Бафыстой ӕмгуыстады бадзырд

0
362

Фысджыты сфӕлдыстад кӕддӕриддӕр дзыллӕйы сагъӕстӕ ӕргомгӕнӕг, сӕ иугӕнӕг, сӕ тыхстсафӕг кӕй у, уый хорз ӕмбары РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы разамынд. Уый фӕдыл ӕндӕрӕбон кадджын уавӕры Дзӕуджыхъӕуы уазӕгуат «Амран»-ы конференц-залы нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдис ӕмӕ Белгороды облӕсты Фысджыты цӕдисы ‘хсӕн фыст ӕрцыд ӕмгуыстады бадзырд.

Ацы ӕхсызгон цауы фӕдыл цы кадджын ӕмбырд арӕзт ӕрцыд, уым РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй, бадзырды фӕрцы Белгороды облӕсты ӕмӕ нӕ республикӕйы дзырдаивады дӕснытӕн сӕ бон уыдзӕн иумӕйаг фембӕлдтытӕ, чиныгкӕсджыты конференцитӕ, юбилейон ӕмӕ сфӕлдыстадон изӕртӕ аразын.

Бадзырд бафыссыны фӕстӕ УФ-йы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Николай Иванов, разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы организацийы тырыса балӕвар кодта Агънаты Гӕстӕнӕн.

Ирон литературӕйы рӕзтмӕ ахадгӕ ӕвӕрӕн кӕй хӕссы, уый тыххӕй кадджын ӕмбырды рӕстӕг Николай Иванов номдзыд фыссӕг, киносценарист, ӕхсӕнадон архайӕг Василий Шукшины майдан радта РЦИ-Аланийы адӕмон фыссӕг Хуыгаты Сергейӕн.

Алы сфӕлдыстадон организаци дӕр цардхъом у йӕ ног уӕнгтӕй. Хуыцауӕн табу, уыцы тыхтӕй цух нӕу нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдис. Йӕ ног уӕнгтӕ — педагогон наукӕты кандидат Мзокты Аслӕнбег, ӕрыгон курдиатджын поэттӕ, Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат Дудайты Чермен ӕмӕ Габолаты Зауырбег, поэтессӕ, сывӕллӕттӕн фыст бирӕ зӕрдӕагайгӕ чингуыты автор Альбинӕ Зайцева нӕ бӕстӕйы Фысджыты цӕдисы сӕрдары къухӕй райстой, ацы цӕдисы уӕнгтӕ кӕй систы, уый ӕвдисӕндартӕ.

Николай Иванов ма зӕрдиаг арфӕ ракодта амалхъом, РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы аудӕг советы уӕнг Мӕрзойты Тамерланӕн, нӕ республикӕйы фысджытӕн зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй.

Белгороды облӕсты Фысджыты цӕдисы сӕрдар Верӕ Кобзарь кадджын нысан «За сохранение исторической памяти»-йӕ схорзӕхджын кодта нӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕны.

Ацы облӕсты Фысджыты цӕдисы кадджын нысан ма райстой, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Белгород фыдызнагӕй чи хъахъхъӕдта, уыцы ирон ӕвзыгъд хӕстон Дзгойты Федыры бинонтӕ.

Уазджытӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодтой журнал «Ногдзау»-ы сӕйраг редакторы хӕдивӕг, Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Дзӕсохты Музафер. Уый ма сын балӕвар кодта, номдзыд поэт Шекспирӕй ирон ӕвзагмӕ цы сонеттӕ ратӕлмац кодта, уыдоны ӕмбырдгонд. Фысджыты цӕдисы ног уӕнгты номӕй та уазджытӕн бузныджы ныхӕстӕ загъта Дудайты Чермен.

Гасанты Валери

Къам систа КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here