Тедеты хӕстон ӕфсымӕртӕ

0
368

Хъорсеуы хъӕуӕй 76 адӕймаджы ацыд Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ. Уыдонӕй 22 фӕмард знаджы дӕрӕн кӕнгӕйӕ. Тедетӕ ӕмӕ Гӕздӕнтӕ тохы цӕхӕрмӕ арвыстой ӕвдгай ӕфсымӕрты. Гӕздӕнтӕ се ‘ппӕт дӕр фӕмард сты, ӕмӕ сын цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой Дзуарыхъӕумӕ хӕстӕг. Тедеты хистӕртӕ Катя ӕмӕ Павелӕн тохы цӕхӕрӕй ӕрыздӕхтысты ӕрмӕстдӕр сӕ дыууӕ фырты. Уыдон чындзӕхсӕвтӕ скодтой се ‘хсӕз хъӕбулӕн. Фӕзынди сын цот ӕмӕ хъӕбулы хъӕбултӕ. Тедеты ӕфсымӕртӕн, Егорӕй фӕстӕмӕ баззад цот. Фӕлӕ уыдон сӕ хистӕрты нӕ хъуыды кӕнынц.

Егор Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕстмӕ ацыд хӕрз ӕрыгонӕй. Хӕсты размӕ куыста геологтимӕ. Хӕстмӕ та ацыд Цънелисы фабрикӕй. Ӕфсымӕрты хистӕр — Уанкъа 1941 азы ацыд тохы цӕхӕрмӕ. Йӕ уӕзӕгыл ныууагъта йӕ бинойнаг Настяйы дыууӕ ӕнахъом лӕппу ӕмӕ чызгимӕ. Настя тухӕнтӕй схаста йӕ сабиты. Схъомыл кодта йе ‘ртӕ хъӕбулы — Графы, Ленӕ ӕмӕ Гришӕйы. Хӕсты фӕстӕ Настя ӕрцард Горӕтгӕрон районы. Никъолоз дӕр ныууагъта йӕ цоты: дыууӕ фырты ӕмӕ иу чызг, афтӕмӕй ацыд тохы цӕхӕрмӕ ӕмӕ фӕмард 1944 азы.

Тедеты Бури иннӕ ӕфсымӕртӕй хицӕн кодта йӕ зӕрдӕхӕлардзинадӕй. Ӕрдзӕй рахаста ӕмгар ӕмӕ адӕмуарзон. Бинонтӕ йӕ уарзтой йӕ уӕздандзинад ӕмӕ зӕрдӕхӕлардзинады тыххӕй. Хӕстмӕ цӕугӕйӕ, Бури йӕ бинойнаг Кетойы ӕвджид ныууагъта ӕхсӕз чызджы. Уыдонӕй дыууӕ амард.

Бури фӕмард Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты — 1944 азы. Йӕ бинойнаг Кетойӕн йӕ цоты хъомыл кӕнынмӕ ӕххуыс кодта паддзахад. Валя ӕмӕ Мисурӕт цӕрынц Цхинвалы. Фатимӕ — йӕ рагуырӕн хъӕуы. Павелы фырт Сардо фӕмард нӕ бӕстӕ знагӕй сӕрибар кӕнгӕйӕ. Йӕ бинойнаг Беппиты Надя ӕрцард Горӕтгӕрон районы. Сӕ фырт Уазно цӕры Стъараполы крайы.

Йе ‘фсымӕртӕй амондджындӕр разынд Тедеты Павелы фырт Зӕлиго. Ӕрыздӕхт хӕсты фӕстӕ йӕ райгуырӕн хъӕумӕ кадимӕ ӕмӕ ӕфсӕддон хорзӕхтимӕ. Фӕцард йӕ бинойнаг Козаты Раисӕимӕ. Иумӕ схъомыл кодтой сӕ цоты: Любӕйы, Жорикы, Ваня ӕмӕ Темболы.

Тедеты хӕстонты бинойнӕгтӕ сӕ мойтӕн быдтой хъарм уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕ ӕрвыстой фронтмӕ. Тедеты ӕфсымӕртӕй фӕллойы, цардархайды ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд Митъушы къухы. Уый райгуырд 1917 азы. Каст фӕци Дзауы астӕуккаг скъола. Ахуыры хайады сӕргълӕууӕгӕй куыста Теделеты астӕуккаг скъолайы. Хӕсты райдайӕны ацыд тохы цӕхӕрмӕ. Дыууӕ азы дӕргъы службӕ кодта бастдзинады батальоны санитарон хайы.

Митъушы хӕстон фӕндӕгтӕ райдыдтой Кавказы ӕмӕ ахӕццӕ сты суанг Берлинмӕ. Йӕ хӕдзармӕ ссыд бирӕ хӕрзиуджытимӕ. Иудадзыгдӕр ӕххуыс кодта йӕ зынгхуыст хӕстон ӕфсымӕрты цотӕн. Разӕнгардӕй куыста колхозы. Митъуш йӕ райгуырӕн хъӕу Хъорсеуы фӕцард йӕ адзалы бонмӕ.

Тедеты хӕстон ӕфсымӕрты сгуыхтдзинад фӕлтӕртӕн баззайдзӕн лӕгдзинады мысинагӕн.

Тедеты мыггагӕй ма тохы цӕхӕры стыр лӕгдзинад равдыстой Тедеты Ефим (Екти), Гӕбила, Лександр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here