Туризмы инфраструктурӕйы райрӕзтӕн

0
375

Сӕрмагонд паддзахадон программӕ «Экономикон райрӕзт ӕмӕ инновацион экономикӕ» хорз фадӕттӕ аразы Цӕгат Кавказы федералон зылды регионты туристон инфраструктурӕйы дарддӕры райрӕзтӕн. Ахӕм хъуыдыимӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон райрӕзты фарстыты фӕдыл уӕрӕх хицауадон ӕмбырды раныхас кодта Туризмы федералон агентады разамонӕг Дыгъуызты Зӕринӕ.

Агентады разамонӕг куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ацы ӕмӕ иннӕ паддзахадон программӕты фӕрцы бацӕттӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй федералон зылды субъектты туристон хъомыс тынгдӕр раргом уа. Уыимӕ, ӕппӕт фадӕттӕй дӕр спайда кӕнын хъӕуы, цӕмӕй регионы туризмы инфраструктурӕ дзуапп дӕтта ӕппӕты нырыккондӕр домӕнтӕн. Уыцы нысанӕн ахъаз уыдзӕн, УФ-йы Президенты амынддзинадмӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ куыст  цы ног национ проектыл цӕуы, уый дӕр — «Туризм ӕмӕ уазӕгуарзондзинады индустри».

— Ног национ проекты фӕрцы къухы бафтдзӕн федералон ведомствӕтӕ (Туризмы агентад, Экономикон рӕзты, Транспорты, Культурӕйы, Спорты ӕмӕ Финансты министрадты ӕмӕ афтӕ дарддӕр) ӕмӕ хицаудзинады регионалон оргӕнты хъарутӕ Цӕгат Кавказы туризмы къабаз зынгӕ бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ сисыны хъуыддаджы. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, Цӕгат Кавказы ӕппӕт субъектты разамындмӕ дӕр сидын, цӕмӕй ног национ проекты уагӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ стыр ӕргом аздахой. Уыимӕ, регионтӕ ныртӕккӕ цы проекттыл кусынц, уыдон дӕр дарддӕр ӕххӕстгонд цӕудзысты, — загъта Дыгъуызты Зӕринӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here