Стъалыйы ферттывдау…

0
486

Зындгонд ирон поэт Кочысаты Мухарбеджы

райгуырдыл сӕххӕст 100 азы

Кочысаты Мухарбег педтехникумы йе ‘мкурсонтимӕ (фыццаг рӕнхъы рахизӕрдыгӕй). Мыхуыргонд цёуы фыццаг хатт

Кочысаты Мухарбег цы литературон бынтӕ ныууагъта, уыдон кӕд бирӕ не сты, уӕддӕр дзы зыны йе ‘нкъараг зӕрдӕ, йе сфӕлдыстадон ирд курдиат, йӕ кӕрдаг зонд ӕмӕ рӕсугъд удыхъӕд.

Кочысаты Мухарбег райгуырд 1920 азы, уалдзӕджы тӕмӕны Олгинскӕйы хъӕуы. Йӕ фыд Георги уыд паддзахы ӕфсады булкъон. Суанг ма йе ‘фсӕддон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй Георгийы дзуар дӕр райста. Йӕ хӕстон фӕндаг хъӕздыг уыд лӕгдзинады цаутӕй. Хорз ӕй чи зыдта, уыцы адӕм куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Георги тохы хъӕбатыр ӕфсӕддон уыд, царды ӕмӕ ирон ӕгъдауы та — нӕртон лӕг. Ӕфсады ссардта йӕ амонд дӕр. Ракуырдта уырыссаг уӕздан чызг Зинаидӕ Буровайы. Сылгоймаг Кочысаты хӕдзармӕ куы ӕрбакъахдзӕф кодта, уымӕн йӕ фыццаг бонӕй йӕ царды фӕстаг бонмӕ хорз ӕгъдау фӕлӕвӕрдта, канд Кочысатӕн нӕ, фӕлӕ ма хъӕубӕстӕн дӕр. Ӕрдзӕй уыди фендджын ӕмӕ зондджын сылгоймаг. Хорз сахуыр кодта ирон ӕвзаг, ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ царды уаг. Зинӕйы ма чи хъуыды кодта олгинскӕйӕгтӕй, уыдон куыд дзырдтой, афтӕмӕй бауарзта ирон адӕмы, йӕ удыхъӕдмӕ, йӕ зондахастмӕ гӕсгӕ дзы ничи загътаид, Зинаидӕ уырыссаг у, зӕгъгӕ. Зинӕ ӕмӕ Георгийӕн дунемӕ рантыст дыууӕ хъӕбулы. Сӕ чызг Зоя уыд Ирон театры курдиатджын актрисӕтӕй иу, Цӕгат Ирыстоны АССР-йы адӕмон артисткӕ, бирӕ хӕрзты бацыд нӕ культурӕйӕн. Йе ‘фсымӕр Мухарбег цы фӕцард, уымӕй фылдӕр куы фӕцардаид, уӕд цас фылдӕр уыдаиккой, ӕвӕдза, нӕ литературӕйы йе сфӕлдыстадон ӕвӕрӕнтӕ!

Мухарбег астӕуккаг скъола каст куы фӕци, уӕд бацыди Цӕгат Ирыстоны педагогон техникуммӕ. Кӕд уыцы азты ахуырдзаутӕ бирӕ хъуагдзинӕдтӕ ӕййӕфтой, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ дзаг уыд ахуырмӕ тырнынадӕй, бӕстӕйӕн, адӕмӕн аккаг фырттӕ суӕвыны хъуыдытӕй, ӕхсӕнадӕн хорзы бацӕуыны ӕнкъарӕнтӕй. Мухарбег техникумы, йе ‘мгӕртты астӕу бӕрӕг дардта йе ‘гъдауӕй, йе ‘фсармӕй ӕмӕ хорз ахуырӕй. Уыцы рӕстӕг райдыдта сфӕлдыстадон куыст кӕнын дӕр. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕй дӕр йӕ поэтикон курдиат бӕрӕг кӕй уыд, уый, фыццаджыдӕр, рахатыдта техникумы литературон къорды разамонӕг, номдзыд ирон фыссӕг Мамсыраты Дӕбе. Олгинскӕйаг цӕхӕрцӕст лӕппуимӕ иу курсы ахуыр кодтой, фидӕны зындгонд ирон поэттӕ ӕмӕ фысджытӕ Цӕгӕраты Максим, Чехойты Сӕрӕби, Хацырты Сергей, Мыртазты Барис, Багаты Лади… Уыцы рӕстӕгмӕ, канд Мухарбегӕн нӕ, фӕлӕ ма дзырдаивады ацы суинаг дӕснытӕн сӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕ мыхуыры цӕуын райдыдтой техникумы къухфыст литературон журналы ӕмӕ республикӕйы дзыллон фӕрӕзты мыхуыры.

