Ныхас — Къостайы сфӕлдыстады ахадындзинадыл

0
255

Культурӕйы министрады ӕмбырдтӕ аразӕн залы уыд РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл наукон-рухсадон центры иумӕйаг ӕмбырд.

Амыдтой йӕ Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн ӕмӕ Къостайы номыл ӕхсӕнады сӕрдар, профессор Ӕлборты Иван. Архайдтой дзы ӕмӕ поэты ӕнӕмӕлгӕ сфӕлдыстадӕн цы ахадындзинад ис, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы, сфӕлдыстадон ӕмӕ зонадон интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, Хуссар Ирыстоны, Стъараполы, Кисловодскы, Къостайыхъӕуы (Лабӕйы) цы ирӕттӕ цӕры, уыдон.

Ӕмбырды райдайӕны РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы сӕйраг консультант Бигъуылаты Людмилӕ бакаст, ӕмбырды архайджытӕм нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады Администрацийы сӕргълӕууӕг Челӕхсаты Рустем цы арфӕйы тел ӕрбарвыста, уый. Уым загъд ис: «Нӕ зын дуджы Къостайы ном мысын, йе сфӕлдыстадимӕ йын алы фӕлтӕрты минӕвӕртты зонгӕ кӕнын,уарзын сын ӕй кӕнын у нӕ раззагдӕр сфӕлдыстадон интеллигенцийы арфӕйаг ӕмӕ ахсджиаг хӕс».

Поэтӕн Хуссар Ирыстоны цы аргъ кӕнынц, йе сфӕлдыстадон бынтимӕ республикӕйы цӕрджыты куыд зонгӕ кӕнынц, уый тыххӕй мидисджын ныхас ракодта Хуссар Ирыстоны минӕвар Хъуылымбегты Доменти.

— Къостайы фарныл мах хъуамӕ ахуыр кӕнӕм нӕ фӕсивӕды. Уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ уыдонӕй бирӕтӕ адзӕгъӕл сты аслам монцты, сайд ӕмӕ мӕнг фӕндагыл, — йӕ раныхасы загъта Цӕгат Ирыстоны адӕмон поэтессӕ Гуырдзыбеты Иринӕ. Уый фӕстӕ бакаст йӕхи фыст цалдӕр ӕмдзӕвгӕйы.

— Къостайы «Ирон фӕндыр» у ирон царды энциклопеди, йӕ ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг» та ссис нӕ нацийы иумӕйаг, йӕ иугӕнӕг, цардмӕ ӕмӕ рухсмӕ хонӕг гимн. Хъуамӕ йӕ цардӕй ӕмӕ сфӕлдыстадӕй дӕнцӕг исын зонӕм. Уымӕн ӕмӕ нын йӕ ном у фӕндагамонӕг стъалыйы хуызӕн. Ууыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм нӕ кӕстӕрты, — ахӕм уыд йӕ хъуыды газет «Рӕстдзинад»-ы хайады сӕргълӕууӕг Цгъойты Хазбийӕн.

Нӕ номдзыд поэт сабитӕн цы ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста, сӕ ахадындзинад ӕмӕ сӕ хъомыладон нысан цавӕр у, стӕй йын йе сфӕлдыстад йе скъолайы бонтӕй куыд бирӕ уарзы, ууыл уыд йӕ ныхас, рауагъдад «Ир»-ы редактор Будайты Милусяйӕн.

— Цалдӕр азы ӕз фӕсарӕйнаг ахуыргӕндтимӕ архайдтон Къостайы сфӕлдыстадон бынтӕ ӕндӕр адӕмты ӕвзӕгтӕм раивыныл. Йе ‘мдзӕвгӕты сӕрмагонд ӕмбырдгонд рухс федта фарон, поэты райгуырдыл 160 азы юбилеймӕ,— загъта йӕ раныхасы газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор, литературӕиртасӕг Хозиты Барис. Куыд ма бафиппайдта, афтӕмӕй Къостайы тыххӕй алы рӕстӕджыты нӕ драматургтӕ цы пьесӕтӕ ныффыстой, уыдонӕй Ирон театры сценӕйы фӕстаг рӕстӕг ницавӕр уацмыс ӕвӕрд ӕрцыд. Уымӕй уӕлдай ма Хозийы-фырт лӕмбынӕг ӕрдзырдта, Къоста цы кӕмтты уыд, уыдоны тыххӕй нӕ зындгонд фысджытӕ цы мысинӕгтӕ ныффыстой, уыдоныл, стӕй загъта йӕ фӕндон, Нары поэты райгуырӕн бон ӕрвылаз бӕрӕг кӕныны тыххӕй.

— Поэты цыртдзӕвӕн Дзӕуджыхъӕуы Сабырдзинады проспектӕй 13-ӕм астӕуккаг скъолайы кӕртмӕ рахӕссыны ӕмӕ йын йӕ хӕдзар-музей фӕуӕрӕхдӕр кӕныны фӕдыл йӕ хъуыдытӕ загъта РЦИ-Аланийы Парламенты депутат, ӕхсӕнадон архайӕг Уататы Зелим. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырды Къостайы тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдар Кучиты Руслан, РЦИ-Аланийы Фысджыты цӕдисы сӕрдары хӕдивӕг, журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг редактор Скъодтаты Эльбрус, Хетӕгкаты мыггаджы минӕвар Мурат, Лабӕйы хъӕуы хицау Хъӕрджынты Арсен ӕмӕ иннӕтӕ. Поэты номыл цы мадзӕлттӕ аразынц, уыдоныл лӕмбынӕг ӕрдзырдтой Стъараполы, Кисловодскы, Пятигорскы минӕвӕрттӕ.

Ӕмбырды кӕрон йӕ архайджытӕ рахастой уынаффӕ Хетӕгкаты Къостайы царды ӕмӕ сфӕлдыстадон архайды тыххӕй зындгонд фысджыты ӕмӕ ахуыргӕндты уацты ӕмбыргонд рауадзыны, Къостайы номыл наукон-рухсадон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕн Лабӕйы, Кисловодскы, Стъараполы цӕрӕг ирон адӕмимӕ иумӕйаг фембӕлдтытӕ саразыны фӕндӕттӕ.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here