Хӕрзиуджытӕ — хуыздӕр журналисттӕн

0
246

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы цур ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны ӕмӕ рӕзты къамисы уынаффӕмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд, иронау чи фыссы, уыцы журналисттӕн, сӕ хуыздӕр ӕрмӕджыты тыххӕй сӕрмагонд конкурс. Ацы хӕрзиуӕг лӕвӕрд цӕуы ныр дыккаг аз. Знон уазӕгуат «Владикавказ»-ы конференц-залы уыд, ацы хӕрзиуӕг чи райста, уыдонӕн кадгӕнӕн ӕмбырд.

Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты ӕмӕ Мыхуыры республикон комитеты разамынд ӕмӕ дзыллон-хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытӕ, ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Йӕ райдайӕны йӕ архайджытӕ ссардтой РЦИ-Аланийы адӕмон артист Бытъӕты Роберты рухс ном.

Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы мадӕлон ӕвзагыл хӕрзхъӕд тематикон равдыстытӕ ӕмӕ информацион программӕтӕ кӕй цӕттӕ кӕны, уый тыххӕй хӕрзиуӕджы аккаг сси информацион программӕты уацхӕссӕг Моргуаты Ладӕ, газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редакторы хӕдивӕг Бутаты Эльзӕ, интернет фӕрӕзты номинацийы хӕрзиуӕг райста информацион портал «15-ӕм регион»-ы директор Кучиты Алыксандр, республикӕйы районты газетты ӕхсӕн та конкурсы фӕуӕлахиз Кировы районы газет «Размӕ»-йы коллектив, хӕрзиуӕг райста йӕ сӕйраг редактор Мылдзыхты Анжелӕ.

— Ирон ӕвзаг у нӕ нацийы хӕзна ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнут, йӕ рӕзтӕн фадӕттӕ аразут уе ‘рмӕджытӕй, уӕ тематикон сюжеттӕй, интернеты тыгъдады фыст уацтӕй. Ацы преми сарӕзтам уый тыххӕй, цӕмӕй уӕ вазыгджын архайд ирон ӕвзаджы рӕзтыл уа ноджы ахадгӕдӕр, — загъта Тускъаты Таймураз.

— Нӕ республикӕйы разамынд ӕмӕ мыхуыры комитет ацы конкурс дыууӕ азы размӕ сарӕзта уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ нацийы хӕзна — ирон ӕвзаджы рӕзтыл уӕ фыст ӕрмӕджытӕ уой, ноджы хуыздӕр ӕмӕ ахадгӕдӕр. Цӕмӕй канд хӕрзиуджыты тыххӕй ма фыссат, фӕлӕ уӕ аив ӕрмӕджытӕй ахадат нӕ нацийы удварны рӕзтыл, — йӕ арфӕйы ныхасы бахахх кодта РЦИ-Аланийы мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты сӕрдар Фидараты Юри.

Хӕрзиуӕг чи райста, уыдоны номӕй та арфӕйы ныхӕстӕ загъта Бутаты Эльзӕ.

Ирон мыхуыры фӕрӕзтӕн нӕ республикӕйы адӕмы удварны рӕзты цы ахадындзинад ис, цӕмӕй сӕ-иу фылдӕр адӕм рафыссой ӕмӕ кӕсой, уый тыххӕй йӕ фӕндтӕ кадджын ӕмбырды архайджыты размӕ рахаста республикон адӕмон газет «Дигорӕ»-йы сӕйраг редактор Сакъиты Эльбрус.

Кадджын хӕрзиуӕджы аккаг чи сси, уыдоны зӕрдӕтӕ сӕ аивадӕй барухс кодтой республикӕйы Аивӕдты колледжы фӕндырдзӕгъдджыты трио «Ирыстон» ӕмӕ ӕрыгон музыканттӕ Моргуаты Арнеллӕ ӕмӕ Сергей Кузанов.

Газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы номӕй мах зӕрдиаг арфӕ кӕнӕм не ‘мкусӕг, сӕйраг редакторы хӕдивӕг Бутаты Эльзӕйӕн. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ног сфӕлдыстадон уӕлахизтӕ. Йӕ мидисджын ӕмӕ хъӕздыг ирон ӕвзагыл фыст ӕрмӕджытӕй ма нӕ газеткӕсджыты зӕрдӕтӕ куыд рухс кӕна, уыцы амонд ӕй уӕд!

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here