Дзӕрӕхы хӕрӕг

0
319

Францаг дзырд «пикет» иронау хъуысы «Бичет». Нысан кӕны хъахъхъӕнджыты чысыл къорд. Хъӕриуы хохы цъупп у, денджызы ӕмвӕзадӕй нымайгӕйӕ, ӕртӕ километры бӕрзӕндӕн. Астӕуккаг ӕнусты, знагӕй тӕрсгӕйӕ, уым ӕппынӕдзухӕй дӕр цыди хъахъхъӕнджытӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыйны Бичеты цъупп. Уырдыгӕй дзӕбӕх зынынц Уӕлладжыры ӕмӕ Куырттаты кӕмттӕй ӕрбацӕуӕнтӕ, схизӕнтӕ. Фыццаг хатт дзы уыдтӕн 1942 азы июны мӕй. Цыди мыл ӕртындӕс азы.

Нӕ мыггаджы рагфыдӕлтӕ ӕрбынӕттон сты Бичеты цъуппы дӕлбазыр. Сӕ цӕрӕн бынат хуынди Мидӕггаг хъӕутӕ. Уым ныр дӕр ма ис сӕхи амад систӕ. Знагӕй тӕссаг уавӕр куы фӕсабыр, уӕд 1700 азы чысыл бындӕр ӕривтой ӕмӕ Хъӕриуы хохы фахсыл хъугӕмтты ӕрцардысты. Фыццаг ӕрцӕрӕджы ном хуынди Гул, ӕмӕ ацы цӕрӕн бынат дӕр рахуыдтой Гули. 1720 азы ам нӕ фыдӕлтӕ сӕ ноггуырд лӕппуйыл сӕвӕрдтой ном — Кцо. Уый номӕй равзӕрди мыггаджы ном — Кцойтӕ. Гулийы мыггаг самадтой сӕхи мӕсыг, йе скомкоммӕ фӕндаджы хӕдуӕлвӕд къӕдзӕхдурӕй сарӕзтой цӕрӕн хӕдзар — гӕнах. Ацы гӕнахы Кцойтӕн райгуырди фӕд-фӕдыл ӕртӕ лӕппуйы: Дзанг, Челемет ӕмӕ Куку. Дзанджы фырт Беслӕн у мӕ фыдыфыд. Фӕлӕ уыдоны кой нӕ кӕндзынӕн.

Сӕрмагондӕй мӕ радзурын фӕнды Кукуйы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй. Куку схъомыл кодта цыппар лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы — Биджелты хӕрӕфырттӕ: Дзӕрӕх, Хадзы, Дзекъо, Ахмӕт, Ленӕ ӕмӕ Мӕхӕмӕт. Дзекъо Брытъитӕм чындзы ацыд, Ленӕ та — Бедойтӕм. Мӕхӕмӕт усгур лӕппуйӕ амарди. Дзӕрӕх ӕмӕ Хадзи бинонтӕ ӕрхастой, рантысти сын цот. Ахмӕтӕн дӕр ус курын афон ӕрхӕццӕ, фӕлӕ бинонтӕ бабирӕ сты, ӕмӕ уыцы стыр гӕнахы ног чындзӕн хицӕн уат нал уыд. Дзӕрӕх сыхӕгтӕн лӕгъстӕ кодта, иу сынтӕг, дам, кӕм бацӕуа, уый бӕрц мын зӕхх рауӕй кӕнут. Къӕдзӕхдурӕй йын къул ацамайдзынӕн, ӕмӕ уал чындзы цотӕн сбӕздзӕн. Афӕдз фӕлӕгъстӕ кодта, фӕлӕ уыдон не сразы сты. Фӕстагмӕ Дзӕрӕх смӕсты ӕмӕ загъта: «Мӕ мад мын кӕй радта, уый мын хӕрам фӕуӕд, ӕз, зӕхх уӕрӕхдӕр кӕм у, уым куы нӕ ӕрцӕрон, ӕмӕ ме ‘фсымӕрӕн нӕртон чындзӕхсӕв куы нӕ скӕнон!» Асӕй рӕстӕмбис лӕг уыди Дзӕрӕх, фӕлӕ ставдстӕг, фидар туг, уӕззау зондыл хӕст. Йӕ фындзы бын бӕзджын пака рихитӕ. Фылдӕр дардта ирон дарӕс: цухъхъа, ӕвзист хъама, бухайраг худ. Саргъы бӕхыл сбадт ӕмӕ араст и быдырмӕ зӕххагур.

