Зубртӕ — Тырмоны

0
485

Хъӕддаг ӕрдзы дунеон фонд (WWF) Цӕгат Ирыстоны ӕрдзон фӕрӕзтӕ ӕмӕ экологийы министрадимӕ 8 сыгъдӕгтугджын зубры 21 августы ауагътой Тырмоны фӕдзӕхст бынаты. Уыдон хъуамӕ баиу уой, 2018 азы ам цы 10 цӕрӕгойты ӕппӕты ӕрыгондӕр къорд уагъд ӕрцыд, уыимӕ.

Министрады пресс-службӕйы минӕвар куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, зубрты бинонтӕ фылдӕргонд ӕрцыдысты Окскы, фӕдзӕхст бынатӕй (Рязаны облӕст) кӕй ӕрластой, уыцы цӕрӕгойтӕй. Сӕ иу хай ардӕм 1999-2002 азты Уӕрӕсейы «Хъӕддаг ӕрдзы фонд» ӕрбаласта Европӕ ӕмӕ Скандинавийы бӕстӕтӕй. Ныронг Тырмоны фӕдзӕхст бынаты цы зубрты къорд ис, уый дӕр ласт ӕрцыд Окскы фӕдзӕхст бынатӕй. Цӕрӕгойтӕй кӕцыдӕртӕ райгуырдысты Швецийы, кӕцыдӕртӕ та — Уӕрӕсейы.

Куыд загътам, афтӕмӕй, ныронг Тырмоны цы зубрты къорд хизы, уым ис 10 сӕры. Фӕлӕ уый фаг нӕу, цӕмӕй цӕрӕгойты нымӕц фылдӕр кӕна, зӕгъӕм, сыхаг Цъӕйы фӕдзӕхст бынаты куыд у, афтӕ. Ам фӕстаг зымӕгон нымадтӕм гӕсгӕ ныртӕккӕ ис 105 зубры, 10 та дзы сты, афӕдзӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм родтӕ. Цӕрӕгойты цъӕййаг къорды нымӕц фӕфылдӕр кӕныныл «Хъӕддаг ӕрдзы дунеон фонд архайын райдыдта 2010 азы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ рӕгъау сырӕзтис ӕмӕ фӕхъӕддыхдӕр.

«Уӕрӕсейы хъӕддаг ӕрдзы фондмӕ РЦИ-Аланийы ӕмгуыстад зубрты нымӕц Уӕрӕсейы фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй стыр ӕххуыс фӕцис ацы зубрты къорд бахъахъхъӕнынӕн. Фӕлӕ ныртӕккӕ сӕйраг хӕс у, Тырмоны фӕдзӕхст бынаты бындурыл 2018 азы цы къорд арӕзт ӕрцыд, уый фӕхъӕддыхдӕр кӕнын, —загъта «Уӕрӕсейы хъӕддаг ӕрдзы фонды» директор Дмитрий Горшков. — Йӕ бынат та ӕнӕнхъӕлӕджы ӕвзӕрст не ‘рцыд. Уымӕн ӕмӕ фонды иртасӕнтӕм гӕсгӕ ам сты ӕппӕты стырдӕр чысыл хъыгдард хъӕдтӕ, ӕмӕ дзы хъуамӕ цӕра ӕппынкъаддӕр 300 зубры».

Ныр та уал Тырмоны хъӕдмӕ цы 8 сырды ласт ӕрцыд, уыдонӕй 3 сты нӕлтӕ, 5 та — сылтӕ. Адонӕй ӕппӕты хистӕр у нӕл Мезарь, 2016 азы гуырд, ӕппӕты ӕвзонгдӕр та — сыл Мелитен, цӕуы йыл афӕдз ӕмӕ 9 мӕйы. Дыууӕйӕ дӕр райгуырдысты Уӕрӕсейы территорийы, фӕлӕ ӕртӕ сылы (Мекроха, Меринда ӕмӕ Мелитен) сты шведаг зубртӕй. Ӕппӕт цӕрӕгойтӕ дӕр ӕнӕхъӕн мӕй фӕуыдзысты ӕхгӕд бынаты, стӕй уӕгъдибарӕй хиздзысты Ӕрыдоны дон ӕмӕ Ӕрӕфы цӕугӕдӕтты ӕхсӕн ӕрдзон хизӕнуӕтты.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here