Дзырд “Адӕймаг” ирон ӕвзаджы цы нысан кӕны, уый алчидӕр зоны. Фӕлӕ ма, мӕнмӕ гӕсгӕ, мах рох кӕнӕм ноджыдӕр иу нысаниуӕг: Адӕймаг у —адӕмы лӕг! ӕрмӕст ын алчи нӕ зоны, йӕ кӕронбӕттӕн хъуыды адӕмимӕ баст кӕй у, уый. Адӕмы лӕг — адӕймагыл стыр хӕс ӕмӕ стыр бӕрн ӕвӕры. Иугӕр дын хъысмӕтӕй Хуыцау ахӕм стыр уаргъ дӕ уӕхсчытыл сӕвӕрдта, уӕд цыфӕнды зынӕй дӕр быхс, ирон хордзенау, ӕй хӕсс, фӕлӕ дӕ мӕ бон нал у, зӕгъгӕ, макуы схауӕд. Ӕмӕ иугӕр афтӕ рауад хъысмӕты тӕрхон, уӕд хъуамӕ бӕрзонд хӕссай лӕджы ном, лӕджы кад, лӕджы ӕгъдау. Бӕгуыдӕр, уымӕн стыр хъару хъӕуы, фӕлӕ иугӕр адӕймагӕн райгуырдтӕ, уӕд дӕм хъуамӕ разына уыцы хъару. Нӕ фыдӕлтӕм бирӕ ӕмбисӕндтӕ ис уый тыххӕй: «Лӕг хъуамӕ лӕджы ном хӕсса», «Адӕмы фарн бирӕ у», «Адӕмы цӕст уынаг у», «Адӕм кӕй дзурынц, уый ӕцӕг у», «Лӕг йӕ хъуыддаг адӕмы ныфсӕй кӕны». Уыдонӕй алкӕцы дӕр равзӕрд цардӕй. Ӕцӕгдзинады ахӕм диссӕгтӕ куы не ‘рцыдаид, уӕд дзы ӕмбисондӕн цы райстӕуыдаид, уый нӕ разындаид.
Гъе, афтӕ ӕнусты мидӕг иумӕ тылдис царды цалх ӕмӕ йын йӕ алы фӕзылд дӕр фыста зӕххон дунейы азфыст. Адӕм ӕй кастысты ӕмӕ сӕрыстыр уыдысты ивгъуыды азфысджытӕй. Ирыстон дӕр ӕнусты мидӕг хъуаг никуы уыд ахӕм разагъды лӕгтӕй. Ӕмӕ йӕ историон рӕзты абоны дугмӕ уымӕн ӕрхӕццӕ. Иу диссаг та ма уый мидӕг ис, ӕмӕ алы рӕстӕг дӕр фӕлварӕнтӕ ӕвӕры адӕймаджы размӕ: чи сӕ радты, уый свӕййы адӕмы лӕг, чи сӕ не сфӕразы, уый та рохуаты баззайы царды алыхуызон фӕзилӕнты. Нӕ рӕстӕджы ахӕм сгуыхт адӕм чысыл нӕй, фӕлӕ абон мах радзурын фӕнды, йе стджыты магъзы онг адӕмы лӕг чи у, уыдонӕй иуы тыххӕй. Уый у ӕмбисонды цымыдисаг адӕймаг — Золойты Афанас — аразӕг, аудӕг ӕмӕ арфӕйаг удгоймаг.