Уый уыди 1910 азы. Мӕгуыр хохаг лӕг хъӕуи-хъӕу фӕзылд йӕ зонгӕтыл, ӕввахс зӕхх йӕ къухы нӕ бафтыд. Фӕцӕуон, загъта, дард Мӕздӕгмӕ. Ам сӕмбӕлди йӕ хорз зонгӕ Хъулаты Бызӕйыл. Бызӕйӕн дзӕвгар хӕлӕрттӕ уыди Мӕздӕджы. Иумӕ бирӕ фӕзылдысты ӕмӕ фӕстагмӕ, Хӕхолы хъӕу кӕй хонынц, уым уӕлкъуыбыр балхӕдтой зӕхх. 1911 азы Дзӕрӕх йӕ бинонты галуӕрдоны хохӕй Мӕздӕгмӕ раласта. Рӕстӕгмӕ Бызӕтӕм ӕрцардысты. Куыстуарзон ӕфсымӕртӕ февнӕлдтой ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ ӕртӕуатон хӕдзар скодтой самандурӕй. Зӕхх — фаг. Бинонтӕ хорӕй бафсӕстысты. Самал кодтой фос, бӕхтӕ, галтӕ, найгӕнӕн. Сӕхиуыл фӕхӕцыдысты. Дзӕрӕх къухарӕхст куыстытыл фӕцалх гыццылӕй йӕ фыды руаджы ӕмӕ хорз зыдта хъӕдын дзаумӕттӕ цалцӕг кӕнын. Сӕ фарсмӕ ма ног хӕдзӕрттӕ дӕр скодтой. Уырдӕм Ахмӕтӕн ус ӕрхастой 1917 азы Царахаты Косерханы, Хуымӕллӕгӕй. Ӕртӕ ӕфсымӕры ӕртӕ хӕдзарӕй цардысты фӕрсӕй-фӕрстӕм. Бинонты цард йӕ гаччы сбадт. Дзӕрӕх сӕ цуры тӕккӕ къуыбырыл дӕргъӕй-дӕргъмӕ дыууӕ къанауы скъахта. Сӕ кӕрӕттӕ сын дӕлбылмӕ акъахта, ома, къӕвдайы дон ууылты цӕуа. Къанӕутты астӕу зӕхх метры фӕтӕнӕн ныууагъта. Уый фынджы бӕсты. Йӕ фӕрсты къанӕутты былтыл фӕйнӕджытӕ ауагъта, уый та — бадынӕн. Фынджы райдайӕн самадта уираг дурӕй иу уат — къӕбицӕн. Срӕвдз кодтой куывд: бӕгӕны, арахъхъ, гал, маргъ бирӕ. Ӕрхуыдтой хъӕуы цӕрджыты. Кувӕг лӕг дзы уыди Хъулаты Бызӕ.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ хъӕуы цӕрджытӕ алы аз дӕр фӕззӕджы уым кодтой куывд. Иууылдӕр уыдысты Куырттаты комӕй рацӕугӕ. Рахуыдтой йӕ «Дзӕрӕхы Уастырджи». Сӕ цӕрӕн бынат та абон дӕр хуыйны «Кцойты къуыбыр». Уалынмӕ Мӕздӕджы дӕр советон хицаудзинад ӕрфидар, цардыуаг бӕлвырд фендӕр.

