Медицинон кусӕндӕтты разамонджыты дзуаппытӕ

0
475

Битарты Вячеслав дзы сӕрдариуӕг кодта, афтӕмӕй уыд коронавирусы инфекци парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны фарстыты фӕдыл оперативон штабы радон ӕмбырд.

Штабы уӕнгтӕ ӕркастысты, сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕрты республикӕйы медицинон кусӕндӕттӕ сӕ архайд цавӕр фӕткыл аразынц, уымӕ, стӕй ӕрдзырдтой ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл дӕр.

Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады Администрацийы разамонӕг Челӕхсаты Рустем, республикӕйы Сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл Тебиаты Сослан ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Республикӕйы медицинон кусӕндӕтты сӕйраг дохтыртӕ видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы бӕстон радзырдтой, коронавирусы ныхмӕ цы дзӕбӕхгӕнӕн-профилактикон мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй. Рынчындӕттӕ ӕмӕ поликлиникӕты разамонджыты ныхасмӕ гӕсгӕ, дохтыртӕ ӕмӕ иннӕ специалисттӕ ифтонг сты хи хъахъхъӕнынады ӕппӕт фӕрӕзтӕй дӕр, рынчынты дзӕбӕх кӕнынӕн дӕр хостӕ фаг ис.

Профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ медицинон кусӕндӕтты разамонджытӕн амынддзинӕдтӕ дӕтгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ дӕр ахсджиаг у, цӕмӕй ӕнӕкъуыхцыйӕ ӕххӕстгонд цӕуой «Роспотребнадзор»-ы ӕппӕт амынддзинӕдтӕ дӕр.

Медицинон кусӕндӕтты сӕйраг дохтырты ӕргом республикӕйы разамонӕг сӕрмагондӕй аздӕхта ног техникӕйы инвентаризаци ӕмӕ хъӕугӕ хостӕ ӕлхӕныны хъуыддӕгтӕм. Битары-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, сӕйраг дохтыртӕ комкоммӕ бӕрнон сты, цӕмӕй хъӕугӕ хостӕ афойнадыл ӕмӕ фаг бӕрцытӕй хӕццӕ кӕной медицинон кусӕндӕттӕм.

— Афтӕ ахсджиаг у медицинон техникӕйы инвентаризацийы фарст дӕр. Фӕстаг рӕстӕг бирӕ хъарутӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ хардзгонд ӕрцыд ног нырыккон техникӕ ӕлхӕнынӕн. Медицинон ифтонггӕрзтӕ кӕд ӕвӕрд ӕрцыдысты, уӕд сӕ хъӕуы хъавгӕйӕ архайын, иудадзыг сӕ техникон уавӕрмӕ кӕсын. Ӕрмӕстдӕр дӕр афтӕмӕй уыцы кусӕнгӕрзтӕ дзӕвгар рӕстӕджы фаг суыдзысты, — загъта Битарты Вячеслав.

Республикӕйы разамонӕг радта ӕндӕр амынддзинӕдтӕ дӕр Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ иннӕ профилон ведомствӕты бӕрнон кусджытӕн.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here