Йӕ ӕстай азы йӕхи фесты, фӕлӕ къухы бынӕй йӕ цардвӕндаджы хахмӕ куы ракӕсы, уӕд дзы, ӕфсӕрмы цӕмӕй фӕуа, ахӕм цаутӕй ницы ӕрымысы. Ӕмӕ уый стыр амонд у. Уымӕн ӕмӕ уырдыгӕй райдайы хуымӕтӕджы адӕймаджы фӕндаг — адӕмы лӕджы кад ӕмӕ намысы сӕрыстырдзинадмӕ. Золойы-фыртӕн уыцы нарӕг къахвӕндаг райдыдта 1943 азы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст йӕ тӕккӕ тӕмӕны куы бацыд, уӕд. Сталинграды бынмӕ хӕсты хъӕбатырӕй фӕмард йӕ фыд — Агуыбе… Йӕ байзӕддагыл цыд ӕрмӕстдӕр фондз азы. «Хъуыды ма йӕ кӕнын, — арӕх ӕрымысы уыцы саударӕн бон Афанас, — нӕ дуар нын куыд байгом кодтой, мӕ фыды марды тыххӕй хъусынгӕнӕн гӕххӕтт куы ссыд, уӕд. Хиуонтӕ, хӕстӕджытӕ, къабӕзтӕ, сыхӕгтӕ, зонгӕтӕ нӕ кӕртмӕ цыдысты, хъӕрӕй кӕугӕйӕ. Мӕн та слӕууын кодтой хӕдзары къулварс, мӕрдадзы. Мӕ сӕр цы ахста, уымӕй уӕд бамбӕрстон, хӕдзары хистӕр нӕлгоймаджы хӕстӕ мӕ уӕхсчытыл кӕй ӕрӕнцадысты, уый. Ноджы ма зыдтон, ныр мӕнӕй стыр бӕрн кӕй домдӕуыдзӕн, уый дӕр…” ӕмӕ йын уый, фыццаджыдӕр, бамбарын кодта йӕ ныййарӕг, йӕ сидзӕргӕс мад: «Мӕ хъӕбул, дӕ зӕрдыл дар, царды бындур сты фӕллой, хорздзинад ӕмӕ ӕууӕнк». Афтӕ царди йӕхӕдӕг ӕмӕ уый фӕдзӕхста йӕ хъӕбулӕн дӕр. Афанасӕн йӕ мады ныстуан, уыцы-иу рӕстӕг, уыд йӕ фыды фӕдзӕхст дӕр. Уымӕн ӕмӕ йын уыцы хъаруджын сылгоймаг уыд мады ӕмӕ фыды бӕсты дӕр.
Фӕлӕ уӕд чысыл Афанас уый нырма ӕххӕст нӕма ӕмбӕрста. Ралӕууыд Уӕлахизы бон — 1945 азы 9 май. Ӕгас бӕстӕ дӕр цин кодта, уыцы диссаджы ӕрдхӕрӕны бӕрӕгбоныл. Иутӕ цин кодтой сӕ уӕлахиздзауты сыздӕхтыл, иннӕтӕ та, — Афанас ӕмӕ йӕ мады хуызӕн, — сӕ цӕссыг калдтой се ‘дзард хӕстонтыл. Фӕлӕ цы гӕнӕн уыд, цыфӕнды зынӕй дӕр цард домдта йӕхионтӕ; бӕстӕ дзӕбӕхтӕ кодта йӕ ностӕ, йӕ къахыл лӕууын кодта адӕмон хӕдзарад, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй дарддӕры цард аразӕн нӕ уыд. Афанас 1945 азы ахуыр кӕнынмӕ бацыд йӕ райгуырӕн Чырыстонхъӕуы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы — фыццӕгӕм къласмӕ. Фӕсхӕсты азтӕ егъау уӕз ӕруагътой йӕ карӕн лӕппутӕ ӕмӕ чызджытыл, уӕлдайдӕр та — сидзӕртыл. Цы бон сыл уыдис — быхстой, куыстой, фӕрӕзтой…
Афанас 13-14-аздзыдӕй кодта, сӕ хъӕубӕсты нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ колхозы цы куыстытӕ кодтой, уыдон. Абон дӕр ма карджынӕй ӕрымысы, астӕуккаг кары лӕппутимӕ Къорайы сӕрмӕ хъӕдӕй суг куыд ластой, уый. Иннӕтӕ галуӕрдӕтты цыдысты, фӕлӕ Золойтӕм хъуг йеддӕмӕ ницы уыдис ӕмӕ-иу уый сифтыгътой. Уыцы рӕстӕг — фыдазтӕй баззадис лӕппуйы зӕрдӕйыл: иуӕй сӕ хъӕдгӕстӕ хъыгдардтой, иннӕмӕй та — бирӕгътӕй тӕссаг уыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Афанас базыдта уӕззау куыстыты ад. Алы сӕрд дӕр-иу бакуыста ас адӕмы бӕрц фӕллойбонтӕ, нартхор ӕмӕ халсарты хуымтӕ рувгӕйӕ. Уӕдӕ хӕдзары куыстытӕ дӕр йӕ бӕсты чи хъуамӕ бакодтаид. Уыдон тынг ӕххуыс уыдысты бинонтӕн, уымӕн ӕмӕ, фӕллойбонтӕн цы лӕвӕрдтой, уый фаг нӕ кодта цӕрынӕн. Фидар лӕппу разынд Агуыбейы фырт буары тыхӕй дӕр, зонды рухсӕй дӕр ӕмӕ уым разынд йӕ амонд. Куыстмӕ куыд сӕрӕн уыд, афтӕ зӕрдӕргъӕвд уыд ахуырмӕ дӕр. Ӕмӕ уый ӕнӕ фӕзынгӕ нӕ фӕцис лӕппуйы уавӕрыл: 1955 азы иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци астӕуккаг скъола, ӕнтыстджынӕй сфӕрӕзта бацӕуӕн фӕлварӕнтӕ ӕмӕ ссис Цӕгат Кавказы арӕзтадон техникумы ахуырдзау.
Ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕцис 1958 азы ӕмӕ кусын райдыдта завод «Электроцинчы» арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн цехы. Райдианы уал ын радтой хуымӕтӕджы кусӕджы бынат, фӕлӕ уыцы-иу рӕстӕг, куыстуаты разамынд йӕ цӕст дардта, ӕрыгон специалист йӕхи хъуыддаджы мидӕг куыд равдисдзӕн, уымӕ. Ӕмӕ дзы разыйӕ куы баззадысты, уӕд ӕй ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ сӕвӕрдтой мастерӕй. Ам дӕр дысвӕлдӕхтӕй бавнӕлдта Афанас. Йе ‘мкусджытӕн дӕнцӕгӕн хӕссинаг уыд куысты ӕмӕ ӕгъдауы мидӕг дӕр. Цыма йе уӕны каст, адӕймаг — адӕмы лӕг кӕй у, уыйау. Мастерӕй нысангонд куы ‘рцыд, ууыл афӕдз дӕр нӕма рацыд, афтӕ ӕвӕрд ‘рцыд прорабӕй. Ам дӕр йӕ куыст ӕвзӕр нӕ цыд, мастерӕй цы фӕлтӕрддзинад райста, уый йын тынг феххуыс йӕ ног бынаты. Куыстуаты разамынд ма йӕм рахатыдта иу хорздзинад, адӕмимӕ ӕнцонӕй иумӕйаг ӕвзаг кӕй ардта, уый. Ӕмӕ йӕ цард къӕссавӕлдӕхт фӕцис: заводы фӕсивӕд дӕр ыл баууӕндыдысты ӕмӕ йӕ сӕхицӕн равзӕрстой Фӕскомцӕдисы уӕгъдгонд нымӕрдарӕй. «Электоцинк» уӕды рӕстӕджы кӕуылты куыстуат уыдис, ӕртӕ мин адӕймагӕй дзы фылдӕр куыста, уыимӕ сӕ фылдӕр уыдысты фӕсивӕды минӕвӕрттӕ. Уыдонӕн ӕнтыстджынӕй разамынд дӕттын ӕнцон кӕм уыдис, фӕлӕ Золойы-фырт ӕндӕр хуызы кусын нӕ зыдта. Ӕрмӕст соцерысы куыст разӕнгард кӕнынӕн дӕр стыр хъарутӕ куыд нӕ хъуыдис. Фӕлӕ сабийӕ фӕстӕмӕ Афанас зынтӕй никуы тарст, — зындзинӕдтӕ йӕ кодтой тыхджындӕр.