Гъе, фӕлӕ 1930 азы колхоз сарӕзтой, ӕмӕ сыл уый хорзӕрдӕм нӕ фӕзынд. Сӕ зӕхх сын ӕрцыбыртӕ кодтой. Ӕрнымадтой сын сӕ фос ӕмӕ ма сын фӕйнӕ иу хъуджы ӕд родтӕ ныууагътой. Бӕхтӕ, галтӕ, уӕрдӕттӕ, гутӕттӕ, найгӕнӕн колхозмӕ раттын кодтой. Дзырдтой сын, иумӕйаг хӕдзарад хъӕздыг уыдзӕн, ӕмӕ уырдыгӕй исдзыстут алцыппӕт, зӕгъгӕ. Маргъ дӕр, цы ‘мбӕлы, уымӕй фылдӕр дарӕн нӕ уыд. Хъалон сбирӕ. Сагъӕс кодта Дзӕрӕх. Дзырдта— иу: «Советон хицаудзинад хорз у адӕмӕн, фӕлӕ ацы колхозтӕ иууыл хорз не сты. Адӕм хурхӕй мӕлдзысты. Цы у, уымӕй тыхми, куыд зӕгъынц, афтӕ куы нӕ кӕной, уӕд — Сыбырмӕ…» Дзӕрӕхы ныхӕстӕ НКВД-йы дымысмудджытӕ бынатыл сӕмбӕлын кодтой. Дзӕрӕхмӕ фӕдзырдтой, бамбарын ын кодтой, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый.

Рӕстӕг цыди. Бинонты фӕдыл дам-думтӕ гуырын байдыдтой. Дзырдтой: найгӕнӕн сӕм уыд, хор ӕмӕ фос ӕфсӕст цыдысты. Чи дзырдта «зажиточный» сты, чи та «кулак» сты, зӕгъгӕ. Хъулаты Бызӕ йӕ зонгӕты руаджы базыдта, тагъд бонты Дзӕрӕх ӕд бинонтӕ кулак хӕссынц, уый. Сӕ бынтӕ ӕрбауӕй кодтой талф-тулфӕй ӕмӕ ӕхсӕвыгон ралыгъдысты Мӕздӕгӕй. Ахмӕт ӕрцарди Фыййаджыбылы, Дзӕрӕх та йӕ фондз чызгимӕ — Хӕтӕлдоны. Уый уыди 1933 азы. Хъуыды-ма сӕ кӕнын, цыди мыл фондз азы. Фыццаг уал махмӕ ацардысты, стӕй — хъӕуысӕр. Кцойты Кӕсӕбо Дзӕуджыхъӕумӕ алыгъди, ӕмӕ уӕд уый хӕдзар райста Дзӕрӕх.

Нӕлгоймаджы куыстытӕ иууылдӕр йӕхимӕ кастысты. Уӕдӕ Хӕтӕлдоны колхозӕн дӕр ӕххуыс кодта, йӕ бон цы уыд, уымӕй.

Дзӕрӕх ӕмӕ Къаболаты Темырболат зылдысты колхозы мыдыбындзытӕм. Зӕронд лӕг уыд, фӕлӕ ӕнцад бадын нӕ уарзта Дзӕрӕх. Самал кодта хӕрӕг. Скодта йын рӕсугъд уӕрдон, къыбар-къыбургӕнгӕ-иу фӕцӕйцыд. Хӕтӕлдоны уыцы заман царди сӕдӕ хӕдзары ӕмӕ дзы хӕрӕг ӕндӕр никӕмӕ уыд. Иууылдӕр зыдтой Дзӕрӕхӕн йӕ цъӕх хӕрӕджы. Зӕронд лӕгӕн бирӕ удӕнцой лӕвӕрдта, бӕргӕ, фӕлӕ фӕстагмӕ тынг сдзырддаг. Хӕсты рӕстӕг колхозы кусӕг тых зынгӕ фӕкъаддӕр, хъӕу смӕгуыр.

1942 азы немыц ӕрбахӕццӕ сты Хӕтӕлдонмӕ, ӕмӕ хъӕу ӕгасӕйдӕр ныззаууат. Колхоз фехӕлди. Фӕлӕ 24 декабры тард ӕрцыдысты немыц. Колхоз йӕ къахыл слӕууын кӕнын хъуыд. Куыстытӕ та размӕ нал цыдысты. Бӕх нал баззад, гал нӕ, иу трактор “ХТЗ” ма дзы уыди, ӕмӕ уымӕн та ивӕн хӕйттӕ не ссардтаис. Кусын та хъуыд.

