Бестауты фондз ӕдзард хӕстон ӕфсымӕры

0
246

 

Гуырдзыстоны Гуры районы уыдис ирон хъӕу — Сырхыхъӕу. Гуырдзиӕгтӕ йӕ хуыдтой Цители-убани. Гурӕй уыдис 12 километры ӕддӕдӕр.

Царди дзы бирӕ ирон мыггӕгтӕ: Дудайтӕ, Букылтӕ, Бестаутӕ, Къусратӕ, Уалытӕ, Туатӕ, Чысиатӕ, Гуыдитӕ, Мӕргъитӕ, Къӕдзилтӕ, Куыдзетӕ, Голотӕ, Хъӕцлӕутӕ, Кӕрчитӕ, Хуритӕ, Нарикъатӕ, Елдзартӕ, Болататӕ, Мӕхъитӕ. Цардысты ӕнгом, кӕрӕдзийӕн аргъгӕнгӕйӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ. Уыдысты куыстуарзаг ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттыл хӕст.

Сырхыхъӕуы цӕрджыты Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст ӕрӕййӕфта сӕ иумӕйаг бӕрӕгбон Дауджытӕ сӕ хуынд адӕмимӕ бӕрӕггӕнгӕйӕ. Уыцы бон-иу хъӕу дзаг уыд цин ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинадӕй. Бӕрӕгбоны фынгтӕм хуыдтой ӕрмӕст кӕрӕдзи нӕ, фӕлӕ ма дард хӕстӕджытӕ ӕмӕ хӕлӕртты дӕр.

1930 азы Сырхыхъӕуы йӕ мадимӕ ӕрцард мӕ мады фыд Бестауты Лексо. Ардӕм ӕрбалыгъд Хуссар Ирыстоны Хелцуайы хъӕуӕй. Мӕ мадӕн уыдис фондз ӕфсымӕры ӕмӕ иу хо Аничка. Хӕст куы райдыдта, уӕд ӕфсымӕртӕй Шави ӕмӕ Зарбеджы 1942 азы январы кӕрон акодтой. Иннӕ ӕртӕ ӕфсымӕры Гоги, Уанез ӕмӕ Гигомӕ дӕр Гуры ӕфсӕддон комиссарадмӕ фӕсидтысты чысыл фӕстӕдӕр.

Шави ӕмӕ Зарбег хӕсты быдырӕй сӕрвыстой дыгай фыстӕджытӕ Белоруссийы фронтӕй. Гоги, Уанез ӕмӕ Гигойӕ та ссыд фӕйнӕ фыстӕджы. Фыстой Украинӕйы фронтӕй. Уый фӕстӕ сӕ ницыуал хабар уыд. ӕрмӕст 1943 азы кӕрон бинонтӕ сау гӕххӕттытӕ райстой Шави ӕмӕ Зарбегӕй.

1968 азы ӕз мӕ мады фондз ӕфсымӕры хъысмӕт базоныны тыххӕй куырдиат ныффыстон Мӕскуыйы Центрон ӕфсӕддон архивмӕ. ӕртӕ мӕйы фӕстӕ мӕм ссыд ахӕм дзуапп: «Шави ӕмӕ Зарбег фӕмард сты Днепры сӕрты хизгӕйӕ». Гоги, Уанез ӕмӕ Гигойы хъысмӕты фӕдыл ницы фехъусын кодтой. ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты.

Уанез ӕмӕ йӕ цардӕмбал Аннӕ хӕсты размӕ ахуыргӕнджытӕй куыстой Ленингоры райдайӕн скъолайы… Цот сын нӕ уыд. Иннӕ цыппар ӕфсымӕрӕй алкӕмӕн дӕр баззад цот. Шавийӕн ӕртӕ чызджы ӕмӕ иу лӕппу Тенгиз, иннӕ ӕфсымӕртӕн сты ӕртыгӕйттӕ. Сӕ фылдӕр сӕ цотимӕ цӕрынц ам, Цӕгат Ирыстоны.

Бестауты фондз хӕстон ӕфсымӕры, Шави, Зарбег, Гоги, Уанез ӕмӕ Гиго, сӕ цард радтой бӕсты сӕрвӕлтау! Рухсаг уӕнт. Сӕ ном рох никуы уыдзӕн сӕ цот ӕмӕ цоты цотӕй, мыггаг ӕмӕ хӕстӕджытӕй.

Къусраты Чермен, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here