Ног амбулатори — Михайловскы хъӕуы

0
370

Знон Михайловскы хъӕуы уыд стыр ӕхсызгон цау, йӕ цӕрджытыл ӕрцыд, рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕмӕ кастысты, уыцы хъуыддаг — байгом цӕхӕртӕкалгӕ ног амбулатори.

Амбулаторийы зӕронд бӕстыхӕй цалцӕггӕнинаг рагӕй уыд, ӕмӕ дзы пайдагӕнӕн куы нал уыд, уӕд ӕрбынат кодта, ӕмбӕлгӕ фадӕттӕ йын кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстыхайы хъӕуы сӕрмӕ ӕмӕ уым куыста фӕстаг ӕртӕ азы. Ныр, хӕрзцыбыр рӕстӕгмӕ, цыппар-фондз мӕймӕ, зӕронд амбулаторийы бынаты арӕзт ӕрцыд дзыхъхъынног бӕстыхай. Ацы ӕхсызгон цауыл куыннӕ цин кодтаиккой Михайловскы  цӕрджытӕ. Сӕ циныл бацин кӕнынмӕ сӕм ӕрцыдысты республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан. Семӕ уыдысты Горӕтгӕрон районы муниципалон сконды сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан, районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг Есиаты Руслан.

Амбулаторийы кусджытӕн, хъӕуы цӕрджытӕн арфӕ ракодта Битарты Вячеслав:

— Михайловскы хъӕу у егъау, цӕры дзы тынг бирӕ адӕм, уыдонӕн аккаг социалон объекттӕ куы нӕ уа, уӕд цард размӕ нӕ цӕуы. Дыууӕ азы размӕ ацы ран фӕзынд ног Культурӕйы хӕдзар. Уӕдӕ дыууӕ къуырийы размӕ ахӕм амбулатори байгом кодтам ӕрхонкӕйы, къуыри раздӕр та — Мӕздӕджы районы, Хъызлары. Афӕдзы дӕргъы республикӕйы фӕзынд 40 ног фелсырон-акушерон пункты. Бындурон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ хӕстӕгдӕр рӕстӕг райдайдзысты Октябрыхъӕуы поликлиникӕйы. Ӕппӕт уыдӕттӕ сты не ‘нӕниздзинад хъахъхъӕнынады къабазы размӕцыды къӕпхӕнтӕ. Канд медицинӕйы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт социалон къабӕзты дӕр абон арӕзт цӕуынц бирӕ объекттӕ республикӕйы алы районты. Ӕппӕт уыдӕттӕ къухы ӕфтынц федералон центры ӕххуысӕй. Комкоммӕ нӕ бӕстӕйы президент Владимир Путины хъӕппӕрисӕй ӕртӕ азы размӕ арӕзт ӕрцыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон райрӕзты программӕ, ӕмӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр арӕзт цӕуынц уыцы программӕмӕ гӕсгӕ. Сӕрмагондӕй ын радих кодтой фараст миллиард сомы. Уый бӕрц федералон бюджетӕй хицӕнӕй лӕвӕрд цӕуы ӕрмӕстдӕр Беслӕнӕн, сӕрмагондӕй фидаргонд чи ӕрцыд, йӕ райрӕзты уыцы программӕйы нысантӕ сӕххӕст кӕнынӕн. Республикӕйы разамынды ‘рдыгӕй зӕрдӕ ӕвӕрын, медицинон ӕмӕ ӕндӕр социалон къабӕзтӕ размӕ цӕмӕй ӕнтыстджынӕй цӕуой, уымӕн дарддӕр дӕр кӕй ницы ӕвгъау кӕндзыстӕм — нӕдӕр финансон фӕрӕзтӕй, нӕдӕр ӕрыгон дӕсны дохтыртӕ цӕттӕ кӕнынӕй. Медицинон кусджытӕй та домӕм ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг — рынчынтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ахаст ӕмӕ лӕмбынӕг цӕстӕнгас. Ӕнӕниз ут, уӕ ног бынат фӕрнджын уӕд ӕмӕ уӕ рынчынтӕ арфӕйагӕй сӕ хӕдзӕрттӕм здӕхӕнт.

Йӕ хъомысмӕ гӕсгӕ иу сменӕмӕ амбулатори лӕггад кӕндзӕн сӕдӕ адӕймагӕн. Медицинон кусӕндоны сӕйраг дохтыр Саулохты Андрей куыд радзырдта, афтӕмӕй дзы кусы цыппар терапевты, стӕй сывӕллӕтты дохтыртӕ — дыууӕ. Ис сӕм хицӕн специалисттӕ дӕр — эндокринолог, гинеколог ӕмӕ дӕндӕгты дохтыр. Сӕ куыст кӕндзысты, дыууӕ рынчынӕн бынат кӕм ис, ахӕм боныгон стационар дӕр.  Михайловскы  цӕрджыты нымӕц хӕццӕ кӕны 11 минмӕ, ӕмӕ, Саулохы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн амбулаторийы авналӕнтӕ сты фаг.

ДЕДЕГКАТЫ Зӕлинӕ

Къамтӕ систа Къӕбысты Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here