Зонындзинӕдты бон —Алайнаг гимназы

0
328

Ӕмӕ та ралӕууыд бӕркадджын фӕззӕг. Адӕймаджы цӕст не ‘фсӕды ӕрдзы рӕсугъддзинадӕй. Бӕлӕстӕ сӕхи сфӕлыстой сырх, бур, цъӕх ӕмӕ хъулон-мулон дарӕсты. Хур йӕ фӕлмӕн тынтӕй рӕвдауы зӕхх.

Райдыдта ног ахуыры аз. Сывӕллӕттӕ тагъд кӕнынц се скъолатӕм. Дзӕуджыхъӕуы Алайнаг гимназ ӕнтыстджынӕй цӕуы размӕ ахуыры фӕндагыл. Знон дзы ацыд Зонындзинӕдты бон.

Бӕрӕгбоны арфӕтӕ ахуырдзаутӕн, сӕ ныййарджытӕн ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ракодта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уӕлдай арфӕ та ракодта, фыццаг хатт скъолайы кӕртӕй чи ӕрбахызт, уыцы фыццагкъласонтӕн.

— Амондджын бон уын уӕд! Уӕ размӕ цард цы цӕлхдуртӕ ӕвӕра, уыдоны сӕрты уӕндонӕй, ныфсджынӕй хизут ӕмӕ ахуыры бӕрзӕндтӕ стыр ӕнтыстытимӕ уӕ къухы бафтӕнт! — загъта Битарты Вячеслав.

Алайнаг гимназ Дзӕуджыхъӕуы куы байгом, уӕдӕй нырмӕ рацыд цыппар азы. Ахуырады къабазы ацы проект у ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны хъуыддаджы у фыццаг ӕргом къахдзӕф. Цымыдисаг у уымӕй, ӕмӕ дзы ӕппӕт предметтӕ дӕр скъоладзаутӕ ахуыр кӕнынц ирон ӕвзагыл. Сӕ уӕлӕдарӕс дӕр у аив, национ хуызы. Чызджытыл ис рӕсугъд ирон нывтимӕ къабатӕ, лӕппутыл та — ирон хӕдӕттӕ. Сӕ бакастӕй адӕймаджы зӕрдӕ райы.

Йӕ арфӕйы ныхас ма сын загъта нӕ республикӕйы Стыр Ныхасы сӕрдар Кучиты Руслан:

— Нӕ республикӕйы алайнаг гимназ кӕй фӕзынд, ӕмӕ дзы алы предмет дӕр мадӕлон ӕвзагыл лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый не ‘взаг бахъахъхъӕныны хъуыддаджы стыр ӕвӕрӕн у. Арфӕ кӕнын уе ‘ппӕтӕн дӕр ацы рӕсугъд бӕрӕгбоны фӕдыл. Фыццагкъласонтӕ амондджын къах ӕрбавӕрӕнт ӕмӕ ахуыры стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ сӕ къухы бафтӕнт.

Скъолайы директор Цӕразонты Мӕдинӕ афтӕ зӕгъы:

— Не скъолайы ахуыры цыд арӕзт у ирон ӕвзагыл, ома, полилингвалон программӕ ацы скъолайы ахуырадӕн у йӕ астӕуккаг цӕджындз. Уый та домы ирон ӕвзагыл фылдӕр предметтӕ амонын ӕмӕ ахуыр кӕнын. Бирӕтӕм уыцы хъуыддаг диссаг фӕкӕсы, куыд ис математикӕ ӕмӕ ӕндӕр предметтӕ ирон ӕвзагыл ахуыр кӕнӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, сывӕллон уыйбӕрц зындзинад не ‘ййафы. Уымӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг аразгӕ у ахуыргӕнӕджы фӕлтӕрддзинадӕй, ӕрмӕг раст амынд кӕй цӕуы, уымӕй.

Сывӕллӕттӕ бацӕттӕ кодтой хъӕлдзӕг программӕ: аив азарыдысты ирон зарджытӕ ӕмӕ акодтой ирон кӕфтытӕ. Ныййарджытӕ, сӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ уазджытӕ сабитӕн сарӕзтой тыхджын къухӕмдзӕгъд.

Алайнаг гимназ у фыццаг ахӕм ахуырадон скъола. Уый, ӕнӕмӕнг, феххуыс уыдзӕн нӕ мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ нӕ адӕмон традицитӕ бахъахъхъӕнынӕн.

Хъойбайты Галинӕ

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here