«Мӕ зӕрдӕ Ирыстоны баззад»

0
228

Ацы сӕрд Ирыстон фыццаг хатт чи бабӕрӕг кодта, йӕ диссаджы ӕрдзимӕ йын чи базонгӕ, уыцы адӕмӕй иу у Мӕскуыйы цӕрӕг Еленӕ Чернышкова.

«Цӕгат Ирыстонмӕ балц мын ахаста къуырийы бӕрц. Фысымтӕ — мӕ ирон хӕлӕрттӕ бацархайдтой, цӕмӕй цыбыр рӕстӕгмӕ фенон республикӕйы рӕсугъддӕр бынӕттӕ, хуыздӕр ын базонон йӕ адӕмы… Ӕмӕ Ирыстон, йӕ уазӕгуарзаг ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕм мӕ удӕн афтӕ адджын систы, ӕмӕ мӕ къах уырдӕгӕй нал хаста. Уӕ алӕмӕты бӕстӕ феныны фӕстӕ мӕ нал дӕр денджызы былмӕ, нал дӕр фӕсарӕйнаг курорттӕм цӕуын фӕнды», — зӕгъы Еленӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here