Ӕрыгон разамонӕджы дарддӕры рӕзтӕн, ӕнӕмӕнг, хъуыдис ног зонындзинӕдтӕ. Уый ӕмбӕрста Афанас йӕхӕдӕг дӕр, ӕмбӕрстой йӕ заводы разамонджытӕ дӕр ӕмӕ йӕ куыстуаты хардзӕй арвыстой ахуыр кӕнынмӕ Цӕгат Кавказы Хӕххон-металлургон институты арӕзтадон факультетмӕ. Дыууӕ азы дзы куы сахуыр кодта, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕхсайын райдыдта заводмӕ ӕмӕ йӕ йӕ ахуыр фӕсаууонмӕ ивын бахъуыд. Ӕрбаздӕхт фӕстӕмӕ заводмӕ ӕмӕ ӕнтыстджынӕй бакуыста 1967 азы онг. Арӕзтадон цех йӕ разамындӕй рацыд раззаг бынатмӕ. Куыстуаты вазыгджын хай уӕвгӕйӕ, хорз арӕхст ног объекттӕ аразынмӕ, заводы цӕрӕн фонд цалцӕг кӕнынмӕ. Институт каст куы фӕцис, уӕд Афанас йӕ куысты бынат раивта ЦИАССР-ы Хъӕууон хӕдзарады министрадмӕ. Ӕмӕ та уым дӕр нӕ аивта йӕ рагон ахуыр — хорз кусын. Раст фыста уый тыххӕй Томайты Шамил: «Хъӕууон хӕдзарады министрады коммуналон арӕзтады управленийы сӕргъы лӕугӕйӕ, йӕхи равдыста дӕсны ӕмӕ арӕхстджын разамонӕгӕй. Йӕ хъус иудадзыг лӕмбынӕгӕй дардта ӕмӕ арӕх бӕрӕг кодта, районты ӕмӕ хъӕуты цы арӕзтӕдтӕ цыд, уыдон. Уыцы арӕзтӕдтӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы разамонджытӕй домдта, цӕмӕй дзы алы объекты арӕзтад дӕр кӕронмӕ ӕххӕст кӕной афоныл, ӕмӕ сын сӕ куыстмӕ фау мачи ӕрхӕсса».
Афанас республикӕйы хъӕууон хӕдзарады бафыдӕбон кодта фынддӕс азы бӕрц. Ивгъуыд ӕнусы 60-80-ӕм азтӕ Цӕгат Ирыстоны хъӕууон хӕдзарадӕн уыдысты райрӕзты рӕстӕг. Активонӕй рӕзыдис нӕ быдырты бӕркад, фосдарыны хъуыддаг. Иумӕйаг ӕмӕ паддзахадон хӕдзарӕдты парахатӕй арӕзт цыдысты фосдарӕн фермӕтӕ ӕмӕ комплекстӕ. Ӕлхӕд цыдис хӕрзмыггаг стурвос, фылдӕр кодтой ифтонггонд фосдарӕн хӕдзарӕдтӕ. Алы хъӕууон районы дӕр уыдис фӕлтӕрдджын фосдарджытӕ, сӕ нӕмттӕ хъуыстгонд уыдысты канд Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ма Цӕгат Кавказы ӕмӕ нӕ бӕстӕйы дӕр. Уыдонӕн хъӕууонхӕдзарадон объекттӕ аразыны хъуыддаджы егъау хъӕппӕрисджын ӕххуыс бакодта Золойты Афанас.
1976 азы йӕ сӕвӕрдтой Цӕгат Ирыстоны Профцӕдисты советы туристон ӕмӕ курортон объекттӕ аразыны хицауӕй. Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц йеддӕмӕ нӕ бакуыста уыцы бынаты, фӕлӕ йӕ фӕрцы кусын райдыдтой бирӕ «зӕронд» арӕзтӕдтӕ, уыдонимӕ санатори «Тӕмискъ»-ы дзӕбӕхгӕнӕн корпус ӕмӕ донтӕвдгӕнӕн, Цъӕйы уазӕгуат «Хӕххон» ӕмӕ комы цъитимӕ къахвӕндаг, донсыгъдӕггӕнӕн, кӕронмӕ арӕзт фӕцис Дзӕуджыхъӕуы доны станцӕйӕ — Гӕмӕх хохы сӕрмӕ канатвӕндаджы арӕзтад ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыцы ӕнтыстыты тыххӕй Афанасы «Цӕгиравтофӕндаг»-мӕ кусынмӕ ахонынвӕнд куы скодтой, уӕд ЦИАССР-ы облсовпрофы курортон управленийы сӕргълӕууӕг Цӕллагты Харитон ӕмӕ Туризмы комитеты сӕрдар Беруаты Барис мӕстыйӕ бацыдысты облсовпрофы хицау Дзарасаты Темболатмӕ ӕмӕ загъд самадтой: «Афанасы фӕрцы куыстхъом систӕм, ӕмӕ йӕ кӕдӕм уадзут, зӕгъгӕ!» Фӕлӕ Золойы-фырт йӕ фӕнд нал аивта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдис ног фӕлварӕнты сӕрты хизыны уавӕртӕ ӕмӕ 1977 азы кӕрон йӕ куысты бынат аивта «Цӕгиравтофӕндаг»-мӕ.