Иуахӕмы Дзӕрӕхмӕ фӕдзырдтой хицауад, загътой йын: — «Дзӕрӕх, дӕ хӕрӕг колхозмӕ радт, адӕмы цыбӕл кӕны, халы сӕ, хорз нал кусынц. Дзӕрӕх, дам, иунӕгон у, мах дӕр, дам, хӕрджытӕ самал кӕндзыстӕм ӕмӕ уыйау нӕ хӕдзары куыстытӕ кӕндзыстӕм». Дзӕрӕх ницы дзырдта, ӕдзынӕгӕй касти парторг, сӕрдар ӕмӕ хъӕуыхицаумӕ. Бынтон ӕй нӕма уырныдта, ӕцӕг дзурынц ӕви хъазӕн ныхас кӕнынц, уый. Ӕгӕр куы кодтой, уӕд фӕмӕсты, сбустӕ кодта: — «Мӕ хӕрӕджы нывӕн сут, кӕд ма йӕ иу ран куыд ныууадзат!» Дзургӕ сӕ ныууагъта ӕмӕ рацыди. Рацыди Дзӕрӕх, цӕуы йӕ лӕдзӕджы ӕнцӕйтты, зӕхмӕ кӕсгӕ. Йӕ фӕндаг махуылты акодта. Мӕ фыд Хадзыбаримӕ къӕбӕр хордтой, ӕз та сын уырдыг лӕууыдтӕн, дурын мӕ къухы. Дзурын сӕм нӕ уӕндыдтӕн. Дурынӕн дӕр ӕрӕвӕрӕн нӕ уыди. Цырагъы лӕуд кодтон сӕ цуры ӕмӕ сӕм лӕмбынӕг хъуыстон. Дзӕрӕх тынг мӕсты уыди. Дзургӕ кодта гыццыл, фӕлӕ йӕ алы ныхас дӕр — фидар.

— Мӕсты дӕр куыннӕ кӕнон, мӕсты, Хадзыбатыр, — загъта Дзӕрӕх.

— Хӕтӕлдоны, дам, шасиализм аразын нӕ уадзы дӕ хӕрӕг, адӕмы зонд шасиализмы ныхмӕ кӕны ӕмӕ, дам, дӕ хӕрӕг колхозмӕ радт ӕд уӕрдон! Ахӕм ӕнӕджелбетт ныхӕстӕ мын кӕнынц нӕ хицауад. Куыд хъыгдары мӕ хӕрӕг шасиализмы?! Сӕ галиу митӕ, сӕ къуыхцытӕ мӕ хӕрӕджы ӕфсон скодтой.

Мӕздӕджы стыр зынӕй зӕхх самал кодтон. Хорз цардыстӕм, куыстам нӕ зӕхх, фос дардтам ӕмӕ нӕхи фӕллойӕ цардыстӕм. Уалынмӕ колхоз сарӕзтой, ӕмӕ нӕ бинонты цард ныггалиутӕ. Шасиализм ӕмӕ, дам, коммунизм аразӕм, уӕд, дам, бухъ цард кӕндзыстӕм. Мӕ фӕллӕйттӕ мын ассывтой, уый сын ӕгъгъӕд нӕу, фӕлӕ ма мӕ кулак скӕнинаг дӕр уыдысты. Уыдон адӕм сты? Уӕдӕмӕ сын Хуыцау нӕй…

Хадзыбатырӕн Дзӕрӕх йӕ фыды хуызӕн уыди, къӕйных ныхас ӕм нӕ уӕндыд, тынг ын кад кодта, фӕлӕ йын уӕзданӕй загъта: — «Дзӕрӕх, ацы колхозтыл ничиуал фӕтых уыдзӕни, цы зӕгъынц, уый кӕн, науӕд — дӕлӕмӕ, Сыбырырдӕм». Афтӕ бонӕй-бон дзырддагдӕр кодта Дзӕрӕхы хӕрӕг. Хицауад-иу ӕм ӕрвитгӕ дӕр бакодта йӕ хӕдзармӕ, фӕлӕ сӕ-иу раздӕхта Дзӕрӕх. Тынг зылди Дзӕрӕх йӕ хӕрӕгмӕ. Афойнадыл ын лӕвӕрдта холлаг, дон, йӕ бын ын сыгъдӕг кодта. Ӕнӕхъуаджы йыл тызмӕг хъӕр дӕр никуы скодта, цӕвгӕ нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ йыл уымӕн афтӕ ӕнувыд уыди хӕрӕг дӕр. Ӕнӕ Дзӕрӕх нӕ фӕрӕзта. Сыхӕгтӕ дзы арӕх куырдтой хӕрӕг. Чи дзы фаджыс ласта, чи куыроймӕ — ссинаг, чи та — суджы къӕцӕлтӕ. Изӕры-иу ӕй куы ‘рбакодтой, уӕд-иу Дзӕрӕхыл раст, сывӕллонау, бацинтӕ кодта.

