Ныхас Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон рӕзтыл

0
368

Знон Цӕгат Ирыстонмӕ кусӕг балцы ссыд УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — УФ-йы Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Хурыскӕсӕйнаг федералон зылды Юрий Трутнев. Федералон Хицауады минӕварӕн Дзӕуджыхъӕуы цы фембӕлдтытӕ уыд, уым бӕстон ныхас рауад республикӕйы дарддӕры социалон-экономикон райрӕзтыл.

Афтӕ, боны фыццаг ӕмбисы Юрий Трутнев ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав Алагиры районы бабӕрӕг кодтой, фидӕны курорт «Мамысон» кӕм ӕрбынӕттон уыдзӕн, уыцы ком.

Республикӕйы разамонӕг ӕмӕ профилон ведомствӕты минӕвӕрттӕ Юрий Трутневӕн бӕстон радзырдтой курорты проекты тыххӕй. Специалисттӕ хорз аргъ скодтой, Мамысоны комы хӕстӕг рӕстӕг цы стыр хӕххон-рекреацион комплекс фӕзындзӕн, уымӕн. Афтӕ, сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, 2022 азы кӕронмӕ уыцы курорты хъуамӕ фӕзына 2000 кусӕн бынаты. Уыцы ӕууӕл, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зынгӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн ӕгуыстдзинады къӕпхӕны ӕмвӕзад, хорзӕрдӕм сахаддзӕн республикӕйы иумӕйаг социалон-экономикон уавӕрыл. Курорты ӕппӕт объекттӕ дӕр арӕзт куы ӕрцӕуой, уӕд та дзы хъуамӕ уа 3500 кусӕн бынаты бӕрц.

Федералон Хицауады минӕварӕн радзырдтой, Мамысоны комы цы зындгонд минералон донгуырӕнтӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Тибы дӕтты хъомыс сӕдӕгай азты зындгонд у. Туристтӕн, ӕнӕмӕнг, цымыдисаг уыдзысты, комы цы бирӕ историон ӕмӕ археологион цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдон дӕр.

Курорты арӕзтады фыццаг къӕпхӕн райдайыны фӕдыл цы организацион мадзӕлттӕ цӕуы, уый тыххӕй уыд йӕ ныхас Битарты Вячеславӕн. «Уӕрӕсейы Хицауады уынаффӕйӕ 2021-2023 азты федералон бюджеты сӕрмагонд фӕрӕзтӕ нысангонд ӕрцӕудзӕн «Мамысон»-ы арӕзтадӕн. Уымӕй уӕлдай, инвестицион компанитӕ цӕттӕ сты фидӕны курорты арӕзтадӕн 10 миллиард сомы радих кӕнынмӕ», — бафиппайдта Битарты Вячеслав.

Ацы ӕмӕ иннӕ ахсджиаг фарстытыл ныхас адарддӕр, Хицауады хӕдзары цы уӕрӕх ӕмбырд уыд, уым.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here