Ведомствӕйы хӕрзиуӕг

0
240

Фӕллойы тыххӕй кӕмӕн раарфӕ кӕнынц, уыцы адӕймаг ӕхцондзинад банкъары. Ӕппӕт хъарутӕ кӕмӕн радты, уыцы фӕллойы тыххӕй хӕрзиуӕг та йын дывӕр ӕхцондзинад ӕрхӕссы.

Ӕрӕджы ахӕм циндзинад банкъардта Рахизфарсы районы Культурӕйы галуаны аивадон разамонӕг Туаты Риммӕ. Бирӕ азты ӕнтыстджынӕй кӕй фӕкуыста, уый тыххӕй йын нӕ республикӕйы культурӕйы министр Къубалты Эльбрус радта Уӕрӕсейы культурӕйы министр Ольгӕ Любимовайы бузныджы фыстӕг.

Риммӕ 51 азы кусы культурӕйы къабазы. Йӕ фӕллойадон фӕндаг райдыдта Черменыхъӕуы Культурӕйы хӕдзары концертамонӕгӕй, фӕстӕдӕр та раивта Рахизфарсы районы Культурӕйы галуанмӕ ӕмӕ ныр 45 азы дӕргъы кусы уым. Уыди дзы фӕндырдзӕгъдӕг, методист, директор, ахста Рахизфарсы районы Клубты централизацигонд системӕйы разамонӕджы бынат. Ныр та фӕллой кӕны Культурӕйы галуаны аивадон разамонӕгӕй. Бузныджы фыстӕгимӕ йын Къубалы-фырт бахаcта уардиты баст ӕмӕ йын зӕрдиаг арфӕ ракодта йӕ хъазуатон куысты тыххӕй.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here