Дзӕуджыхъӕуы «Алани» Уӕрӕсейы 1-аг къорды футболон командӕты чемпионаты йӕ ӕхсӕзӕм хъазт 3 августы акодта уазӕгуаты Мӕскуыйы.
«Алани»-йы ныхмӕлӕууӕг, мӕскуыйаг командӕ «Чертаново» ацы фембӕлды размӕ цы фондз хъазты акодта, уыдоны дыууӕ хатты ӕмбулгӕ ракодта, ӕртӕ хатты та хӕрд фӕци ӕмӕ 6 очкоимӕ ахста 10—11-ӕм бынат. «Алани» 4 очкоимӕ цыди 16-17-ӕм бынаты.
Нӕ футболисттӕ чемпионаты амӕй размӕ цы фондз хъазты акодтой, уыдоны сын нӕ фаг кодта сӕ иузӕрдион фарсхӕцджыты ӕххуыс. Ацы хатт та, кӕд уазӕгуаты хъазыдысты, уӕддӕр сӕхи хатыдтой, раст цыма Дзӕуджыхъӕуы сты, афтӕ. Уый та уымӕн ӕмӕ, Мӕскуыйы Спортивон горӕт «Лужники»-йы хъазӕн фӕзмӕ куы рацыдысты, уӕд сыл цингӕнгӕйӕ, Ирыстоны тырысатимӕ трибунӕйӕ сӕмбӕлдысты Мӕскуыйы цӕрӕг не ‘мбӕстӕгтӕ. Уыдоны хъӕлӕстӕ фехъусгӕйӕ, нӕ лӕппутыл цыма базыртӕ базади, афтӕ атындзыдтой размӕ ӕмӕ фысымты иварон фӕзы иу иннӕйы фӕстӕ ӕвзӕрын райдыдтой тӕссаг уавӕртӕ. Фысымтӕ сӕ тых сӕ бонӕй архайдтой сӕ дуар бахъахъхъӕныныл.
Дӕсӕм минутыл фысымты дуары пурти бакъуырынмӕ хӕрзхӕстӕг уыдысты Ислам Машуков ӕмӕ Бутта Магомедов. Уыдон сын сӕ иварон фӕзы иттӕг рӕсугъд фӕсайдтой сӕ хъахъхъӕнджыты ӕмӕ, Ислам Машуков йӕ зӕвӕтӕй пурти Бутта Магомедовмӕ тынг дӕсны лӕвӕрд куы акодта, уӕд уый фӕцырд ӕмӕ пурти фысымты дуармӕ фӕцарӕзта, фӕлӕ йын цалдӕр сантиметры иувӕрсты атахти.
Уымӕй фондз минуты дӕр нӕма рацыд, афтӕ та дзӕуджыхъӕуккаг футболисттӕ цырд ныббырстой «Чертаново»-йы иварон фӕзмӕ. Гуырцъыты Батрадз пуртиимӕ баирвӕзт иварон фӕзмӕ. Ам сын фӕсайдта сӕ хъахъхъӕнӕджы, фӕлӕ йын уый йӕ къах бакъуырдта ӕмӕ, Батрадз куы ахауд, уӕд тӕрхонгӕнӕг ӕнӕдызӕрдыгӕй 11-метрон цӕфӕй фӕивар кодта фысымты.
Хӕдарцаты Батрадз ӕнӕкъуылымпыйӕ пурти барвыста фысымты дуаргӕс Абайты Ильяйы фӕрсты. Ӕмӕ хыгъд сси 1:0 «Алани»-йы пайдайӕн.
Дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ ууыл сӕ размӕ тындзын нӕ фӕкъаддӕр кодтой. Сӕ радон ныббырсты фысымтӕ хъазты фӕтк фехӕлдтой. Иварон цӕф 22 метры дӕрддзӕфӕй тынг дӕсны цӕф ныккодта Гуырцъыты Батрадз. Пурти тахти фысымты дуары уӕллаг къуыммӕ, фӕлӕ уырдӕм зӕрватыккау йӕхи сӕппӕрста дуаргӕс Абайты Илья ӕмӕ пурти иуварсмӕ акъуырдта. Уымӕй дыууӕ минуты фӕстӕ та Абайы-фырт йӕ дуар ногӕй бахъахъхъӕдта, Ислам Машуковы тыхджын цӕфы фӕстӕ пурти цӕхгӕрхъӕды бынты куы фӕцӕйтахт, уӕд. Бӕрӕг уыди, фысымтӕн дзӕуджыхъӕуккӕгты ныббырстытӕ бауромын зынӕй-зындӕр кӕй кодтой, уый. Хъазты 34-ӕм минутыл та уазджыты ныббырст уромгӕйӕ, фысымтӕ пурти фӕзӕй ӕддӕмӕ куы акъуырдтой, уӕд дзӕуджыхъӕуккӕгтӕн фадат фӕци пурти къуымонӕй ӕрбадӕттын. Фысымты иварон фӕзмӕ атындзыдта нӕ хъахъхъӕнӕг Бутаты Аллон ӕмӕ уым тынг арӕхстджын хъазт акодта. Аллоны тыхджын цӕфы фӕстӕ пурти «Чертаново»-йы дуары бинаг къуымы батахт, ӕмӕ хыгъд сси 2:0 «Алани»-йы пайдайӕн.
