Зынгсирвӕзтӕй хъахъхъӕнджытӕ

0
396

Къамы: Зынгхуыссынгӕнджыты командӕйы уӕнгтӕ: Карсанаты Сослан, Рубайты Аслан, Мелыкаты Зелим, Азиаты Тотрадз, Ӕбиты Юри, Карсанаты Эльбрус, Дзгойты Павел, Коккаты Аслан ӕмӕ Сугъаты Руслан

Аэропорт «Дзӕуджыхъӕу» Цӕгат Кавказы аэропортты ‘хсӕн, йӕ бӕлццӕтты нымӕцмӕ гӕсгӕ, ахсы ӕртыккаг бынат. Ис ын федералон ӕмӕ стратегион нысаниуӕг. Ӕхсӕвыгон аэропорт вӕййы ӕхгӕд, фӕлӕ райсомы аст сахатӕй изӕры аст сахатмӕ аэропорты терминалы уылты ацӕуы дыууӕ мин адӕймаджы бӕрц. Ӕрвылбон йӕ фӕзы ӕрбадынц цалдӕр авиакомпанийы хӕдтӕхджытӕ.

Граждайнаг авиацийы домӕнтӕм гӕсгӕ, аэропорт «Дзӕуджыхъӕу»-ы ис алцӕмӕй ифтонг зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн службӕ. Ардӕм куыстмӕ исынц ӕрмӕст хъаруджын ӕмӕ ныфсхаст лӕппуты. Уымӕй уӕлдай сӕ алчидӕр сӕрмагонд ахуыртӕ ацӕуы. Иттӕг хорз зонын хъӕуы зынгхуыссынгӕнӕн автотехникӕ, аэропорты ӕппӕт фӕзуат ӕмӕ хӕстӕгдӕр объекттӕ. Сӕ куысты уагмӕ гӕсгӕ хъуамӕ 180 секундмӕ бахӕццӕ уой бынатмӕ, цӕмӕй зынгсирвӕзтӕй бахъахъхъӕной бӕлццон адӕмы, стӕй хӕдтӕхӕг. Радхӕссӕг командӕйы хистӕр Карсанаты Сослан куыд зӕгъы, афтӕмӕй йе ‘мкусджытӕй алкӕмӕдӕр ис профессионалон ахуырад, сӕрмагонд зынгхуыссынгӕнӕн машинӕтӕ ахӕмтӕ сты, ӕппӕт уавӕрты дӕр чи сарӕхсдзӕн, доны цъайтӕ, ӕппӕт ифтонггарз дӕр цӕттӕ сты. Нӕ аэропорт хызт у фыдбылызӕй, ӕнӕнхъӕлӕджы цаутӕ нӕм никуыма ӕрцыд, фӕлӕ мах иууылдӕр, бахъуаджы рӕстӕг, цӕттӕ стӕм ӕххуысмӕ, — зӕгъы Сослан.

Службӕйы ӕнӕкъуылымпы куыстӕн дӕсны разамынд дӕттынц йӕ хицау Торчынты Руслан ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Малиты Аслан.

ГУГКАТЫ Жаннӕ

Къам систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here