Ныхас — сфӕлдыстад ӕмӕ ӕмгуыстады фарстытыл

0
431

Ацы бонты Цӕгат Ирыстоны балцы сты Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы разамонджытӕ ӕмӕ уӕнгты къорд зындгонд публицист, цӕдисы сӕрдар Николай Ивановы разамындӕй. Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн фембӕлд уыд республикӕйы уазджытимӕ. Ныхасы архайдта Цӕгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн дӕр.

Фембӕлды райдайӕны РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг уазджытӕн арфӕ ракодта, республикӕмӕ ӕхсызгонӕй кӕй ссыдысты ӕмӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, Цӕгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисимӕ ӕнгом ӕмархайд кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.

Ӕмбырды кадджын уазджытӕй иу уыд Наталья Белокобыльская дӕр — Уӕрӕсейы Хъӕбатыр, инӕлар-булкъон Геннадий Трошевы чызг. Ацы инӕлар йӕ сабырдзинадтауӕг архайдӕй хорз зындгонд у Кавказы цӕрджытӕн. Куыд зонӕм, афтӕмӕй ӕрӕджы Дзӕуджыхъӕуы байгом кодтой Геннадий Трошевы бюст.

Наталья Белокобыльскаяйӕн зӕрдиаг салам зӕгъгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Ирыстоны адӕм сӕ зӕрдыл дарынц Геннадий Трошевы арфӕйаг хъуыддӕгтӕ. «Мах алкӕддӕр ӕхсызгонӕй ӕрымысӕм 58-ӕм ӕфсады таурӕгъон командӕгӕнӕджы. Дӕ фыд бирӕ хъарутӕ схардз кодта, цӕмӕй Цӕгат Кавказы ӕрфидар уа сабырдзинад», — загъта республикӕйы разамонӕг.

Уый фӕстӕ фысымтӕ ӕмӕ уазджытӕн бацайдагъ ныхас сфӕлдыстады фарстытыл, стӕй дарддӕры ӕмгуыстадыл. Фысджыты цӕдисы минӕвӕрттӕ бӕстон радзырдтой се сфӕлдыстадон пъланты тыххӕй, стӕй фӕнысан кодтой, литературон архайд рапарахат кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн цы мадзӕлттӕ саразын хъӕуы, уыдӕттӕ.

Николай Иванов йӕ раныхасы Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕгӕн бузныг загъта, республикӕйы Фысджыты цӕдисы архайд фӕхъомысджындӕр кӕныныл зӕрдиагӕй кӕй архайы, уый тыххӕй. «Республикӕйы разамынд ӕмӕ сфӕлдыстадон интеллигенцийы ‘хсӕн Цӕгат Ирыстоны цы ӕнгом ӕмгуыстад ис, уымӕй разы стӕм», — бафиппайдта Николай Иванов.

Уый УФ-йы Фысджыты цӕдисы номӕй майдан «Михаил Шолохов»-ӕй схорзӕхджын кодта Битарты Вячеславы, Цӕгат Ирыстоны фысджыты сфӕлдыстадон райрӕзтыл кӕй ауды, уый тыххӕй.

Уыцы хӕрзиуӕджы тыххӕй арфӕ ракӕнгӕйӕ, Битары-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй республикӕйы сфӕлдыстадон интеллигенци алкӕддӕр зӕрдиагӕй архайдта ахсджиаг ӕхсӕнадон фарстытӕ лыг кӕныны хъуыддаджы.

Фембӕлды архайӕг уыд Белгороды облӕсты Фысджыты цӕдисы сӕрдар Верӕ Кобзарь дӕр. Уый республикӕйы разамонӕгӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй дыууӕ регионы фысджыты иугӕндтӕ баныхас кодтой се ‘мгуыстад ноджы бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ сисыныл. Уыцы нысанӕн бафысдзысты ӕмархайды фарстыты фӕдыл сӕрмагонд бадзырд.

— Мӕ зӕрдӕ дарын, ахӕм ӕмгуыстады географи уӕрӕхдӕр кӕй кӕндзӕн, ууыл. Нӕ хъарутӕ куыд амоной, афтӕ ахӕм сфӕлдыстадон цӕдисты райрӕзтӕн ахъаз кӕндзыстӕм, — загъта Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг.

Ныхасы архайджытӕ ӕрдзырдтой ӕндӕр фарстытыл дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here