Мухарбег техникум каст куы фӕци, уӕд бацыд Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты литературон факультетмӕ. Йе ‘мкурсонтӕм дардта ӕфсымӕры зӕрдӕ. Фӕлӕ уӕлдай хӕлардӕр уыд Мыртазты Барисимӕ. Уый фӕстӕдӕр йӕ мысинӕгты куыд фыста, афтӕмӕй, кӕд йӕ цардвӕндагыл бирӕ хорз адӕмы федта, уӕддӕр дзы Мухарбегӕй зондджындӕр, хӕрзӕгъдаудӕр ӕмӕ ӕфсармджындӕр нӕ уыди. Барис -иу арӕх уыд Кочысаты хӕдзары Олгинскӕйы. Мухарбег та-иу Заманхъулы Барисмӕ фӕци къуыригӕйттӕ уазӕгуаты. Ӕмӕ-иу дзы Барисы мад Хадзыгуа афтӕ дзырдта: «Мухарбеджы мӕхи хъӕбултӕй къаддӕр нӕ уарзтон. Уынд ӕмӕ кондӕй куыд аив уыд, афтӕ уӕздан уыд йе ‘гъдау ӕмӕ уагӕй дӕр. Хистӕрты раз-иу куы ӕрлӕууыд, уӕд-иу сӕм йӕ сау хъоппӕг цӕстытӕй комкоммӕ бакӕсын дӕр ӕфсӕрмы кодта. Ныр ын йӕ зарджытӕ радиойӕ куы фӕзарынц, уӕд йӕ сурӕт мӕ цӕстытыл ауайы, мӕ бон сӕм ӕнӕ кӕугӕйӕ хъусын нӕ вӕййы. Гӕныстон фӕуӕнт фашисттӕ, уый хуызӕн лӕппутӕн цӕрын кӕй тыххӕй нӕ бантыст…»

Мухарбег педагогон институты йӕ хорз ахуыры тыххӕй иста Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон стипенди. Хорз цӕстӕй йӕм кастысты факультеты ахуыргӕнджытӕ. Уӕлдайдӕр та номдзыд ирон поэт Дзанайты Иван ӕмӕ фыццаг ирон сылгоймаг-профессор Туаты Ольгӕ.

Суанг ма хӕсты быдырӕй дӕр ныффыста писмо Дзанайты Иванмӕ. Хъусын ын кодта, нымад кӕй у хорз ӕфсӕддоныл, кӕй йын радтой паддзахадон хӕрзиуӕг, бавдыстой йӕ дыккаг хорзӕхмӕ дӕр.

Ахӕм зӕрдиаг ӕмӕ ӕргом ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Мухарбег йӕ ахуыргӕнӕгӕн цы стыр аргъ кодта, уый. Йӕ фыццаг поэтикон чиныгӕй дӕр ссардта йӕ зынаргъ ахуыргӕнӕг Нигеры ном.

Мухарбег хъӕбатырӕй фӕмард 1944 азы украинаг горӕт Ямполы.

1940 азы цыппар ӕрыгон поэтӕн Цӕгӕраты Максимӕн, Баситы Дзаххоттӕн, Мыртазты Барисӕн ӕмӕ Мухарбегӕн сӕ ӕмдзӕвгӕтӕ рацыдысты иумӕйаг чиныгӕй, «Мах уарзӕм», зӕгъгӕ, ахӕм сӕргондимӕ. Арвыл цы стъалытӕ вӕййы, уыдоны ‘хсӕн иу стъалы уӕлдай аивдӕрӕй тӕмӕн куыд фӕкалы, афтӕ Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр йӕ хӕлӕртты уацмысты ‘хсӕн уӕлдай бӕрӕг дарынц. Йӕ хъысмӕты бардуагӕй йын ахӕм ныв карст уыд, ӕвӕццӕгӕн. Цӕмӕй тохы цӕхӕры ӕмӕ сфӕлдыстады йӕ фӕд ныууадза фӕзминагӕй, ӕмӕ ӕрбайсӕфа царды тыгъдады, йӕ курдиаты рухс та ӕрттива ирон литературӕйы ӕмӕ аивады.

