Стыр лӕвар Ирыстоны фӕсивӕдӕн

0
393

 

Знон Дзӕуджыхъӕуы байгом Футболы академи. Кадджын уавӕры йӕ байгом кӕныны мадзал рауад рӕсугъд бӕрӕгбонау. Ам цы бирӕ спортуарзджытӕ уыд, уыдонимӕ уыдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, республикӕйы Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, Уӕрӕсейы Паддзахадон Думӕйы депутат, Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Таймазты Артур, Уӕрӕсейы иугонд футболон командӕйы сӕйраг тренер Черчесты Станислав, РЦИ-Аланийы Хицауады уӕнгтӕ, Дзӕуджыхъӕуы разамынд, Ирыстоны футболы ветерантӕ…

Бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуджыты зӕрдӕтӕ сӕ аивадӕй барухс кодтой паддзахадон ансамбл «Алан»-ы артисттӕ.

Бӕрӕгбон амонӕг, РЦИ-Аланийы адӕмон артист Ӕлбегаты Алан фыццаг ныхасы бар радта Битарты Вячеславӕн. Уый загъта: «Зӕрдиаг арфӕ кӕнын, абон ацы ӕхсызгон мадзалмӕ чи ‘рбацыд, уыдонӕн ӕмӕ нӕ Ирыстоны фӕсивӕдӕн. Футболы академи саразыны фӕнд рагӕй уыд Цӕгат Ирыстоны, фӕлӕ сын-иу фаг гӕнӕнтӕ нӕ уыд. Ныр ацы, хорз ӕмӕ хъӕугӕ хъуыддаг кӕй сырӕзт, уый тыххӕй зӕрдиаг арфӕ кӕнын, нӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыцы адӕймӕгтӕн. Уыдон та сты Гуыриаты Владимир, Черчесты Станислав, Гӕбулты Владимир. Алчидӕр дзы бахаста йе ‘ххуысы хай, ӕмӕ ныр нӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн арӕзт ӕрцыд, ӕппӕт уавӕртӕ дӕр кӕм ис, ахӕм ахуыргӕнӕндон. Уырны мӕ, ам цы кӕстӕртӕ уыдзысты, уыдон канд футболӕй хъазынмӕ нӕ тырндзысты, фӕлӕ скъолайы дӕр уыдзысты раззагдӕртимӕ».

Черчесты Станислав йӕ раныхасы бафиппайдта: «Уӕрӕсейы футболы иугонды ныхас куы цыд, УФ-йы иу цалдӕр футболон центры саразыныл, уӕд сын ӕз загътон, ахӕм центр ныридӕгӕн Ирыстоны арӕзт цӕуы, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ мӕ ныфс уыд Битарты Вячеслав ӕмӕ Гуыриаты Владимирӕй. Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ фӕрӕдыдтӕн, ӕмӕ ныр нӕ курдиатджын фӕсивӕдӕн фадӕттӕ ис стыр спортсментӕ суӕвынӕн!»

Таймазты Артур ма уыцы ныхӕстӕм бафтыдта: «Нӕ кӕстӕртӕн Ирыстоны фӕстаг рӕстӕг арӕзт цӕуынц алыхуызон ахуыргӕнӕндӕттӕ, спортивон фӕзтӕ, зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны центртӕ ӕмӕ мӕ уый тыххӕй раарфӕ кӕнын фӕнды Битарты Вячеславӕн. Абон цы Академи гом кӕнӕм, уырдӕм бахауынмӕ тырндзысты бирӕ сывӕллӕттӕ. Уырны мӕ, ардыгӕй Ирыстонӕн кад чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм стыр спортсментӕ иу ӕмӕ дыууӕ кӕй нӕ рацӕудзӕн!»

Академийы дуар байгом кӕныны бар лӕвӕрд ӕрцыд Битарты Вячеслав, спорты сгуыхт мастер, тренер Черчесты Станислав ӕмӕ ӕвзонг футболисттӕн.

Бӕрӕгбонмӕ ӕрбацӕуджыты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, аразджытӕ бӕстыхӕйттӕ, кӕрт ӕмӕ хъазӕн фӕз куыд бацӕттӕ кодтой, уый.

ФК «Алани»-йы президент Гуыриаты  Владимир уый тыххӕй загъта: «Мах разы стӕм, нӕ куырдиат куыд ӕххӕстгонд ӕрцыд, уымӕй. Аразджытӕ хорз бацархайдтой, ӕмӕ нӕ сывӕллӕттӕн ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Мах дарддӕр дӕр не ‘ххуысы хай кӕндзыстӕм Ирыстоны футболы сырӕзтӕн».

Баскаты Уырызмӕг

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here