Уыцы аз Цӕгат Ирыстоны Министрты Советы арӕзт ӕрцыд Транспорты министрад, уым Афанас ӕвӕрд ӕрцыд министры хӕдивӕгӕй ӕмӕ дзы фӕкуыста 1990 азы онг. Йе сконды цы автофӕндӕгты управлени уыд, уый рӕстӕджы домӕнтӕн дзуапп нал лӕвӕрдта, хъуыдис ӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты ифтонг кӕнын. Уыцы бӕрнон куыст йӕхимӕ райста ӕмӕ йӕ ӕнтыстджынӕй царды ауагъта Золойы-фырт. Уый фӕрцы управлени кусын райдыдта, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Арӕхстджын ӕмӕ хъӕппӕрисджын архайды фӕрцы стыр куыст цыдис республикӕйы фӕндӕгтӕ уӕрӕхдӕр ӕмӕ даргъдӕр кӕныныл, Ирыстоны дӕтты сӕрты фӕзынд бирӕ ног уӕрӕхдӕргонд хидтӕ. Уый фадат радта, фӕндӕгтыл цы фыдбылызтӕ цыдис, уыдон зынгӕ фӕкъаддӕр кӕнынӕн. Афанасы арӕхстджын разамындӕй зынгӕ фылдӕр хъусдард ӕрцыд хӕххон фӕндӕгтӕм дӕр. Арвы- комӕй Хъобангоммӕ, уырдыгӕй Куырттаты коммӕ, стӕй Уӕлладжыры коммӕ (Уыналы хъӕуы онг) арӕзт ӕрцыдис транспортон-фӕстауӕрцон фӕндаг. Уый фӕрцы хӕхбӕсты цӕрджытӕн сӕ уавӕртӕ зынгӕ фӕхуыздӕр сты. Цыфӕнды вазыгджын куысты сӕргъы лӕугӕйӕ дӕр, Золойы-фыртӕй рох никуы уыд, алы ӕнтыстджын архайды рахӕцӕн дӕр адӕймаг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ, зӕрдиагӕй куыста управленийы уӕнгтӕн цӕрӕнуӕттӕ аразыны хъуыддаджы дӕр. Ӕмӕ йын уый тыххӕй кӕддӕриддӕр уыд стыр кад йӕ кусджыты ‘хсӕн.
Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм азты райдайӕны Афанас улӕфынмӕ рацыд, фӕлӕ йе ‘взонджы бонты завод «Электроцинк» ног экономикон ахастдзинӕдты дуджы куы фӕцудыдта, уӕд сӕ йӕ сӕр бахъуыд. Куыстуаты уӕды разамонӕг Ходы Никъала йын куы ской кодта, уӕд дыууӕ нал загъта ӕмӕ кусын райдыдта йӕ хӕдивӕгӕй арӕзтадон фарстаты фӕдыл. Ӕмӕ уӕды рӕстӕджы заводы куыст зынгӕ кӕй фӕрӕвдздӕр, уым уыдис Золойы-фырты зынгӕ бавӕрӕн дӕр. «Цӕрӕг удӕн, — раст фыста йӕ биогрӕфтӕй иу Цъебойты Сергей, — фӕллой у царды фӕрӕз. Ӕмӕ Золойты Афанас йӕ уд кӕддӕриддӕр лӕвӕрдта йӕ уарзон куыстӕн». Фӕлӕ дзы рох нӕ уыдысты царды хабӕрттӕ дӕр. Чырыстонхъӕуккаг лӕппу иттӕг хорз зоны адӕймаджы хӕстӕ царды мидӕг, рох дзы не сты нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ дӕр. Ӕмӕ сӕ канд зонгӕ нӕ кӕны, фӕлӕ сӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Бирӕ адӕмтӕ — хиуӕттӕй, къабӕзтӕй, сыхӕгтӕй, лымӕнтӕй цин кӕнӕ хъыджы хистӕры сӕр куы бахъӕуы, уӕд фӕбӕллынц, цӕмӕй сын Афанас сӕ фынг срӕсугъд кӕна, уымӕ. Ӕмӕ ахӕм рӕстӕг цал адӕймаджы фарсмӕ балӕууыд, уал хорзы йӕ уды куы уаид, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл уымӕй амондджындӕр нӕ уаид.
