Эльбрусмӕ схызтысты

0
431
Processed with VSCOcam with lv01 preset

Уӕрӕсейы Ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрадыл 30 азы, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизыл та 75 азы кӕй сӕххӕст, уый кадӕн арӕзт  альпинистон акцийы архайдтой  министрады цӕгатирыстойнаг агурӕг-ирвӕзынгӕнӕг къорды уӕнгтӕ Цогойты Артур, Хъуылчиты Аслан ӕмӕ Тъехты Вячеслав.

Ирвӕзынгӕнджытӕ схызтысты Европӕйы ӕппӕтӕй бӕрзонддӕр хохы — Эльбрусы — цъупмӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты 45 адӕймажды Цӕгат Кавказ ӕмӕ Уӕрӕсейы Хуссар регионтӕй. Сӕ иумӕйаг къам дзы зӕрдыл дарынӕн систой ӕмӕ ӕнӕфыдбылызӕй фӕстӕмӕ ӕрхызтысты.

Хӕсты заман дзы чи фӕмард, уыцы  советон ӕфсӕддонты рухс нӕмттӕ  ссардтой станцӕ «Мир»-ы (3500 метры)  цыртдзӕвӕн «Приэльбрусье хъахъхъӕнӕг хъӕбатыртӕн»-мӕ ‘ввахс ран. Хохдзаутӕ Кӕсӕг-Балхъары поселок Терсколы хохаг ӕфсӕджытӕ хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕныл дидинджытӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ дзы номарӕн ӕмбырд сарӕзтой.

— Альпинистон акци ахъаз кӕны Цӕгат Кавказы ӕмӕ Уӕрӕсейы Хуссары ирвӕзынгӕнджыты иу кӕнынӕн. Хохдзаутимӕ  Эльбрусмӕ кӕй схызтӕн, уымӕй райгонд дӕн. Ахӕм акциты фӕрцы ирвӕзынгӕнджытӕн ис сӕ фӕлтӕрддзинадӕй кӕрӕдзийӕн хай кӕныны фадат, — зӕгъы Цогойы-фырт.

Фӕрниаты Миланӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here