Ахъиты бинонты фӕндаг

0
437

Нӕ бинонты къамты нӕм баззад рагон хуызист, систой йӕ Налцыччы 1928 азы. Уым ралӕууыдысты ирон скъолайы ахуырдзаутӕ, астӕуӕй — ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг, пъолыл чи бады, уыцы сывӕллӕтты къухты та ис газет «Рӕстдзинад».

Уӕд ирон ӕвзаг ахуыр кӕныныл чи архайдта, уыцы фӕсивӕды ‘хсӕн уыдысты мӕ фыды фыды фыды цот дӕр: Ахъиты Боборсы дыууӕ кӕстӕры — Алихан ӕмӕ Савели.

Алагиры районы Джимийы хъӕуӕй рацӕуӕг Ахъитӕ 1917 азы араст сты Налцыкмӕ, Боборс ӕд бинонтӕ ӕмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ. Сӕ цуры тынг бирӕ ирӕттӕ цард, уыдон дӕр ХХ ӕнусы быдираг хъӕутӕм сӕхи райстой. Ирӕттӕ цардысты ӕмудӕй, ӕххӕст кодтой сӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ, бӕрӕг кодтой сӕ дины хъуыддӕгтӕ. Фӕсивӕд дӕр ахуыр кодтой ирон ӕвзаг, хистӕртӕн сӕ бон ӕгъдау радтын уыдис. Сӕ историон фыдыбӕстӕимӕ сӕ бастдзинад уыдис фидар. Ууыл дзуры ирон газет «Рӕстдзинад» дӕр.

Фӕнды мӕ радзурын мӕ фыды фыд Алиханы тыххӕй. Цыппар къласы каст куы фӕци, уӕд кусынмӕ бацыди колхозмӕ. Йӕ цард баиу кодта Таболты Оляимӕ, ӕмӕ сын райгуырд ӕртӕ фырты: Никъала, Виктор ӕмӕ Григори.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд Алиханмӕ фӕсидтысты Сырх ӕфсадмӕ. Хӕцыдис Украинӕйы, хъахъхъӕдта Одессӕ. Фӕцис уӕззау цӕфтӕ, ӕмӕ йӕ госпитӕлы фӕстӕ арвыстой йӕ хӕдзармӕ. Хӕсты фӕстӕ куыста Ленины номыл колхозы. Йӕ хӕдзары фӕзындысты фырт Зауыр ӕмӕ чызг Ларисӕ. Хӕсты уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ йыл зын цӕрдтытӕ ӕртӕфстысты, бирӕ рӕстӕг фӕсади ӕмӕ йӕ цардӕй ахицӕн 1982 азы.

Савели дӕр скъолайы фӕстӕ бацыд цӕнгӕт ӕндадзӕн заводмӕ. Иу аз Сырх ӕфсады баслужбӕ кодта, ӕмӕ йӕ арвыстой Фыццаг Киеваг артиллерион скъоламӕ. Куы дзы сахуыр кодта, уӕд райста лейтенанты цин ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ араст Фӕскавказмӕ. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд ӕй сӕвӕрдтой 175-ӕм ӕхсӕн дивизийы артиллерион батарейы командиры ӕххуысгӕнӕгӕй.

Киев хъахъхъӕнгӕйӕ, дивизийӕн йӕ иу хай фӕмард ис, иннӕ бахауд уацары. Савели уӕззау цӕфӕй цыфыддӕр уавӕрты фӕцис Белоруссийы ӕмӕ Украинӕйы. Уацарӕй ралыгъд ӕмӕ баиу партизанты къордимӕ, уырдыгӕй та афтыд Сырх ӕфсадмӕ. Архайдта Польшӕ ссӕрибар кӕныныл ӕмӕ Варшавӕйы бынмӕ уӕззау цӕф фӕцис. Хорзӕхгонд ӕрцыд «Сгуыхтдзинады тыххӕй» ӕмӕ «Германыл фӕуӕлахизы тыххӕй» майдантӕй. Хӕсты фӕстӕ куыста горӕты прмышленнон организациты ӕфсисады хайады хицауӕй. Фӕстӕдӕр ӕй зӕрдӕйы низ ӕрцахста ӕмӕ йӕ мӕрдтӕм барвыста.

Ацы аз мах бабӕрӕг кодтам Ахъиты рацӕуӕн бӕстӕ. Уыналӕй нӕ нӕ фӕндаг ахуыдта Уӕлладжыры коммӕ. Иуӕрдыгӕй ныл хӕхбӕсты уӕззау бынӕттӕ ӕруынгӕг сты, иннӕрдыгӕй та — тасӕфтауӕг сӕрсӕфӕн. Джимийы федтам нӕ фыдӕлты цӕрӕн бынӕттӕ. Куыд ахсджиаг нын сты, уый нӕ зӕрдӕ зыдта, ӕмӕ сыл ӕхсызгонӕй фӕзылдыстӕм.

Фӕнды ма мӕ иу хъуыддаджы тыххӕй зӕгъын. Мӕ фырт Руслан архайдта конкурс «Ахъиты бинонтӕ ӕмӕ бӕстӕйы истори»-йы. Уый зӕрдиагӕй радзырдта йӕ бинонты, йӕ хиуӕтты тыххӕй. Ссис конкурсы уӕлахиздзау …

Кӕддӕр нӕ фыды фыды фыд Ахъиты Боборс, Кӕсӕг-Балхъары зӕхмӕ ацӕугӕйӕ, бастдзинӕдтӕ нӕ фехӕлдта йӕ фыдыбӕстӕимӕ, хорзӕй схъомыл кодта йӕ кӕстӕрты. Уыдон дӕр фидарӕй хӕст уыдысты ирон адӕмы национ традицитыл, мах дӕр абон нӕ ивгъуыдыл ӕууӕндӕм, фӕнды нӕ нӕ бинонты истори документты бындурыл сног кӕнын, нӕ фыдӕлты бӕллиццаг ӕгъдӕуттӕ бахъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ дарддӕр адӕттын.

Цӕмӕхъаты Жаннӕ,

Налцыччы цӕрӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here