Иу заманы сӕ цӕхӕрадоны ныхмӕ доны был хызти, колхозы парторг дӕр уым февзӕрд. Хӕстӕг колхозы бӕхтӕ хызтысты, ӕмӕ бӕхгӕсӕн акӕнын кодта хӕрӕджы колхозмӕ. Бӕхдоны кӕмдӕр хицӕн къуымы уыд иу бынат. Ӕртӕ боны дзы фӕци, стӕй, бӕхтӕн дон дӕтгӕйӕ, хӕрӕг сын феуӕгъд ис ӕмӕ сӕхимӕ слыгъди. Кӕрты дуарӕй куы ‘рбакаст, уӕд Дзӕрӕхы ауыдта ӕмӕ фырцинӕй сгӕппытӕ кодта, фӕстаг къӕхтӕй чъыллипп кодта, уынджырдӕм ныууасыди, стӕй йӕм хӕстӕг бацыд ӕмӕ сысмыстытӕ кодта йӕ уарзон хицаумӕ. Дзӕрӕх ӕм ӕдзынӕг фӕракӕс-бакӕс кодта, армытъӕпӕнӕй йӕ сӕрӕй къӕдзилмӕ ӕрсӕрфтытӕ кодта, йӕ сӕр ын йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ йӕм дзуры:

— Дӕу чи акодта, уый дӕ тӕригъӕд фӕхӕссӕд! Сыдӕй дӕ амардтой, ныр ӕгайтма ралыгъдтӕ… Дзӕрӕхы цӕссыг ӕркалди. Хӕрӕг, цыма, Дзӕрӕхы ӕмбӕрста, уыйау нынкъард. Уый мӕхи цӕстӕй федтон ӕз, уӕд мыл цыди фынддӕсӕм аз. Дзӕрӕх ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ хӕрӕджы фӕстӕ искӕй сӕрвитдзысты, фӕлӕ лӕг зынӕг нӕ фӕци. Исдугмӕ афтӕ дӕр хъуыды кодта, ныууагътой мын мӕ хӕрӕг, зӕгъгӕ. Фӕлӕ… Хъуыддаг уымӕ ӕрцыд, ӕмӕ хӕрӕджы фарст ӕрӕвӕрдтой партбюройы ӕмӕ правленийы иумӕйаг ныхасы. Загътой: — «Абон Дзӕрӕхы хӕрӕг хъуамӕ ист ӕрцӕуа!» ӕрбахуыдтой та Дзӕрӕхы. Ӕмбырды знӕт ныхас уыди. Сӕ кӕрӕдзи ивтой дзурджытӕ, дам-думтӕ стынг сты. Сӕ иутӕ дзырдтой, Дзӕрӕхы хӕрӕг адӕмы зондыл тынг зыны ӕвзӕрырдӕм, зӕгъгӕ. Иннӕ загъта, мах абон афтӕ куы нӕ бакӕнӕм, уӕд адӕм иугай-дыгай ныххӕррӕтт кӕндзысты, ӕмӕ ма уӕд колхоз кӕй хъӕуы. Сӕ ныхӕсты Дзӕрӕхы хӕрӕг стыр политикон фарстытимӕ баст ӕрцыди. Парторг дзырдта: «Ленин ӕмӕ Сталины разамындӕй большевиччытӕ басастой капиталистты ӕмӕ нын сарӕзтой социализм. Иннӕ бӕстӕты дӕр капитализм сӕфты къахыл ныллӕууыди. Социализмы та иунӕгонтӕ хъуамӕ ма уа, Дзӕрӕх, ӕмӕ дзӕбӕхӕй радт дӕ хӕрӕг! Дзӕрӕх мӕстӕй ныттыппыр, ӕппындӕр ницы дзырдта, ӕдзынӕг сӕм касти. Ӕппынфӕстаг загъта: Зӕгъут-ма, хӕрӕг чи дары, уый единоличник у, знаг у?