Мӕнӕ йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕтӕй иу «Суадон». Йӕ авторыл нӕ зыны, ӕрыгон райдайгӕ поэт кӕй у, уый. Йӕ рӕнхъытӕй бӕрӕг у, поэтикон фӕлгонцтӕм ӕрдзы фӕзындтытӕ ивынмӕ Мухарбег дӕсны кӕй уыд, уый:

Къӕдзӕхы тар фӕзы риуӕй

Иу ӕвзист суадон тӕдзы,

Къӕйтыл пырхгӕнгӕ ысхъиуы,

Размӕ згъоры, тындзы.

Дыккаг строфайы та нын поэт ӕвдисы, суадон йӕ уынӕрӕй ӕхсӕвы сабырад куыд «халы», уый. Йӕ фехалынмӕ та йӕ разӕнгардгӕнджытӕ сты, айнӕджы тигъӕй йӕ сӕр цы «фӕлурс мӕй» сдардта, уый. Ӕмӕ дарддӕр фыссы, цыфӕнды уад, тымыгъ куы ниуа, уӕддӕр суадонӕн, булӕмӕргъау, йӕ зард бӕрӕг кӕй уыдзӕн ӕмӕ кӕй хъуысдзӕн, уый.

Ӕмдзӕвгӕ «Мӕ фӕндырмӕ»-йы уынӕм, Мухарбег йе сфӕлдыстадон фӕндагыл фидарӕй кӕй ӕрлӕууыд, уый. Йӕ «фӕндыр уарзы», йемӕ «ӕрвиты йӕ цард», «зындзинадӕн фӕразы» ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр йемӕ «ӕнкъард нӕ фӕкӕны». Фӕндыр ын у ӕнусон цардӕмбал.

Поэт йӕ фӕндырыл ауды, хъахъхъӕны йӕ, ныййарӕгау. Фӕндырӕн та йӕхицӕй домы:

Уарз мӕ, уарз, мӕ хъисфӕндыр, мыггагмӕ!

Ӕз сӕрыстыр, бузныг дӕн дӕуӕй.

Ӕз дӕу никуы ‘руадздзынӕн ӕгадмӕ,

Ӕз дӕу никуы акӕндзынӕн уӕй!

Ацы ӕмдзӕвгӕ схонӕн ис Мухарбегӕн йӕ ардбахӕрд йе сфӕлдыстадон бардуаджы раз. Ӕмӕ йыл, ӕцӕгӕйдӕр, йӕ цыбыр царды райдайӕнӕй кӕронмӕ сайдӕй кӕй нӕ рацыд, поэты ном сӕрыстырӕй кӕй хаста, уый уынӕм абон дӕр.

Алы сфӕлдыстадон адӕймагӕн дӕр афӕдзы цавӕрдӕр афон уӕлдай тынгдӕр фӕадджын вӕййы. Мухарбегӕн йӕ зарджыты сӕр уыд уалдзӕг, ӕмӕ зӕгъы, уалдзӕджы фӕрцы «Бахызт та уарзонад риуты», «Цинӕй нӕ зӕрдӕтӕ — дзаг». Ацы афонӕн йӕ хъӕлӕс сты цъиутӕ сӕ хъӕлдзӕг зарджытӕй. Уалдзӕджы фӕрцы, «Сабийау, худы нӕ бӕстӕ», «Фурдау ӕхсиды нӕ зӕхх», «Быдыртӕ, хъӕдтӕ ‘мӕ фӕзтӕ, адардтой иууылдӕр цъӕх». Ацы ӕмӕ йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕтыл композитортӕ ныффыстой аив зарджытӕ ӕмӕ романстӕ. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Мухарбег йӕхирдыгонау, ӕнӕбафӕзмгӕ, зӕрдиаг ӕмӕ аив цӕстӕй каст цардмӕ, ӕрдзмӕ, лӕппу ӕмӕ чызджы ‘хсӕн ахастдзинӕдтӕм. Йӕ лирикон ӕмдзӕвгӕты, куыд йӕ иннӕ уацмысты дӕр иу былалгъӕй загъд хъуыды дӕр нӕй. Се ‘ппӕт дӕр цӕуынц йӕ зӕрдӕйы рӕбинагдӕр ӕрфытӕй.