Хъазты фыццаг ӕмбисы ма нӕ футболисттӕ сарӕзтой цалдӕр ныббырсты, фӕлӕ хыгъд баззад 2:0-ӕй.
Дыккаг ӕмбисы фысымтӕ архайдтой хъазты, цыд сӕхи пайдайӕн рацаразыныл, фӕлӕ дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ къӕрцхъусӕй фӕлӕууыдысты ӕмӕ сӕ бацӕуӕнтӕ афойнадыл ӕхгӕдтой. Уый нӕ, фӕлӕ ма сӕхӕдӕг дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ арӕзтой ӕвиппайды ныббырстытӕ. Ӕппынфӕстаг уыцы ныббырстытӕй иуы фӕстӕ хыгъд сси 3:0 «Алани»-йы пайдайӕн. Ӕртыккаг гол «Чертаново»-йы хызы бакъуырдта Артур Малоян 81-ӕм минутыл. Артур спайда кодта, Кобесты Давид ӕмӕ йын Гуырцъыты Батрадз цы иттӕг хорз уавӕр сарӕзтой, уымӕй.
Уый фӕстӕ дӕр ма нӕ футболисттӕ сарӕзтой цалдӕр тӕссаг уавӕры «Чертаново»-йы дуармӕ бацӕуӕнты, фӕлӕ хъазт ахицӕн 3:0 хыгъдӕй «Алани»-йы пайдайӕн.
«Алани» ацы хъазты йӕхи куыд равдыста, уый ууыл дзурӕг у ӕмӕ йӕ авналӕнтӕ гыццыл кӕй не сты. Ӕнӕмӕнг, йӕ хъазтыл хъуамӕ хорзӕрдӕм фӕзына, ӕппынӕдзух сӕ уазӕгуаты хъазын куы нӕ уал хъӕуа, уӕд уыцы уавӕр.
«Алани»-йы сӕйраг тренер Гогниты Спартак, хъазты фӕстӕ цы пресс-конференцийы вӕййы, уым загъта: «Мах «Чертаново»-имӕ фембӕлдмӕ нӕхи цӕттӕ кодтам бындуронӕй, уымӕн ӕмӕ зыдтам, фысымтӕ дӕр уӕлахизмӕ кӕй цӕттӕ кӕнынц сӕхи, уый. Ацы хатт нӕ лӕппутӕн сӕ фӕллад суадзынмӕ чысыл фылдӕр рӕстӕг кӕй уыди, уый дӕр нын феххуыс. Ноджы ма пайда кӕнӕм, фӕндзгай хъазджытӕ баивыны бар нын кӕй ис, уымӕй. Стыр бузныг мӕ зӕгъын фӕнды нӕ командӕйы номӕй, абон ам цы футболуарзджытӕ уыди, уыдонӕн. Не ‘мбӕстӕгтӕ Мӕскуыйы тынг бацин кодтой, авд азы фӕстӕ та нӕ бӕстӕйы сӕйраг горӕты сӕ уарзон «Алани» хъазгӕйӕ кӕй федтой, ууыл. Нӕ хъазджытӕн уыдоны фенд ӕмӕ сын сӕ разӕнгардгӕнӕг хъӕлӕстӕ хъусын уыди ныфсы хос, ӕмӕ сын ӕгайтма сӕ зӕрдӕ нӕ хъазтӕй барухс кодтам».
«Алани ацы ӕмбылды фӕстӕ ӕрӕмбырд кодта 7 очкойы, пуртитӕ та йӕ ныхмӕлӕуджыты дуӕртты бакъуырдта 11. Махӕй фылдӕр — 12 бакъуырдта ӕрмӕстдӕр «Спартак-2». Нӕ командӕ ныртӕккӕ схызт 11-ӕм бынатмӕ, фӕлӕ нӕ уырны, фӕстӕдӕр ноджы уӕлдӕр кӕй схиздзӕн, уый.
«Алани» йӕ радон дыууӕ хъазты дӕр акӕндзӕн уазӕгуаты сыбираг командӕтӕ «Томь» ӕмӕ «Иртыш»-имӕ 5-ӕм ӕмӕ 9-ӕм сентябры. Уый фӕстӕ 13-ӕм сентябры ацы аз фыццаг хатт йӕхи стадионы фембӕлдзӕн Брянскы «Динамо»-имӕ.
Баскаты Уырызмӕг














