Цӕгат Ирыстоны энергетикӕйы къабазы инвестицион проекттӕ ӕмӕ цалцӕггӕнӕн программӕтӕ ӕххӕст кӕнын, электрон тыхдӕттӕг компаниты лӕггӕдтӕ бӕрзонддӕр ӕмвӕзадмӕ исын — ацы ӕмӕ иннӕ фарстытыл сӕ кусӕг фембӕлды ӕрдзырдтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битары Вячеслав ӕмӕ акционерон ӕхсӕнад «Россети Северный Кавказ»-ы генералон директор Виталий Иванов.
Ныхасы архайдтой республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбег, профилон министр Таматы Майрӕн, «Россети Северный Кавказ»-ы дӕлхайад — «Севкавказэнерго»-йы директор Таболты Алыксандр ӕмӕ энергетикон компанийы иннӕ бӕрнон кусджытӕ.
Фембӕлды райдайӕны Битары-фырт «Россети Северный Кавказ»-ы минӕвӕрттӕн бузныг загъта, Цӕгат Ирыстоны энергетикон комплексы райрӕзтмӕ компанийы ‘рдыгӕй иудадзыг лӕмбынӕг цӕстдард кӕй ис, уый тыххӕй.
— «Россети»-йы цӕгаткавказаг хайад ӕмӕ республикон филиалимӕ махӕн хорз ӕмӕ ӕнгом ӕмархайд ис. Уыцы пайдайаг ӕмгуыстады фӕрцы республикӕйы энергетикон хызӕг дарддӕр рӕзы, — фӕнысан кодта Цӕгат Ирыстоны разамонӕг.
Ӕмбырды архайджытӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй компани Цӕгат Ирыстоны цы инвестицион проекттӕ ӕмӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ снысан кодта, уыдон ӕххӕстгонд цӕуынц рагагъоммӕ фидаргонд пъланты бындурыл. Ӕрмӕст цалцӕггӕнӕн куыстытӕн «Россети» ацы аз радих кодта 800 милуан сомы бӕрц.
Виталий Ивановы ныхасмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстоны энергетикон комплексы дарддӕры райрӕзтмӕ компани инвестициты хуызы барвитдзӕн 1,1 миллиард сомӕй фылдӕр. Уыимӕ, арӕзт цӕудзысты, компанийы лӕггӕдты хӕрзхъӕддзинадыл хорзӕрдӕм чи фӕзындзӕн, техникон рацарӕзт ӕмӕ ифтонгады ӕндӕр ахӕм куыстытӕ дӕр.
Компани ӕмӕ республикӕйы иумӕйаг проекттӕн хорз аргъ скӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав зӕрдӕ бавӕрдта, РЦИ-Аланийы Хицауады ‘рдыгӕй ӕмгуыстады проекттӕм фыццаградон цӕстдард кӕй уыдзӕн, уымӕй.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ















