хуызтæ æмæ афтæ дарддæр.
Йæ арфæйы ныхас Олег Беляев дзырдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл: «Журнал «Мах дуг» у мах иумæ бæттæг ирон культурæйы фыссынад æмæ дзыхæйдзургæ хуыздæр цæг. Нæ студенттæ сæ иртасæнты зæрдиагæй пайда кæнынц ацы журналæй. «Мах дуг» у ирон литературæйы хæзнадон, цалынмæ уый ис, уæдмæ ис ирон æвзаг, æрмæст дзурыны формæйы нæ, фæлæ семæ цæры бæрзонд ирон культурæйы егъау удæгас литературон æвзаг.
Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй фыссæг æмæ рухстауæгæн ахæм аргъгонд цæуа, Колыты Аксо æмæ Хетæгкаты Къостайы, стæй, иннæ стыр фысджытæ æмæ рухстауджытæн цы аргъгонд цыд, афтæ. Цæмæй ирон дзырд лæмæгъдæр ма кæна, фæлæ хъуыса хъæрдæрæй хъæрдæр.
Экспедицийы ахуыргæндтæ æмæ студенттæ куыд загътой, афтæмæй йæ ахуыр кæнынæн равзæрстой уымæн, æмæ йын ис хорз фидæны нысан, йæ грамматикон фæзилæнты ис бирæ цымыдисаг бынæттæ.
Бынтон диссаг та уый у, æмæ йыл мæскуыйаг ахуыргæндтæ диссертацитæ фыссынц, ахуыр æй кæнынц цымыдисæй, махæй та йыл бирæтæ сæ сæрмæ дзурын дæр нал хæссынц, хи сыгъзæринтæ донмæ калæгау кæнынц. Не ’взагмæ цымыдисдзинад ахуыргæндтæм фылдæрæй-фылдæр кæй кæны канд Ирыстоны нæ, фæлæ йæ арæнты æдде, уый дзурæг у, хъахъхъæд кæй æрцæудзæн, йæ фесæфыны тас кæй фæкъаддæр, ууыл.
Касаты Батрадз