Уӕвгӕ дис дӕр цӕуыл кӕнӕм: адӕмы лӕг дзыллӕйӕн лӕггад кӕнынӕй не ‘фсӕды. Бахъуыды рӕстӕг Золойы-фырт иу ӕмӕ дыууӕ хатты лӕгдзинад нӕ равдыста. Ӕрхӕссын мӕ фӕнды, мӕхӕдӕг ӕвдисӕн кӕмӕн уыдтӕн, иу ахӕм хабар. Цӕвиттон, иу зындгонд фыссӕг — Афанасӕн йӕхиуон, мӕнӕн — мӕ хорз хистӕр — йӕ фыртӕн хъуыддаг кодта. Чындзӕхсӕв уыд «Регахы» рестораны. Райсомӕй хӕдзары хицау ӕмӕ чындзхӕсджыты хистӕр аджы цур кӕрӕдзимӕ фӕкастысты. Уый адыл уазджыты хистӕр чи хъуамӕ уыдаид, уыцы лӕг фӕцудыдта ӕмӕ йӕ къахыл нал слӕууыд. Хӕдзары хистӕр сагъӕсы бацыд: ныр цы кӕнон, ныр куыд кӕнон! Чындзӕхсӕвы бон ма мын чи сразы уыдзӕн! ӕмӕ йӕ сӕр хойынмӕ ӕрцыд. Ӕз ын уайтагъддӕр йӕ уавӕр бамбӕрстон ӕмӕ йӕм мӕхи байстон. Хъуыддаг мын куы фехъусын кодта, уӕд ӕз дӕр сагъӕсы бахаудтӕн. Чындзхӕсджыты ӕрвитыны рӕстӕг хӕстӕгдӕр кодта — хистӕр та сын нӕй. Мӕ алыварс фырадӕргӕй аракӕс-бакӕс кодтон ӕмӕ хуынд адӕмы, къордгӕйттӕй рестораны кӕртмӕ цӕугӕйӕ, куы ауыдтон, уӕд ноджы тынгдӕр бацыдтӕн хӕдзары хицауы уавӕры. Иу рӕстӕг мӕ сӕр ногӕй хӕрдмӕ систон ӕмӕ цалдӕр лӕджы ‘хсӕн Золойы-фырты ауыдтон. Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ фысымы уӕхск ӕрцавтон: мӕ лымӕн, уӕртӕ дӕ ирвӕзынгӕнӕг ӕрбацӕуы! Чи, зӕгъгӕ, фесхъиудта хӕдзары хицау. Афанасмӕ йын куы ацамыдтон, уӕд ӕвиппайды, ӕнӕдзургӕйӕ, йӕ бынатӕй фенкъуыст ӕмӕ атындзыдта йӕ размӕ. Цы йын загъта, уый нӕ фехъуыстон, фӕлӕ мын йӕ сӕр ӕмӕ йе уӕнгты тылд алцыдӕр радзырдтой.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Золойы-фырт, тыхст лӕджы уавӕр бамбӕрста, уайдзӕфты бын ӕй нӕ фӕкодта, фӕлӕ йын уӕзданӕй сразы. Ацыд чындзхӕсджыты хистӕрӕй ӕмӕ стыр ӕгъдау равдыста. Чындзӕрвысты чи сӕмбӕлд, уыцы зонгӕтӕй мын бирӕтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, ахӕм ӕгъдауджын хистӕр хъуыддаджы мидӕг рагӕй нал федтам. Гъе, ахӕм лӕг у Афанас. Йӕ сӕр кӕм бахъӕуы, уым, фыццаджы-фыццаг, хъуыды кӕны адӕмӕн хорздзинад ракӕныныл. Уӕвгӕ, адӕмы лӕгӕн дзыллӕйӕн хорзы цӕуын хъысмӕтӕй лӕвӕрд у. Ӕмӕ уый разагъды лӕгӕй рох никуы вӕййы. Афтӕмӕй та йӕхӕдӕг царды мидӕг бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. 1992 азы мӕхъӕлы хӕсты йӕ райгуырӕн фыдызӕххы арӕнтӕ хъахъхъӕнгӕйӕ, хъӕбатырӕй фӕмард йӕ хистӕр фырт Сослан. Нӕ бабыхста уыцы бӕллӕхы рыстӕн йӕ мад Любӕйы зӕрдӕ ӕмӕ чысыл фӕстӕдӕр йӕ фырты фӕстӕ йе ‘цӕг дунемӕ ацыд. Афанас ӕнӕ бинойнагӕй баззад, фӕлӕ бинонты къорды цудын нӕ бауагъта, йӕ кӕстӕр фырты раст фӕндагыл сарӕзта. Бинонты хъуыддаг ын бакодта, ис ын дыууӕ чызджы ӕмӕ цалдӕр хъӕбулы хъӕбулы. Уыдон иууылдӕр сты йӕ удӕнцой, ӕмӕ сӕ хурӕй у ӕфсӕст.
