Алкӕцы ӕхсӕнады фӕрныг фидӕн дӕр аразгӕ у фӕсивӕдӕй. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны разамынд цӕттӕ у республикӕйы ӕрыгон цӕрджыты сфӕлдыстадон, наукон ӕмӕ профессион хъомыс раргом кӕнынӕн ӕппӕтвӕрсыг мадзӕлттӕ аразынмӕ.
Ахӕм хъуыдыимӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав раныхас кодта республикӕйы фӕсивӕдон организациты уӕнгтимӕ, стӕй, ӕрвылазон цӕгаткавказаг форум «Машук»-ы Цӕгат Ирыстоны кад чи хъахъхъӕндзӕн, уыцы делегациимӕ фембӕлды.
Ацы фембӕлд арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд федералон проект «ӕмбар ныхас»-ы фӕлгӕты. Зӕгъын хъӕуы, иннӕ уӕрӕсейаг регионтӕй хъауджыдӕр Цӕгат Ирыстоны ахӕм фембӕлд арӕзт ӕрцыд лӕгӕй-лӕгмӕ (иннӕ регионты спайда кодтой онлайн-ӕмбырды фӕткӕй).
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Цӕгат Кавказы фӕсивӕды ӕрвылазон форум «Машук» ацы хатт йӕ куыст райдыдта 10 августы. Уыимӕ, сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ, ацы аз форум арӕзт цӕуы онлайн-фӕткмӕ гӕсгӕ. 10 августӕй 26 августы онг форумы мадзӕлтты архайдзысты 3 мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыдоны нымӕцӕй равзардзысты, ӕхсӕнады царды зӕрдиагдӕрӕй чи архайы, фӕсивӕдон политикӕйы къабазы цымыдисагдӕр проекттыл чи кусы, уыцы 300 лӕппу ӕмӕ чызджы. Уыдон та суыдзысты «Машук»-ы уӕлӕмхасӕн, цыппӕрӕм, рад «Рӕзты раздзогтӕ»-йы архайджытӕ. Фӕлӕ ацы азы форумы ӕртӕ радӕй уӕлдай, цыппӕрӕм къӕпхӕн арӕзт ӕрцӕудзӕн, иннӕ азты куыд уыд, афтӕ Пятигорскы, Машукы хохы рӕбын.
Битарты Вячеслав йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй йӕ зӕрдӕ дары, цӕгатирыстойнаг фӕсивӕд форумы фыццаг ӕртӕ рады ӕнтыстджынӕй кӕй архайдзысты, ӕмӕ сӕ хуыздӕртӕ цыппӕрӕм рады архайджытӕ дӕр кӕй суыдзысты, ууыл. «ӕппӕт хъарутӕй дӕр архайын хъӕуы, цӕмӕй фӕсивӕды ахсджиагдӕр социалон проекттӕ царды рауадзынӕн уа фаг фадӕттӕ», — фӕбӕрӕг кодта Битары-фырт.
Фӕсивӕдон политикӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны фарстытыл дзургӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны разамонӕг куыд загъта, афтӕмӕй ныртӕккӕ куыст цӕуы, фӕсивӕды хъомыс раргом кӕнынӕн ахъаз чи уыдзӕн, ахӕм сӕрмагонд республикон программӕйы проектыл. Битары-фырт фӕсивӕдмӕ фӕсидт, цӕмӕй программӕйы проектмӕ се ‘ргом аздахой ӕмӕ йӕм бахӕссой сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ фӕндӕттӕ.
— Нӕ нысантӕ сты ӕрыгон фӕлтӕры ӕппӕт хъарутӕ раргом кӕнынӕн фадӕттӕ саразын, цӕмӕй алкӕцы адӕймаг дӕр бавзара йӕ тыхтӕ, ӕхсӕнады царды бацахса аккаг бынат. Сымах хъӕппӕристӕ, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ногдзинӕдтӕм тырнындзинад Ирыстоны фидӕныл хорзӕрдӕм кӕй сахаддзысты, ууыл дызӕрдыг нӕ кӕнын. Республикӕйы разамындӕн ахсджиаг у, цӕмӕй сымах зӕрдиагӕй архайат социалон-экономикон райрӕзты проектты, — загъта Битарты Вячеслав.
Фембӕлды архайӕг фӕсивӕд республикӕйы разамонӕгӕн радзырдтой сӕ ахуыр ӕмӕ дарддӕры пъланты тыххӕй, сӕ хъуыдытӕ загътой не ‘рвылбоны царды бирӕ фарстыты фӕдыл. Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн фадат уыд республикӕйы Сӕргълӕууӕгмӕ бирӕ фарстытӕ радтынӕн дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ















