Ӕвӕджиауы ивддзинӕдтӕ Куырттаты комы

0
390

Куырттаты комбӕсты цӕрджытӕ стыр ӕхсызгонӕй ӕнкъарынц хуыздӕрӕрдӕм ивддзинӕдтӕ. «Иугонд Уӕрӕсе»-йы проектты комулӕфт хӕхбӕстӕм ӕрбахӕццӕ ӕмӕ барджын къахдзӕфтӕ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппӕт ивддзинӕдтӕ дӕр арӕзт цӕуынц бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Гуыриаты Валерийы хъӕппӕрисӕй, нӕ республикӕ ӕмӕ Алагиры районы разамонджыты ӕххуысӕй. Гуырийы-фырт кӕны удуӕлдай архайд, «Иугонд Уӕрӕсе»-йы проекттӕ хӕххон царды ныффидар кӕныныл, цӕмӕй хохы цъассы цӕрӕг адӕм ӕнкъарой проектты тӕваг, ӕнкъарой удӕнцойдзинад.

Зӕрдӕ райы, сӕрмагонд регионалон проект «Сыгъдӕг бӕстӕ»-йы фӕлгӕты нӕм цы мадзӕлттӕ арӕзт цӕуынц, уыдонӕй. Сыгъдӕггонд цӕуынц ӕнӕзакъон бырондӕттӕ Хӕрисджынӕй суанг Гуысырамӕ. Фыййаджы цӕугӕдоны былгӕрӕттӕ абон сты бӕллиццаг уавӕры. Ам бырон калыны фӕткӕн кӕрон ӕрцыд. Ӕрвылбон архайд цӕуы уынгты сыгъдӕгдзинадыл. Кӕуылты хорздзинад у, Фыййагдоны раздӕры ӕрзӕтыссӕн куыстуаты хауӕццӕгтӕ сӕ маргхӕццӕ буаргъӕдтӕй ӕрдзы сыгъдӕгдзинадӕн дӕр ӕмӕ адӕмы ӕнӕниздзинадӕн дӕр знаггад кӕй нал кӕнынц, уый! Ацы бынат ныр ӕдас дӕр у ӕмӕ аив дӕр. Уыцы ахсджиаг хъуыддагмӕ Гуырийы-фырт ӕмӕ ӕппӕт куырттатӕгтӕ дӕр бирӕ азты ӕнхъӕлмӕ кастысты. Фӕлӕ йӕ банывыл кӕныныл зӕрдиагӕй бацархайдта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Ивы уынгты ӕмӕ кӕртыты фӕлгонцад. Аивгонд ӕрцыдысты комбӕсты хъомыладон артдзӕст — Культурӕйы галуаны бацӕуӕнтӕ, кӕрт. Къӕпхӕнгай аивгонд цӕуынц бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ. Хуыздӕр кӕнынц рӕвдауӕндоны уавӕртӕ дӕр. Бирӕвӕрсыг у Валерийы ӕххуыс рӕвдауӕндонӕн. «Валеримӕ цӕмӕ баулӕфӕм, уый нын ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕны, стӕм дзы бузныг», — зӕгъы рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг Томайты Ларисӕ.

Уӕдӕ фӕндӕгты хӕрзхъӕддзинадмӕ дӕр кӕддӕриддӕр ис цӕстдард. Зӕрдӕхсайгӕ кӕм вӕййынц, уым сӕм ӕвӕстиатӕй базилынц. Уымӕй уӕлдай ма поселокӕй суанг Хидыхъусмӕ соса фӕндаджы рахиз фӕрсты арӕзт ӕрцыд, фистӕг адӕмы удӕнцойдзинадӕн асфальтӕй ӕмбӕрзт къахвӕндаг.

Уӕлдай раппӕлинаг сты арӕзтадон куыстытӕ. Рӕвдауӕндоны фарсмӕ ацы сӕрд арӕзт ӕрцыд нӕ чысыл хуртӕн хиирхӕфсӕн бынат — хъазӕн фӕз нырыккон арӕзтадон домӕнтӕм гӕсгӕ.

Ӕгӕрон цины мидӕг сты комбӕсты адӕм хистӕрӕй, кӕстӕрӕй, скъолайы фарсмӕ цы егъау стадион арӕзт цӕуы, ууыл. Ӕмӕ куыннӕ! Чи зоны, цас дон фӕхаста Фыййаджы цӕугӕдон Хъаспы денджызмӕ, комбӕсты рӕзгӕ фӕлтӕр, ацы футболон фӕзмӕ кӕдӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕдӕй абонмӕ! Фӕлӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уӕд Битары-фырт! Цинтӕй дзаг уӕд йӕ фӕрныг къона! Цинӕфсӕст уӕнт нӕ районы сӕргълӕууӕг Бутаты Арсен ӕмӕ бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Гуыриаты Валери! Уыдоны цӕстуарзондзинад ӕмӕ зӕрдиаг архайды фӕрцы, кӕд стадионы арӕзтад кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ, уӕддӕр уал комбӕсты рӕзгӕ фӕлтӕр ам хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынц сӕ сабидуг. Стыр ӕхцондзинад дӕтты адӕймагӕн сабиты цӕрдӕг фезмӕлд, сӕ цинӕйдзаг цӕстӕнгас. Дызӕрдыггаг нын нал у, рӕхджы кӕй кӕсдзыстӕм цымыдисаг спортивон ерыстӕм, уый дӕр.

Валерийы хъӕппӕрисӕй ӕмӕ комбӕсты фӕсивӕды ӕнӕзивӕг архайды фӕрцы къӕпхӕнгай аивгонд цӕуынц, ӕдзӕллаг уавӕры цы кувӕндӕттӕ ӕмӕ мӕсгуытӕ ис, уыдон. Комы разамонӕг ам арвыста йӕ хъӕлдзӕг сабидуг, йе ‘взонджы бонтӕ ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ уӕлдай зынаргъдӕр сты йӕ адӕм, зынаргъ ын у йӕ алы къуыбыр дӕр, йӕ алы дур дӕр, хорз ын зоны йӕ хивӕнд ӕрдзы миниуджытӕ дӕр. Къӕрцхъус у кӕддӕриддӕр тыхджын дымгӕты, тӕрккъӕвдаты, донивылдтыты фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынмӕ. Цӕмӕй хъӕуты цӕрджытӕн сӕ царды уавӕртӕ бӕлвырд зона, уый тыххӕй сӕ арӕх абӕрӕг кӕны. Абон Валери ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр, фыццаградон лыггӕнинаг фарстайыл нымайы хъӕуты нуазыны доны фаг ӕмӕ сыгъдӕгдзинад. Ӕмӕ архайы ӕппӕт хъарутӕй, агуры алы мадзӕлттӕ, цӕмӕй хъӕуты цӕрджытӕ дӕр, куыд поселочы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты хицӕуттӕ, афтӕ пайда кӕной сыгъдӕг донӕй.

Валерийӕн йӕ удысконд ахӕм у, ӕмӕ мадзурайӕ сагъӕс кӕны ӕдзӕллагдзинӕдтыл, хъуагдзинӕдтыл, ӕххӕстгӕнинаг хъуыддӕгтыл. Дзургӕ — къаддӕр, аразгӕ — фылдӕр у йӕ царды ахсджиагдӕр нысан. Гуырийы-фырт сагъӕс кӕны, Куырттаты комы цӕрджытӕ фыццаг рухсы цъыртт кӕм федтой, уыцы Лӕцы скъолайы кӕлӕддзаг уавӕрыл. Иттӕг хорз у, нӕ республикӕйы культурон бынты хӕзнатӕ бахъахъхъӕныныл сӕрмагонд комитет кӕй кусы, уый. Фӕлӕ Лӕцы скъола историон объектыл нымад кӕй нӕу, уый Валеримӕ раст нӕ кӕсы. «Ау, 113 азы цы скъолайыл цӕуы, уый историон объект куыд хъуамӕ ма уа?», — зӕгъы Валери. Ӕмӕ уыцы хъуыддагыл дӕр архайы.

Рохуаты нӕ баззадысты зымӕгмӕ цӕттӕдзинады фарстытӕ дӕр. Валери архайы, цӕмӕй бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты хицӕуттӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ ӕнкъарой хъармдзинад. Хъармдӕттӕн агдоны ныртӕккӕ цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, цӕмӕй хъармдӕттӕн рӕстӕгыл афойнадыл сӕмбӕлой, ууыл амы кусджытӕ кӕнынц зӕрдиаг архайд.

Сусӕггаг нӕу, афӕстаг рӕстӕг адӕм хӕхбӕстӕм се ‘ргом кӕй сарӕзтой, уый. Уӕлдай тынгдӕр сӕ йӕхимӕ ӕлвасы Куырттаты ком. Йӕ алӕмӕты ӕрдз, цымыдисаг историон ӕмӕ ӕрдзон цыртдзӕвӕнтӕ сӕм гуырын кӕнынц тырнындзинад нӕ рагфыдӕлты цард хуыздӕр базонынмӕ. Йӕ авналӕнтӕ кӕмӕн куыд амонынц, афтӕ дзы арӕзт цӕуынц аив цӕрӕн хӕдзӕрттӕ, дачӕтӕ, фӕлладуадзӕн бынӕттӕ, дуканитӕ. Ӕмӕ бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг уыцы хъуыддагмӕ дӕр иугӕндзон йӕ хъус дары. Домы, цӕмӕй алы арӕзтад дӕр уа закъонӕвӕрды бындурыл. Ӕнӕзакъон арӕзтадӕн бар нӕ дӕтты.

Уӕдӕ нӕм нырыккон ногдзинӕдты уылӕн дӕр ӕрбахӕццӕ — фӕзынд нӕм банкомат. Уый стыр удӕнцойдзинад у бынӕттон цӕрджытӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕг адӕмӕн дӕр!

Фӕрниаты Рая,

педагогон фӕллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here