Боны фӕткы — удварны хӕзнатӕ хъахъхъӕныны фарстытӕ

0
382

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ныртӕккӕ Цӕгат Ирыстоны ахсджиаг цӕттӕгӕнӕн куыст цӕуы Аланийыл саргъуыды 1100 азы бӕрӕгбонмӕ. Уыцы ахсджиаг историон-культурон цаумӕ цӕттӕ кӕныны фарстытыл сӕ кусӕг фембӕлды рӕстӕг ӕрдзырдтой Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Культурӕйы удварны хӕзнатӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ сӕ пайда кӕныны республикон комитеты сӕрдар ӕгайты Эмилия.

Аланийыл саргъуыды 1100 азы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕг федералон ӕмӕ республикон организацион комитеттӕ ныридӕгӕн снысан кодтой бирӕ алыхуызон рухстауӕн-культурон мадзӕлттӕ. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй уыцы ахсджиаг юбилейы агъоммӕ ӕмӕ йӕ рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны арӕзт ӕрцӕудзӕн фестивалтӕ, равдыстытӕ, чингуыты презентацитӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Бӕрӕгбонмӕ цӕттӕгӕнӕн куыстыты фӕлгӕты сӕрмагонд цӕстдард ис культурӕйы удварны объектты цалцӕг ӕмӕ рацарӕзтмӕ. Зӕгъӕм, реставратортӕ ӕмӕ аразджытӕ базилдзысты Дзӕуджыхъӕуы Ирон аргъуанмӕ, ӕрӕфы районы Уӕхъӕцы хъӕуы Сыгъдӕг Георгийы аргъуанмӕ, Хетӕгкаты Къостайы хӕдзар-музеймӕ, Ирон литературӕйы музей ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйттӕм.

Куыстытӕ цавӕр фӕткмӕ гӕсгӕ ӕххӕстгонд цӕуынц, уый тыххӕй ӕгайты Эмилия бӕстон радзырдта. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, уӕлдӕр амынд объекттӕн сӕ уавӕр бынтон алыхуызон у — иутӕ сӕ хуыздӕр уавӕры сты, иннӕтӕм бӕстондӕр базилын хъӕудзӕн. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, фидаргонд цӕуынц, алкӕцы объектыл дӕр чи кусдзӕн, уыцы цалцӕггӕнӕг ӕмӕ реставрацигӕнӕг къордты уӕнгтӕ дӕр.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг комитеты сӕрдарӕн бахӕс кодта, цӕмӕй куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ уа ӕппӕты бӕстондӕр цӕстдард.

— Ӕппӕт куыстытӕ дӕр хъуамӕ ӕххӕстгонд цӕуой рагагъоммӕ фидаргонд бӕстон пъланы бындурыл. Реставраци ӕмӕ цалцӕджы пъланмӕ хаст объекттӕн сӕ фылдӕр рагзаманты арӕзт кӕй ӕрцыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕм ӕвналын хъӕудзӕн уӕлдай хъавгӕ ӕмӕ хъахъхъӕнгӕйӕ. Уыцы объекттӕ сты нӕ истори ӕмӕ культурӕйы хӕзнатӕ, уыдон нын хъӕздыгдӕр кӕнынц нӕ абоны цард дӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст уый нӕ. Уыцы культурон хӕзнаты реставраци ӕмӕ цалцӕг фидӕны хъуамӕ фӕзыной республикӕйыл экономикон ӕгъдауӕй дӕр — уыцы аргъуантӕ ӕмӕ музейтӕ ногӕй сӕ хуыз куы скалой, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, суыдзысты, ӕндӕр регионтӕй ӕрбафтӕг туристтӕн сӕрбӕрзондӕй кӕй ӕвдисдзыстӕм, ахӕм объекттӕ, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here