Адӕймаг цы нӕ фехъусдзӕн а зӕххыл. Дагестайнаг хъуыстгонд поэт Расул Гамзатовы поэмӕйы ныхас цӕуы уырдыгон ӕгъдауыл. Чызджы чи бауарзы, уыцы усгур лӕппутӕ гом рудзынгӕй сӕ худтӕ баппарынц мидӕмӕ. Чызджы зӕрдӕмӕ чи нӕ фӕцӕуы, уымӕн йӕ худ фӕстӕмӕ раппары. Мидӕгӕй кӕй худ баззайы, уый хицау цин фӕкӕны, ома, йӕ хъуыддаг цӕуы, чызг ӕй бауарзта. Ацы поэмӕйы сюжетӕй спайда кодта Рухсыхъӕуы цӕрӕг Ципо. Йӕ чызг уыдис диссаджы рӕсугъд. Ципо айхъуысын кодта йӕ хъуыды. Нӕ хъӕуккаг усгуртӕ бафӕзмӕнт дагестайнӕгты. Мӕ чызджы уаты гом рудзынгӕй мидӕмӕ ӕппарӕнт сӕ худтӕ. Фӕстӕмӕ кӕй худтӕ раппара, уыдон ӕм нымады нӕ уыдзысты, уым кӕй худ баззайа, уымӕ йӕ амонд мидбылты бахуддзӕн. Чызг Уӕздинцӕмӕ лӕппутӕй бирӕты зӕрдӕтӕ ӕхсайдта. Райдыдтой сӕ худтӕ рудзынгӕй мидӕмӕ ӕппарын. Ӕппӕты разӕй йӕ зымӕгон зынаргъ худ бадыгъгъуытт кодта Бучъийы фырт Бӕппыдзи, худтӕ зыгъгъуытгӕнджытӕй дыккаг уыд Сули, ӕртыккаг — Дзукдзи, цыппӕрӕм — Темырсолтан, ӕдӕппӕт уыдысты фараст лӕппуйы. Худтӕ ӕппарӕн бон уыдис хуыцаубон. Рудзынгӕй фӕстӕмӕ ратахти ӕрмӕстдӕр иу худ. Бӕллиццаг нӕ уыдис, йӕ кӕрӕтты хъуын ранӕй-рӕтты азгъӕлд. Чи йӕ федта, уыдон дзырдтой, йӕ хицау дӕр, дам, ахӕм гӕмхетт уыдзӕни, ӕндӕр ын хуыздӕр ӕнхъӕл стут? Уӕздинцӕ хуыздӕр лӕппуйы аккаг у.
— Цы, уый зонут, — йӕ хъӕлӕс алвӕста Дуфи. — Худ рудзынгӕй куы ратахт, уӕд ӕй ӕз цӕргӕс фенхъӕлдтон, ноджы, йӕ хъустӕ дымгӕмӕ куы базмӕлыдысты, уӕд. Ӕз ма йӕм уӕлӕмӕ дӕр схъӕр кодтон «ссиу!»
Иннӕ худты хицӕуттӕ дисы бацыдысты, иу худ йеддӕмӕ дзы, ӕндӕртӕ цӕуылнӕ раппӕрста, ау, аст лӕппуйы куыд бауарзтаид, уалмӕ смой кӕнын йӕ зӕрды ис? Иу цалдӕрӕй уыцы кӕройнаг уынгыл сӕхи цӕуӕг акодтой, кӕд нӕм исчи ракӕсид, йӕ мидбылты нӕм бахудид, фӕлӕ сӕ йӕ зӕрдӕ никӕмӕй барухс. Фӕлӕ уӕддӕр лӕппутӕй алчи ӕнхъӕлмӕ касти хорз хабармӕ. Сули ма, суанг кусӕрттаг дӕр балхӕдта чындзӕхсӕвӕн. Дзудзи та сӕ кулдуар аивта, чындзхӕсджыты хӕдтулгӕтӕ, дам, нарӕг дуарыл не ‘рбацӕудзысты.