Афанас улӕфты рӕстӕг дӕр ӕнцой никуы зыдта, уымӕн ӕмӕ кӕддӕриддӕр уыд ӕнӕнцой зӕрдӕйы хицау. 2005 азы ӕвзӕрст ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы сахары Хӕсты, фӕллойы, гӕрзифтонг тыхты ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг оргӕнты ветеранты организацийы советы сӕрдары хӕдивӕгӕй ӕмӕ сын зӕрдиагӕй фӕлӕггад кодта. Ныртӕккӕ Золойы-фырт разамынд дӕтты нӕ республикӕйы аразджыты ассоциацийӕн. Йӕ сӕйрагдӕр хӕстӕй иуыл нымайы, бирӕ азты дӕргъы арӕзтады цы мингай адӕймӕгтӕ фӕкуыстой, уыдонӕн лӕггад кӕнын. Йӕ хъарутыл нӕ ауӕрды, цӕмӕй зноны ӕмӕ абоны аразджыты ‘хсӕн бастдзинӕдтӕ фидардӕр кӕной, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕ къухы ӕфтгӕ дӕр кӕны. «ӕз кӕмдӕриддӕр куыстон ӕмӕ абон дӕр кусын, уым алкӕддӕр мӕнӕй рох никуы уыдзысты мӕ мады ныхӕстӕ, — сӕрыстырӕй фӕзӕгъы Афанас. — Уый мын фӕдзӕхста: «Цыфӕнды бӕрзонд ӕмӕ бӕрнон бынӕтты куы кусай, мӕ хъӕбул, уӕддӕр аккаг аргъ кӕн фӕллойгӕнӕг адӕймагӕн, дӕ зӕрдыл дар, фӕллой у царды сӕйрагдӕр бындур, ӕмӕ, цы куыстмӕ бавналай, уый кӕронмӕ ӕххӕст кӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ. Ахӕм зондыл хӕст уыд нӕ мад йӕхӕдӕг дӕр, ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст мӕ зӕрдыл дардтон ӕмӕ йӕ дарын абон дӕр. Ӕмӕ мын уый тынг ахъаз у мӕ куысты».
Афанас йӕ мады фарнӕй хайджын у. Никуы дзы рох кӕны йӕ ныстуан, уымӕн ӕмӕ хорз ӕмбары: Мады ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхст иу зӕрдӕйы бынӕй цӕуынц. Адӕмы сомбон дӕр не сфӕлдисӕг мады бар хуымӕтӕджы нӕ бакодта. Мады фарнӕй тыхджындӕр нӕй, зӕгъгӕ-иу, нӕ фыдӕлтӕ хуымӕтӕджы нӕ фӕдзӕхстой. Уыцы фарнӕй алидзӕн нӕй, ӕмӕ уый хорз ӕмбары Золойы-фырт. Ууыл дзурӕг сты, алы рӕстӕджыты цы хӕрзиуджытӕ, кадджын нӕмттӕ ӕмӕ Кады гӕххӕттытӕ райста, уыдон дӕр. 1956 азы 18-аздзыд Афанасӕн, студент уӕвгӕйӕ, лӕвӕрд ӕрцыд Казахстаны фӕскомцӕдисы Центрон комитеты Кады гӕххӕтт. «Нӕузӕххытӕ анауылийы тыххӕй». Уӕды рӕстӕджы ӕмӕ уыцы кары, уый уыдис стыр кады аккаг. Уымӕй уӕлдай ма йын алы азты лӕвӕрд ӕрцыд ЦИАССР-ы Сӕйраг Советы Президиум, «Ирӕтты уӕлдӕр советы» ӕмӕ РЦИ-Аланыстоны кадджын ветеранты гӕххӕттытӕ. Лӕвӕрд ын ӕрцыд нӕ республикӕйы сгуыхт аразӕджы, промышленносты сгуыхт кусӕджы ӕмӕ Уӕрӕсейы кадджын фӕндаггоны нӕмттӕ. Хорзӕхджын ӕрцыд ордентӕ: «Арӕзтады раз сгуыхты тыххӕй», «Аланты намыс»-ӕй, ӕртӕ майданы ӕмӕ «Арӕзтады мидӕг сгуыхтдзинӕдты тыххӕй» риуылдаргӕ нысанӕй.
