Коронавирусы инфекци парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрӕг адӕмӕн кадджын уавӕры бузныг зӕгъыны тыххӕй Цӕгат Ирыстоны уыдис ӕмбырд. Нӕ республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав схорзӕхджын кодта 30 адӕймагӕй фылдӕр.
Хъуыддаджы бацархайдтой Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, йӕ хӕдивӕг Дзанайты Барис, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан, Дзӕуджыхъӕуы разамынд Икъаты Русланбег ӕмӕ Фӕрниаты Тамерлан. Ӕрбацӕуӕг адӕмӕн арфӕ ракӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд загъта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ кӕддӕриддӕр цӕттӕ уыдысты кӕрӕдзийӕн баххуыс кӕнынмӕ, иумӕйагӕй архайдтой зындзинӕдты сӕрты ахизыныл. Ӕппӕт дуне тӕссаг уавӕры куы бахауд, уӕд медицинон кусджыты ӕмрӕнхъ размӕ рацыдысты бархион ӕххуысгӕнджытӕ ӕмӕ амалхъомтӕ.
— Ӕрӕджы мах паддзахадон хӕрзиуджытӕ радтам республикӕйы медицинон ӕмӕхсӕнады минӕвӕрттӕн. Фӕлӕ сымах ӕнӕрхъуыдыйӕ куыд хъуамӕ ныууадзӕм, бархион ӕххуысгӕнджытӕ ӕмӕ амалхъомтӕ балӕууыдысты карз низимӕ тохы. Кӕд уавӕр тӕссаг уыд, уӕддӕр уе ‘ххуыс фӕхӕццӕ кодтат пенсиисджытӕм, ӕвӕрӕз, бирӕсывӕллонджын бинонтӕм. Уӕхи куыд равдыстат, уымӕ гӕсгӕ сымах стут фӕзминаг, уӕззау рӕстӕг уӕ бон баиу уӕвын, кӕрӕдзи фарсмӕ ӕрлӕууын кӕй у, уый равдыстат. ӕнӕниз, фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын ут, уӕ хъуыддӕгты та ӕнтыстджын, — загъта Битарты Вячеслав.
Грамотӕтӕ ӕмӕ кадджын майдантӕ райстой бархион ӕххуысгӕнджытӕ ӕлдаттаты Алан, Годжыцаты Артур, Иринӕ Гречаная, Хъарданты Тимур, Хъесаты Ирыстон, Цӕллагты Марат, Цориты Цӕрай, Кобесты Алинӕ, нӕ республикӕйы скъоладзауты змӕлды разамонӕг Мӕргъиты Жаннӕ, ӕхсӕнадон организаци «Уӕрӕсе»-йы разамонӕг Владимир Писаренко, бархион ӕххуысгӕнӕг Евгения Полиянц, ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты ӕмсӕрдар Цӕгӕраты Руслан, ӕппӕтуӕрӕсеон ӕхсӕнадон змӕлд «Бархион ӕххуысгӕнджытӕ-медиктӕ»-йы архайӕг Цгъойты Алинӕ.
Бархионтӕн ӕххуысы центры разамонӕг Илаты Батрадзӕн радтой Кады гӕххӕтт ӕмӕ майдан. Майдан «Ирыстоны Намысӕн» радтой куыстуат «ДА»-йы разамонӕг Дмитрий Дюбуа ӕмӕ Мӕздӕджы районы Минӕвӕртты ӕмбырды депутат Юсуп Исаковӕн. Ахъаззаг материалон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Кады грамотӕтӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Дзӕуджыхъӕуы Минӕвӕртты ӕмбырды депутат Джыбылаты Хъазыбегӕн, «СТК-59»-ы генералон директоры хӕдивӕг Хӕдарцаты Зауырбегӕн, хӕрзаудӕн фонд «Хорз уӕвын»-ы разамонӕг Хъуысаты Амырханӕн.
Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕджытӕ радтой амалхъомады ӕмӕхсӕнады минӕвӕрттӕн.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














