Тагъд рӕстӕджы Цӕгат Ирыстоны ӕххӕст кӕныны райдайдзысты нырыккон технологиты бындурыл дыргъгуыстгӕнынад рапарахат кӕныны проект.
Ног проекты уагӕвӕрд ӕмӕ хицӕндзинӕдты тыххӕй радзырдта республикӕйы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег.
Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, фӕстаг азты бирӕ ногдзинӕдтӕ фӕзынд агропромышленнон комплексы къабазы дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырыккон агропромышленнон технологитӕ зынгӕ фӕхъомысджындӕр кодтой хъӕууон фӕллойгӕнджыты куысты ӕнтысындзинад. Уӕлдай ахадгӕдӕр хуызы ног технологитӕй пайдагонд цӕуы дыргъгуыстгӕнынады. Уый фадат дӕтты, цӕмӕй, зӕгъӕм, зӕххыты кадавардзинады ӕууӕлты дӕр зынгӕ сырӕза продукцийы бӕркад.
Уазиты Хъазыбег куыд загъта, афтӕмӕй нӕ республикӕйӕн уыцы проект бацӕттӕ кодта компани «Европейские сады». Уазийы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы компанимӕ ныридӕгӕн ис Цӕгат Кавказы федералон зылды цалдӕр регионимӕ ӕмгуыстады фӕлтӕрддзинад, йӕ проекттӕй йын уӕрӕх пайда кӕнынц сыхаг республикӕты.
«Европейские сады»-йы коммерцион директор Никола Катич куыд зӕгъы, афтӕмӕй ног проекты сӕйрагдӕр рахӕцӕн сты паддзахадон субсидитӕ. Афтӕ, проекты архайынвӕнд чи скӕна ӕмӕ дыргъгуыстмӕ чи бавнала, уыцы хи хӕдзарӕдты хицӕуттӕн ног дыргъдонӕн бындур ӕрӕвӕрын ӕмӕ йӕ дарыны хӕрдзты 90 проценты ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн субсидийӕ. Афтӕмӕй, адӕймагӕн йӕхицӕн та баззайдзӕн хӕрдзтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ 10 проценты.
Уагӕвӕрд куыд амоны, афтӕмӕй проекты архайынӕн фыццаджы-фыццагдӕр хъӕуы, цӕмӕй хи хӕдзарады зӕххы фӕзуат уа 10-30 сотыхы бӕрц. Уыимӕ, ӕппӕты нырыккондӕр селекцийы дыргъты хуызтӕ фадат дӕттынц, цӕмӕй 10 сотыхы тыллӕг уа 11 тоннӕйӕ фылдӕр.
Специалисттӕ хорз аргъ скодтой проектӕн. Республикӕйы хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министры ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы проект царды рауадзынӕн 2021 азы республикон бюджеты снысан кӕнын хъӕуы сӕрмагонд фӕрӕзтӕ.
Нӕ уацхӕссӕг