Золойы-фырты хӕрзиуджытӕ, кадджын нӕмттӕ ӕмӕ кадджын гӕххӕттытӕ йӕ кадыл дзурӕг сты. Ӕмӕ йын бӕрзонд аргъ чи кӕны, уыдоны цины хос. Амондджын уымӕй у, ӕмӕ йӕ дзыллӕйы раз сырх кӕнын кӕй никуы бахъуыд. Уый та у, алы адӕймаг дӕр кӕмӕ бӕллы, ахӕм сӕрыстырдзинад. Афанасӕн йӕ бинонты къорды, йӕ къабӕзтӕ, йӕ бирӕ хӕлӕртты раз йӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Бӕрзонд ӕвӕрд ӕм сты ирон лӕджы фарны миниуджытӕ: лӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕхсар ӕмӕ намыс, кад ӕмӕ рад. Йӕ цард къӕдз-мӕдзытӕ фӕндагыл никуы цыд, агуыридуртӕй амад сисау ын уыд ӕмраст ӕмӕ фидар. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъысмӕтӕн дӕр дӕсны аразӕджы къух ис. Цас ӕмӕ цас сарӕзтой Афанасы къухтӕ цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, хъӕууон-хӕдзарадон ӕмӕ промышленнон куыстуӕттӕ, хӕххон ӕмӕ быдырон фӕндӕгтӕ? Алы фатер, алы агуыридуры ӕмӕ фӕндаджы метры дӕр ӕвӕрд ӕрцыд йӕ зонды рухс ӕмӕ зӕрдӕйы хъарм. Йӕхи цас хъуыды кӕны, уыйбӕрц кодта аразгӕ. Аразӕг уыд царды дӕр ӕмӕ куысты дӕр, уымӕ гӕсгӕ йӕ удхӕссӕг уыдта халджытӕй, йӕ цытджын бӕстӕ йын чи фехӕлдта, уыдонӕй. Афанас кӕддӕриддӕр уыд иугъӕдон, бынӕттӕм гӕсгӕ никуы ивта йӕ уаг, йӕ цард. Йӕхи кой кӕнын нӕ уарзы, фӕлӕ уый хыгъд цӕттӕ у сахатгай йе ‘мбӕлтты тыххӕй хъарм ныхас кӕнынмӕ. Алы ран дӕр тырныдта, цӕмӕй йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уымӕ. Ӕмӕ ахӕм цӕстӕнгасӕй каст йӕ алыварс дунемӕ.
Афанасы цард, куыст, ӕхсӕнадон архайд ӕмӕ разамонӕджы курдиаты тыххӕй фыстой ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ ирон кӕсджытӕм хастой Цъебойты Сергей, Томайты Шамил, ӕхсарты ӕхсар ӕмӕ иннӕтӕ. Кӕд ме ‘рмӕг кӕсджыты зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уӕд мӕхицӕн стыр кадыл банымайдзынӕн Золойы-фырты азфысджыты ӕмрӕнхъ слӕууынмӕ. Ӕмӕ уыдоны ӕхсӕнӕй хъӕрӕй зӕгъдзынӕн: «Цӕр ӕмӕ ма нын цӕр, Афанас, дӕ бинонты, дӕ мыггаджы, дӕ фыдызӕххы кадӕн! Дӕ зӕды хай кӕддӕриддӕр разӕй цӕуӕд, Уастырджи та дын фӕндагамонӕг уӕд!»
Р.S. Ацы ӕрмӕг мыхуырмӕ цӕттӕгонд куы ‘рцыд, уӕд Золойты Афанасӕн лӕвӕрд ӕрцыд «Дыгуры районы кадджын гражданины» ном.
Хозиты Барис