— Знаг нӕу, фӕлӕ уый капитализмы тӕваг у ӕмӕ адӕмы халы. Нӕ зоныс, капиталисттӕ кълассон знӕгтӕ кӕй сты, уый?!

— Омӕ хӕрӕг капитализмы дӕр ӕмӕ шасиализмы дӕр сугхӕссӕн хӕрӕг у, куыройдзау, ӕндӕр цӕмӕн хъӕуы…

— Дзӕрӕх! Иу цыбыр ныхасӕй, радт ӕй колхозмӕ, ноджы тӕккӕ абон, науӕд… Дӕ зӕрондмӕ дӕр дын нӕ фӕкӕсдзыстӕм!

Рацыди мӕстджынӕй йӕ хӕдзармӕ. Фӕндагыл йӕхицӕн дзурӕгау кодта: «Ай сын цавӕр шасиализм у, хӕрӕгдарӕн кӕм нӕй, уый?» Хӕдзары хӕрӕгӕн холлаг радтынмӕ фӕцис. Уый йӕ хъустӕ схъил кодта ӕмӕ йӕм ныккасти. — Хӕргӕ кӕн, мӕ хур, дӕхи бафсад, ахӕм рӕвдыд колхозы нӕ фендзынӕ, дӕ фӕхъхъау фӕуой, — дзырдта йӕм Дзӕрӕх. Хосы дзӕбӕхӕй йын йӕ раз айдзаг кодта. Зӕрдылдарынӕн ын йӕ барцӕй иу ындзыг ралыг кодта хӕсгардӕй. Ӕрбаста йӕ йӕхи хъисӕй ӕмӕ йӕ къулыл йӕ хуыссӕны сӕрмӕ сауыгъта. Дыккаг бон райсомӕй дуар бахостой колхозы дружинник, йе ‘фцӕгыл фондзӕхстон топп, ӕмӕ къӕнцылары къулер:

— Хицауад нӕ сӕрвыстой, хӕрӕг, дам, ӕд уӕрдон ракӕнут. Дзӕрӕх фӕджих и, зӕхмӕ ныккасти. Кӕддӕр ӕрӕджиау ӕнӕбары загъта: — Иучысыл фӕлӕуут, ныртӕккӕ уын ӕй арӕвдз кӕндзысты. Йӕхӕдӕг мидӕмӕ фӕраст, йе ‘фсинӕн загъта:

— Хъариан, цу, ацамон сын хӕрӕджы дзаумӕттӕ, сӕхӕдӕг ӕй сифтындзӕнт, ӕз уал ауайон. Цӕлхыты къыбар-къыбур ӕм куыд нӕ фехъуыса, афтӕ чъылдыммӕ куыройы нучы ӕрбадти бындзӕфхадыл ӕмӕ ӕнцад касти, куыройы цалх цыренӕй куыд зилы, уымӕ…

***

Цӕрӕнбонты низ цы у, уый зонгӕ дӕр чи нӕ кодта, уыцы Дзӕрӕх амбулаторимӕ цӕуын райдыдта. Хицауады ӕнӕсӕрфат миты тыххӕй йӕ масты дзӕкъул ныттыппыр, хъӕрзы йӕ игӕрӕй. Зылди йӕм фелсыр. Йӕ сӕрӕн нал кодта, фӕстагмӕ къӕхтӕ рӕсийын байдыдтой, сӕ дон тагъди. Фелсыр ӕм ныр йӕхӕдӕг цыди хӕдзармӕ. 1944 азы фӕззӕджы Дзӕрӕх ахицӕн йӕ рухс дунейӕ. Хӕрӕг дӕр уыцы тыхст аз ӕвӕгӕсӕгӕй ӕдде баззад, ӕмӕ йӕ хъӕдрӕбын хизӕнуаты бирӕгътӕ бахордтой…

Кцойты Астемыр, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here