Цыдысты бонтӕ. Афтӕ хъуыдыгӕнджытӕ дӕр уыди, ӕвӕццӕгӕн, чызг тӕлтӕг нӕу, чи зоны, уӕззау зондыл хӕст у ӕмӕ фарста алыг кӕныныл тагъд нӕ кӕны.
Ахӕм ныхӕстӕ айхъусгӕйӕ, Дзудзийы мад Сасанет афтӕ бакодта, ома, уӕззау зондыл хӕст хорз у, фӕлӕ… Бӕгӕны скодтон ӕмӕ уӕдмӕ куы стуаг уа.
Бучъи ма, суанг фын дӕр федта, цыма Уӕздинцӕ сӕ кӕртмӕ базгъордта хъӕргӕнгӕ. Сули, дам, мӕ скъӕфгӕ кӕны, кӕм, дам, амбӕхсон?!
Иуахӕмы Сули фӕраст Беслӕны базармӕ, кӕд, дам, дзы дзӕбӕх худыл фӕхӕст уаин. Чысыл ӕддӕдӕрӕй йӕм ӕрбайхъуыст хъӕлӕс: худтӕ уӕййаг мӕм! Фӕасламдӕр сӕ кодтон… Сули даргъ санчъехтӕгӕнгӕ фӕраст уыцырдӕм. Федта лӕджы цур чысыл стъолӕмбӕрзӕны уӕлӕ цалдӕр худы. Дӕлӕ йӕ худ. Базыдта йӕ.
— Хорз лӕг, ацы худ дын кӕм уыди?!
— Цы, дам?! Ды ма ме ‘рфгуытӕй дӕр зӕгъдзынӕ, мӕн сты. Ӕрфгуытӕ ахӕсс, фӕлӕ дын мӕ фындз нӕ ратдзынӕн. Уый мӕн бирӕ хӕттыты бахӕр-хӕр кӕны куывдмӕ, чындзхастмӕ. Тӕф тынг ахсы.
— Ды мӕнӕн бабуцайы ныхӕстӕ ма кӕн, фӕлӕ зӕгъ, мӕ худ дӕумӕ куыд ӕгъдауӕй бафтыди. Ӕз мӕхи хъустӕ ацы уазал зымӕджы цы фӕкӕнон, уый куы нӕ зонын. Сӕры фахс дӕр уазалӕй риссы.
— Ахӕм сӕр бынтондӕр куы басийа, уӕддӕр ницы кӕны! Зонд дзы нӕй.
— Цӕуылнӕ дзы ис зонд? Йӕ тӕккӕ дзаг у зондӕй!
— Цытӕ дзурыс? Зонд дзы куы уаид, уӕд дӕ худ кӕйдӕр хӕдзармӕ нӕ баппӕрстаис.
— Цӕмӕн кӕйдӕр хӕдзармӕ? Мах дагестайнаг ӕгъдау бафӕзмыдтам, фараст усгурӕй нӕ худтӕ баппӕрстам Уӕздинцӕйы уатмӕ.
— Мах Ципоимӕ нӕ фатертӕ баивтам. Уыдон чындз ӕрхастой. Сӕ дыууӕ уаты сын нал фаг кодтой. Ӕз сын радтон ӕртӕ уаты, иу уаты ныхмӕ мын радтой ӕхца. Иу рӕстӕг кӕсын, ӕмӕ мӕ уаты замманай худтӕ. Ӕз цинӕй амардтӕн. Ӕз сӕ раззаг хуыцаубоны мӕнӕ ацы базармӕ рахастон. Ӕртӕ худы дзы ауӕй кодтон.
— Уыдон дыл бахъаст кӕндзысты!
— Ӕмӕ уӕд цы сойтӕ смӕрздзысты?! Сӕ кой айхъуысдзӕн. Адӕмӕн сӕ ми худӕджы хос уыдзӕн.
— Цы, уый зоныс? Мӕ кой иу ма скӕн, ӕрмӕст мӕ худ ӕри.
Ситохаты Саламджери