Ӕмдзӕвгӕ «Сау цӕстытӕ»-йы кӕд зӕрдӕ ӕрхӕндӕггӕнӕн хъуыдытыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр уыцы ӕрхӕндӕг у рухс, уымӕн ӕмӕ лирикон герой нӕ ферох кӕндзӕн, хъӕлдзӕг бонтӕ цы чызгимӕ арвыста, уыдон:

Ӕз уарзтон сау цӕстытӕ, уарзтон,

Рӕсугъддӕр уыдонӕй кӕм уыд?!

Ӕхсӕв сӕ стъалытимӕ барстон,

Уыдтӕн сӕ алы бон рӕвдыд.

Дарддӕр ӕмдзӕвгӕйы автор зӕгъы, чи йӕ ныууагъта, уыцы уарзон чызджы сурӕт йӕ зӕрдӕйы кӕй баззад рӕсугъдӕй. Тӕхуды кӕны, ныр, йӕ кӕддӕры уарзон йӕ цӕстыты хъармӕй кӕй тавы, уыцы лӕппумӕ. Уыцы хъуыдытӕй банкъарӕн ис, поэтмӕ кӕй уыд ӕнӕфыдӕх уарзт.

Поэт йе сфӕлдыстады арӕхстджын нывгӕнӕг кӕй уыд, уый ма нын ӕвдисы ӕмдзӕвгӕ «Изӕр» дӕр. Йӕ рӕнхъыты фӕлгонцтӕ ӕмӕ абарстытӕ кӕрӕдзийыл сты ӕнгом баст:

Рӕсугъд изӕр.

Цъӕх арвыл хъазы

Сыгъзӕрин мӕй.

Фынӕй ӕрдзӕн

йӕ дзыкку фасы

Йӕ рухс тынтӕй.

Уыцы ӕрдзон изӕрон сабырады рӕсугъддзинадӕн ис иунӕг ӕвдисӕн лирикон хъайтар — поэт. Уый хъусы, мӕргътӕ къалиутыл фӕндырӕй куыд цӕгъдынц, йӕ рӕзты ирд суадон хъӕргӕнгӕ цырд куыд згъоры, уый. Ӕмӕ ӕмдзӕвгӕйы кӕрон зӕгъы:

Рӕсугъд у ам.

Ӕнцадгай тары

Ныгъуылы ӕрдз.

Уыцы нывтӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц йӕ уарзоны ӕмӕ йӕм дзуры, цӕмӕй йӕм рӕвдз фӕзына.

Лӕгау-лӕджы нӕртон ныфсхастдзинадӕй ӕххӕст сты Мухарбеджы хӕстон ӕмдзӕвгӕтӕ. Уыцы рӕнхъытӕ дӕр сты йӕ ардбахӕрд йӕ Фыдыбӕстӕйы раз:

Ӕмӕ дӕ никуы ратдзынӕн знагӕн, зон уый ды,

Фӕлтау мӕлӕт ссардзынӕн дӕ сӕрвӕлтау хӕсты,

Кӕнӕ ӕмдзӕвгӕ «Фӕстаг салам»:

…Мыййаг куы фӕсыкк уой мӕ фӕндтӕ,

Мӕ рухс фӕндаг…

О, курын уӕ, зынаргъ ӕмгӕрттӕ,

Ӕз иу хъуыддаг.

Зӕгъут-иу мын мӕ зӕронд мадӕн,

Куы фӕуа хӕст:

Хӕсты быдыры, зӕгъ фӕмард дӕн

Цытимӕ ӕз.

Зӕгъут-иу ноджыдӕр Кавказӕн

Салам мӕнӕй

Ӕцӕг хъӕбулау дӕ, зӕгъ, уарзтон

Зӕрдӕбынӕй.

Зӕрдӕйӕ цы цӕуы, зӕрдӕмӕ дӕр уый хъары. Ацы ныхӕсты ӕцӕгдзинад уынӕм Мухарбеджы сфӕлдыстады. Йӕ алы дзырды дӕр ӕвӕрдта йе ‘нкъараг ӕмӕ уарзӕгой зӕрдӕйы цӕхӕр. Уымӕн арфӕ зынаргъ ӕмӕ уарзон сты йӕ уацмыстӕ Ирыстоны дзыллӕтӕн.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here