Фыдӕлты хъӕбатырдзинад — ӕрыгон фӕлтӕртӕн фӕзминаг

0
260

Фысджытӕ ӕмӕ журналисттӕ сӕ уацмыстӕй ӕмӕ мидисджын ӕрмӕджытӕй кӕддӕриддӕр хорзӕрдӕм ахадыдтой фӕсивӕды зондахастыл ӕмӕ патриотон хъомыладыл. Цӕмӕй уыцы хъуыддаджы сӕ архайд ахадгӕдӕр уа, уый тыххӕй знон ныхас цыд, 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнынад ӕмӕ РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы разамындӕн Афицерты хӕдзары цы цӕлхӕмбырд уыд, уым.

Архайдтой дзы УФ-йы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Николай Иванов, РЦИ-Аланийы культурӕйы министр Къубалты Эльбрус, нӕ республикӕйы национ ахастдзинӕдты фарстаты фӕдыл министр Цуциты Аслан, РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн, Белгороды облӕсты Фысджыты цӕдисы сӕрдар Верӕ Кобзарь, ӕхсӕнадон ӕмӕ фӕсивӕдон организациты минӕвӕрттӕ, астӕуккаг скъолаты ахуыргӕнджытӕ.

Цӕлхӕмбырд амыдта 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕг Александр Коваль. Ӕмбырды райдайӕны уый ныхасы бар радта Къубалты Эльбрусӕн. Уый йӕхи номӕй арфӕ ракодта цӕлхӕмбырды архайджытӕн, стӕй бакаст РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы тел.

«Фысджытӕ кӕддӕриддӕр архайдтой адӕмы ӕмӕ ӕхсӕнады иудзинадыл. Сӕ ныхас кӕддӕриддӕр уыд ныфсы ӕмӕ ӕууӕнчы хос. Уырны мӕ, ацы фембӕлд дӕр хорзӕй кӕй фӕзындзӕн нӕ республикӕйы ӕмӕ сыхаг регионты цӕрджыты удварны рӕзтыл», — загъд уыд арфӕйы телы.

Советон цардарӕзты рӕстӕг ӕмӕ фӕстаг азты нӕ бӕстӕйы Фысджыты цӕдис ӕфсӕддон-патриотон хъомыладыл куыд архайдта ӕмӕ архайы, ацы темӕмӕ гӕсгӕ сын цы чингуытӕ рауадзын бантыст, иумӕйагӕй ацы хъуыддаджы сӕ къухы цавӕр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд, ӕндӕр сфӕлдыстадон организацитимӕ ацы ӕнӕмӕнг хъӕугӕ хъуыддагыл куыд архайынц, уый тыххӕй раныхас кодта УФ-йы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Николай Иванов.

Белгороды облӕсты Фысджыты цӕдисы сӕрдар та цӕлхӕмбырды архайджытӕн радзырдта, се сфӕлдыстадон организацийӕн ӕфсӕддон-патриотон хъомылады хъуыддаджы сӕ горӕты уӕлдӕр ӕмӕ астӕуккаг скъолатимӕ цы бастдзинӕдтӕ ис, уый тыххӕй.

Аив литературӕйы фӕрцы фӕсивӕды зӕрдӕты Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад куыд равзӕрын кӕнӕн ис, уый тыххӕй ма сӕ хъуыдытӕ загътой ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.

Цӕлхӕмбырды рӕстӕг ма уыд УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг Геннадий Алехин Цӕцӕны хӕстон цауты тыххӕй цы чиныг ныффыста, «Излом необъявленной войны. Первая чеченская»-йы презентаци.

Гасанты Валери

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here