Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы кадӕн РЦИ-Аланийы Нывгӕнджыты цӕдис сарӕзта ӕрмдӕсныты куыстыты ӕмӕ хӕдахуыр нывгӕнджыты куыстыты дунеон иумӕйаг равдыст «Бузныг, царды тыххӕй». Йӕ байгом кӕныны кадджын ӕмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Культурӕйы министры хӕдивӕг Дудайты Чермен ӕмӕ нӕ республикӕйы Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Мӕргъиты Таймураз.
Ӕвдыст дзы ӕрцыдысты нывгӕнджыты ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ Дзӕуджыхъӕуӕй, Дагестанӕй, Стъараполӕй, Хуссар Ирыстонӕй, нӕ республикӕйы районтӕй. Уыдон сарӕзтой хъӕдӕй, хъуымацӕй, зӕрин ӕндахӕй конд ӕмӕ хуыд дзаумӕттӕ. Ис дзы фӕндзай куыстӕй фылдӕр.
— Ацы равдыст арӕзт у Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизы 75 азы бонмӕ. Уымӕн та ис символон нысаниуӕг. Цас нӕ фӕлтӕртӕ нӕ фыдӕлты лӕгдзинады цаутимӕ хуыздӕр зонгӕ уой, уыйбӕрц нӕ фидӕны фӕлтӕртӕ ӕнцондӕрӕй кӕсдзысты размӕ. Уыдзӕн сын, кӕй сгуыхтытыл ахуыр кӕной, ахӕм дӕнцӕгтӕ. Ам цы куыстытӕ фенӕн ис, уыдоны фӕрцы зыны, Кавказы ӕмӕ Фӕскавказы цӕрӕг адӕмтӕ цы сфӕлдыстадон хъуыдыйыл хӕст сты, уый, — загъта йӕ раныхасы Дудайы-фырт.
Уый фӕстӕ равдысты архайджытӕн арфӕ ракодтой РЦИ-Аланийы Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Мӕргъиты Таймураз, Дыгуры районы Цӕголты Георгийы номыл мемориалон музейы директор Лолаты Батрадз.
Равдысты архайджытӕн сӕрмагонд дипломтӕ радта РЦИ-Аланийы адӕмон сфӕлдыстады хӕдзары директоры хӕдивӕг, РЦИ-Аланийы Культурӕйы сгуыхт кусӕг Лалыты Хъазыбег.
Равдыст фенынмӕ чи ӕрбацыд, уыдонӕн сӕ курдиат равдыстой Аивӕдты республикон колледжы фӕндырдзӕгъдджыты трио «Ирыстон»-ы уӕнгтӕ: Плиты Ацӕмӕз, Тауытты Витали, Икъаты Давид. Уыдон ацагътой номдзыд композитор ӕлборты Феликсы ӕмӕ ирон адӕмон мелодитӕй арӕзт попурри.
Равдысты уазджытӕ ма уӕрӕх экраныл федтой Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты цаутыл дзурӕг видеокадртӕ.
Гасанты Валери