Фыццаградон цӕстдард — куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ

0
247

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав цы кусӕг ӕмбырд сарӕзта, уым ныхас цыд, фыццаградон национ проекттӕ ӕмӕ паддзахадон программӕты фӕлгӕты нысангонд мадзӕлттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, ууыл. Республикӕйы разамонӕг профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ подрядон организациты минӕвӕртты ӕргом аздӕхта аразинаг ӕмӕ цалцӕггӕнинаг объекттыл куысты хӕрзхъӕддзинадмӕ.

Битары-фырт йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ныртӕккӕ Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы районты национ проекттӕ ӕмӕ сӕрмагонд федералон программӕты фӕлгӕты арӕзт ӕмӕ цалцӕг цӕуынц бирӕ ахсджиаг социалон объекттӕ — рӕвдауӕндӕттӕ, скъолатӕ, амбулаторитӕ, рынчындӕттӕ, Культурӕйы хӕдзӕрттӕ, спортивон залтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕппӕт уыцы куыстытӕн нысангонд ӕрцыд 6 миллиард сомӕй фылдӕр. Битарты Вячеславы хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы объекттӕм цӕстдарӕг ведомствӕтӕ ӕмӕ службӕты сӕйрагдӕр хӕс у бӕстон кӕсын куыстыты хӕрзхъӕддзинадмӕ, подрядон организацитӕ та хъуамӕ афойнадыл ӕххӕст кӕной химӕрайст хӕстӕ.

— Уыцы ахсджиаг объектты арӕзтады цы иуӕй-иу лыггӕнинаг фарстытӕ сӕвзӕры, уыдон ӕнӕкъуыхцыйӕ иуварс кӕнын не ‘ппӕты бӕрны дӕр ис. Фыццаградон национ проекттӕ ӕмӕ паддзахадон программӕты мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынӕн федералон центр цы стыр фӕрӕзтӕ дих кӕны, уыдон хъуамӕ хӕдзардзинӕй ӕмӕ сӕ нысаныл афойнадыл хардзгонд цӕуой. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ цалынмӕ объект арӕзт цӕуа, уӕдмӕ йӕм контролгӕнӕг оргӕнты ‘рдыгӕй фаг цӕстдард нӕ вӕййы, подрядчикмӕ куыстыты хӕрзхъӕддзинады тыххӕй фарстытӕ ничи радты. Объект куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд та дзы аиппытӕ рабӕрӕг кӕнынц, — бафиппайдта республикӕйы разамонӕг.

Битары-фырт комкоммӕ бахӕс кодта цӕстдарӕг оргӕнтӕ ӕмӕ сӕрмагонд республикон штабы уӕнгтӕн, цӕмӕй ӕрвылбоны фӕткмӕ гӕсгӕ ӕмархайд кӕной подрядчиктимӕ, цӕмӕй афойнадыл бӕрӕг ӕмӕ иуварсгонд цӕуой алыхуызон лыстӕг аиппытӕ. Республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, национ проекттӕ ӕмӕ сӕрмагонд федералон программӕтӕ ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Президент Владимир Путин бӕлвырд нысантӕ сӕвӕрдта регионы размӕ, ӕмӕ уыцы хӕстӕ хъуамӕ бӕстон ӕххӕстгонд ӕрцӕуой.

Уӕрӕсейы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕрты министрады РЦИ-Аланийы Сӕйраг управленийы минӕвӕрттӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ӕрӕджы сӕрмагонд цӕстдарӕн мадзӕлттӕ сарӕзтой, ныридӕгӕн эксплуатацимӕ цы 22 алыхуызон социалон объектты радтой, уыдоны. Министрады специалистты хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, уӕлдӕр амынд объекттӕй 15 кусӕндоны уавӕр дзуапп дӕтты ӕппӕт техникон домӕнтӕн дӕр. Иннӕ объекттыл дарддӕр архайд цӕуы.

Ӕмбырды рӕстӕг куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй иуӕй-иу къуыхцытӕ ис, аразджытӕ ныртӕккӕ цы объекттӕм бавнӕлдтой, уыдоныл куыстыты дӕр. Зӕгъӕм, подрядон организацитӕй кӕцыдӕртӕ куыстыты графиктӕй фӕиппӕрд сты. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, Битарты Вячеслав профилон ведомствӕты разамонджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной иудадзыгон инспекцион балцыты график. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, алкӕцы инспекцион балцы фӕстӕ дӕр хъуамӕ арӕзт цӕуа, бӕрӕггонд аиппыты номхыгъд ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны ӕмгъуыдтӕ бӕстон фыст кӕм уой, ахӕм суагъӕ. Ацы куысты сӕйрагдӕр хъуамӕ суа ахӕм нысан — иу кӕнӕ иннӕ объект эксплуатацимӕ хъуамӕ лӕвӕрд цӕуа ӕнаиппӕй.

Ныхасы видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы архайдтой подрядон организациты разамонджытӕ дӕр. Уыдонӕй иуӕй-иутӕй республикӕйы Сӕргълӕууӕг карзӕй бадомдта, цӕмӕй химӕрайст хӕстӕ афойнадыл ӕххӕст кӕной. Зӕгъӕм, ӕрыдоны спортивон комплексы арӕзтад кӕй бӕрны ис, уыцы подрядон компанийы разамонӕг къуыхцыты аххосагӕн ӕрхаста ахӕм ӕфсон, ома, кусӕг тых нӕ фаг кӕны.

— Сымахӕй алчидӕр хъуамӕ бӕстон ӕмбара, уыцы объекттӕ республикӕйӕн цас ахсджиаг сты, уый. Ӕппӕт куыстытӕ дӕр хъуамӕ ӕххӕстгонд цӕуой афойнадыл, уыимӕ, ӕнаиппӕй, — подрядон организациты разамонджытӕн ахӕм амынддзинад радта Битарты Вячеслав.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here