Ӕххуысы къух арфӕйаг у

0
321

Адӕмӕн хорзы бацӕуын, се ‘нтыстджын ахуырӕн ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ кӕнын нӕ фыдӕлтӕм дӕр арфӕйаг хъуыддагыл нымад уыд. Уыцы хорз ӕгъдау фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕй цӕуы, уымӕн хорз ӕвдисӕн дзӕуджыхъӕуккаг амалхъом, хӕдтулгӕты ивӕн хӕйттӕ уӕйгӕнӕн дуканитӕй иуы хицау Сабеты Зауыр.

Коронавирусы низӕй тӕссаг рӕстӕджы уый ӕвӕрӕз ӕмӕ бирӕсывӕллонджын бинонтӕн, Кировы районы газет «Размӕ»-йы редакцийы байуӕрста хойрӕгтӕ.

— Кӕд ныртӕккӕ тыхст уавӕры цӕрӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс ӕмӕ хуыздӕр цардыл ӕууӕнк ма асӕтта. Уыцы хъуыддаджы хъуамӕ кӕрӕдзи ӕнцой балӕууӕм. Мӕ зӕрдӕ дарын, иннӕ амалхъомтӕ дӕр мӕ кӕй бафӕзмдзысты, ӕмӕ ма ацы уӕззау низы аххосӕй тыхст уавӕры чи бахауд, уыцы бинонтӕм кӕй фӕкӕсдзысты, ууыл, — загъта Сабейы-фырт.

Ахӕм ӕххуыс Зауыр фыццаг хатт нӕ кӕны. Йӕ хъӕппӕрисӕй, Кировы районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы ӕххуысӕй ацы аз, 29 августы та ӕхсӕнады ӕргом ӕххуысхъуаг бинонтӕм раздахыны нысанимӕ районы Культурӕйы галуаны кӕрты сарӕзта ирон хъазт.

Къубалты Аркади, Елхоты хъӕу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here